Рæхджы нæ республикæйы скъолаты айзæлдзæн фыццаг дзæнгæрæг. Республикæйы скъоладзау фæсивæдæн Зонындзинæдты бон нырæй фæстæмæ официалонæй нысан цæудзæнис 5-æм сентябры. Ног ахуыры азмæ сæхи цæттæ кæнынц куыд ахуыргæнджытæ, афтæ ныййарджытæ æмæ ахуыргæнинæгтæ. Цалцæггæнæн æмæ æфснайæн куыстытæ цæуынц скъолаты æмæ скъолайы кары агъоммæйы уагдæтты.

Нæ республикæйы ахуырдзау фæсивæд цæмæй æмбæлон æмвæзадыл ахуыр кæной, уый тыххæй республикæйы къухдариуæгад райсынц сæрмагонд мадзæлттæ. Уый, фыццаджыдæр, хауы Ахуырад æмæ зонады министрадмæ. Уыдонæй стыр хъусдард здæхт цæуы рæзгæ фæлтæрмæ, цæмæй ахуырады системæ размæ цæуа æмæ ныры домæнтæн дзуапп дæтта. Уый тыххæй æрвылаз дæр республикæйы педагогон коллективтимæ бацæттæ кæнынц æмæ ауадзынц августы æрвылазон ахуыргæнджыты конференци дæр, цыран рæгъмæ рахæссынц бирæ алыгъуызон скъуыддзагкæнинаг фарстытæ.

Ныртæккæ уал нæ республикæйы Ахуырад æмæ зонады министрады раз цы фарстытæ лæууы æмæ сæ куыд скъуыддзаг кæнынц, ног ахуыры азмæ куыд цæттæ сты æмæ сæм цы ног ивындзинæдтæ ис, уыдоны базоныны сæраппонд Информаци æмæ мыхуыры комитеты пресс-центрмæ 22-æм августы хуынд æрцыдысты уæлдæр банысангонд министрады министры хæдивджытæ Гаглойты Элиса æмæ Лолаты Аслан. Гаглойты Элиса пресс-конференцийы йæ бацæуæн ныхасы банысан кодта, министрадæн сæрдыгон рæстæг дæр улæфт кæй нæ вæййы æмæ æдзухдæр кæй вæййынц сæ куысты уæлхъус.

«Афтæ зæгъæн ис, æмæ мах æндыгъд режимы кæй феххæст кæнæм министрады сæйраг хæс цы вæййы, уый – ног ахуыры азмæ цæттæгæнæн куыстытæ. Фæнды мæ зæгъын уый, æмæ нæ куысты пъланмæ цыдæриддæр мадзæлттæ бахастам, уыдоны нымæцы цалцæггæнæн куыстытæ, уыдон ныртæккæ сты фæуынхъус. Нæ сывæллæттæ бацæудзысты сыгъдæг æмæ райдзаст ахуырадон уагдæттæм, цыран уыдон хъæлдзæгæй райдайдзысты сæ ахуыр. Ацы бонты сæ куыстмæ рахиздзысты республикæйы æппæт скъолаты ахуыргæнджытæ дæр æмæ та æрлæудзысты сæ куысты уæлхъус. Афтæ зæгъæн ис æмæ нæ ахуырады системæ цæттæ кæй у ног ахуыры азмæ», – загъта Гаглойты Элиса.

Уый ма куыд банысан кодта, афтæмæй Хуссар Ирыстоны скъолаты ахуырадон процесс райдайдзæнис 5-æм сентябрæй. Ацы бон развæлгъау бæрæггæнæнтæм гæсгæ æгас республикæйы скъолатæм бацæудзысты 701 фыццагкъласоны. Уый журналистты зæрдыл æрлæууын кодта, ивгъуыд аз нæ республикæйы къухдариуæгады фæндон-мæ гæсгæ ног ахуыры азы райдиан хаст кæй æрцыдис 5-æм сентябрмæ Беслæны трагедийы амæттæгты рухс нæмттæ арыны тыххæй. «Уый уыд тынг раст хъуыддаг. Ивгъуыд аз Президент Бибылты Анатолийы инициативæмæ гæсгæ фæзынд ацы ногдзинад. Мæнмæ гæсгæ,  уый хъуыдис раздæр саразын. Йæ ныхæстæм гæсгæ 3-æм сентябры ахуырады къабазы кусджытæ æмæ ахуыргæнинæгтæ хайад райсдзысты Беслæны трагедийы фæмардуæвджыты номыл уагъдцæуæг фыдохы мадзæлтты, кæцытæ уагъд цæудзысты Цхинвалы.

Пресс-конференцийы уазæджы журналисттæ фыццаг бафарстой, зæгъгæ, ног ахуыры азмæ исты ивындзинæдтæ хаст æрцыдис скъолайон программæмæ æви нæ. Гаглойты Элиса куыд банысан кодта, афтæмæй скъолайон программæйы сæйраг ивындзинæдтæ хауынц национ компонентмæ. «Арæзт æрцыдис ног программæ национ компонентæй. Ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæн чингуытæн бынтондæр ногæй ивд æрцыдысты сæ программæтæ. Ногæй ма арæзт æрцыдысты Хуссар Ирыстоны географи æмæ традицион культурæйы ахуыргæнæн чингуытæ. Ацы предметтæ цæудзысты ног ахуыры азæй. Райдиан кълæстæн дæр арæзт æрцыдис ног программæ. Уыцы хъуыддаджы стыр хайбавæрд бахастой цалдæр авторы Битарты Зояйы къухдариуæгадæй. Ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæн чингуытæй ныридæгæн мыхуыры рацыдысты 5-æм æмæ 8-æм кълæстæн. Æнæуи та хъуамæ мыхуыргонд æрцæуой 1-8-æм кълæстæн æмæ сты мыхуыры процессы уыцы кълæсты чингуытæ дæр. Мæйы фæудмæ хъуамæ иууылдæр рацæуой æмæ сæ уый фæстæ байуардзысты скъолатыл. Ацы ног ахуыргæнæн чингуытæ дзуапп дæттынц нырыккон ахуырадон стандарттæн æмæ зæронд программæ, сæйраджыдæр, ивд æрцыд уый аххосагæн”.

  Дарддæр ма Гаглойты Элиса æрдзырдта Хуссар Ирыстоны историйы ахуыргæнæн чиныджы тыххæй дæр. Йæ ныхæстæм гæсгæ Ахуырад æмæ зонады министрад нырма фæнд кæнынц чиныгыл  кæронмæ бакусын. Хъæуы Цæгат Ирыстон-Аланиийы коллегæтимæ иууон ахуыргæнæн чиныг саразын. «Президент Бибылты Анатолиимæ нын фæстаг хатт кусæгон æмбырд куы уыдис, уæд ныхас кодтам ацы фарсты фæдыл. Бæстæйы сæргълæууæг уæд загъта, зæгъгæ, ирон адæмæн йæ истори у иу æмæ ахуыргæнæн чиныг дæр дыууæ Ирыстонæн иу хъуамæ уа. Ныр нæ разы лæууы ахæм хæс æмæ нæ цæгаттаг коллегæтимæ хъуамæ бакусæм ацы фарсты фæдыл», – зæгъы Гаглойты Элиса.

Лолаты Аслан та журналисттæн радзырдта ацы аз республикæйы ахуырадон уагдæттæ сцалцæг кæныны хъуыддагæн цавæр æхцайы фæрæзтæ рахицæнгонд æрцыдис æмæ дзы ныридæгæн куыстытæ кæмыты цæуынц, уыдæтты тыххæй. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй республикæйы горæт æмæ районты администрацитæн ис уыцы фадат æмæ хæс, цæмæй ахуырадон уагдæттæн æххуыс кæной. «Æппæт скъолатæ æмæ сывæллæтты цæхæрадæтты цал-цæггæнæн куыстытæ феххæст кæныц, кæцы районы кæнæ горæты администрацийы балансыл фæлæууынц, уыдон цæрæнуатон-ком-муналон хæдзарады фæрæзтæй. Уыцы фæрæзтæ та сын хаст сты сæ куысты планмæ æмæ æххæстгонд цæуынц алы аз дæр. Ацы аз Ахуырады министрадæн рахицæнгонд æрцыдысты æхцайы фæрæзтæ цыппар милуан æмæ æртæсæдæ мин сомы бæрц, кæцытæ нысанмæздæхтæй цæуынц хардзгонд цалцæггæнæн куыстытæн. Ацы æхцайы фæрæзтæн се рдæг бахардз уыдзæнис Ленингоры районы сывæллæтты хæдзарыл. Ам уый размæ цы куыстытæ хъуамæ бакодтаиккой, уыдон кæронмæ не ‘рцыдысты арæзт æхцайы фæрæзтæ фаг кæй нæ уыдис, уый тыххæй. Уыцы ‘хцайы фæрæзтæй ма цы баззад, уыдонæй та план кæнæм Колыты Аксойы номыл аивæдты лицей, Цхинвалы бирæпрофилон колледж æмæ скъола «Альбион» сцалцæг кæнын. Куыстытæ нырма цæуынц, фæлæ нæ бахъыгдардзысты ахуыры процесс», – загъта Лолаты Аслан.

Пресс-конференцийы ма дзырд цыдис скъолаты ахуырдзау фæсивæды хæлцæй ифтонг кæныны фарстыл дæр. Кæд раздæр паддзахадон скъолаты ахуыргæнинæгтæн урокты æхсæн улæфты рæстæджы лæвæрдтой адджын гуылтæ, уæд ацы аз сæ хæрды хъуыддаг фæхуыздæр. Сывæллæтты хæрды менюмæ ма бафтыдтой кæрдзын нæлхæимæ, фых рæвдуан, кекс, рулет, кисель, цай æмæ компот.

Гаглойты Элиса ма радзырдта мобилон телефонтæ сывæллæттыл куыд æндавынц æмæ   уыдон скъоладзаутæй райсын æмæ сæ хицæн бынæтты сæвæрыны фæтк.

Уæрæсейы Федерацийы 2020 азы иухуызон скъолайон формæ кæй хъуамæ райдайой дарын, уый фæдыл журналисттæ бацымыдис кодтой, зæгъгæ, нæ республикæйы та ацы фарсты фæдыл цы фæнд кæнынц. Гаглойты Элисæ, загъта, зæгъгæ, уый принципиалон нæу. «Сæйраг у, цæмæй ахуыргæнинæгтæ скъоламæ цæуой скъолайон дарæсы æмæ сын цы хуызæн хъуамæ уа, уый та æвзарынц педагогон совет ныййарджытимæ иумæ», – загъта уый.

Пресс-конференцийы ма Гаглойты Элиса журналисттæн фехъусын кодта ацы аз сæ скъолаты кæй фæнды æрбиноныг кæнын сывæллæтты организаци «Раззагонтæ». «Ацы организаци саразын  уыдис æнæмæнгхъуыддаг æмæ йæ цард дæр равдыста.

Æмткæй республикæйы скъолатæ ног ахуыры азмæ куыд ифтонг сты æмæ цавæр пробле-мæтыл æмбæлынц, уый тыххæй фарст æвæрд цыдис пресс-конференцийы. Иумиагæй куыд банысанчындæуыд, афтæмæй ахуыргæнæн чингуытæй скъолатæ фылдæрбæрцæй сты ифтонг. Ахуырады министрад ныр 3 азы бæрц иуварс кæнынц ацы проблемæтæ. Ацы хъуыддаг дæр баст у финанстимæ æмæ, зæгъгæ, куыд нæ бон у, уымæй архайæм ацы фарстыл. «Ивгъуыд аз горæты скъолаты хистæр кълæстæ не ‘рцыдысты ифтонг чингуытæй æмæ ныр та æрцыдис уыдон рад. Мæнмæ гæсгæ, чингуытæй дæр уыдзыстæм ифтонг», – зæгъы Гаглойты Элиса.

Нарты кадджытæ скъолайы программæмæ ба-хæссыны фæнд кæнынц Ахуырады министрады æви нæ, уый тыххæй бацымыдис кодтой журналисттæ. Ацы фарсты фæдыл Гаглойты чызг куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ ныртæккæ ногæй кæй раивтой, уыцы ирон литературæйы ахуыргæнæн чингуыты программæимæ лæмбынæг зонгæ нæу, фæлæ сæ куыд хицæн предмет, афтæ дæр нæ ахуыр кæнынц. Уый ма куыд загъта, афтæмæй нарты кадджытæ уæлæмхас-ахуыр кæнынæн скъолаты æппындæр ничи хъыгдары.

Журналисттæ ма бацымыдис кодтой ахуыр-гæнджыты куыстмызд астæуккаг нымадæй цас у, уымæ дæр, уый тыххæй министрады минæвар загъта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны 12-æм категори кæмæн снысан кæнынц, уыцы педагогтæ ныртæккæ исынц 15,6 мин сомы бæрц. Уыимæ иумæ ахæм категориимæ ахуыргæнæг дæрдтаг хъæуты куы куса, уæд ма уæлæмхас йæ куыст-мыздмæ бафты 50 проценты бæрц. Дæрдтаг хъæуты ахуыргæнджытæн бынаты арæзт цæуынц æппæт уавæртæ дæр цæрынæн. «Мах ба-дзурæм районы къухдариуæгадимæ транспорт æмæ цæрæнбынаты тыххæй æмæ сæм фæкæсынц, уымæн æмæ фылдæр сæхи фæхъæуы ахуыргæнджыты сæр. О, фæлæ уæддæр æнцонтæй не ссарæм дæрдтаг хъæутæм кусынмæчи ацæуа, ахæм ахуыр-гæнджыты. Алкæй нæ фæфæнды. Нæхæдæг дæр алкæй нæ арвитдзыстæм, уымæн æмæ абон дзырд цæуы  нæ ахуырады гъæд фæбæрзонддæр кæныныл. Зæгъæм, мах агуырдтам англисаг æмæ немыцаг æвзæгты специалистты æмæ не ссардтам», – катайгæнгæ зæгъы Гаглойты чызг.

Пресс-конференцийы ма дзырд цыдис нæ республикæйы иууыл къаддæр ахуыргæнинæгтæ кæм ис, æмæ ахуыргæнджытæ та æнæхъæн штатыл кæм кусынц, уыцы скъолатæ сæхгæныны æввонг кæй сты, фæлæ та сæ уавæры кæй бацæуынц. Уыдонмæ хауынц Хелцуа, Ахмадз æмæ Абреуы скъолатæ. Зæгъæм, Ахмадзы скъолайы æрмæстдæр ис иунæг ахуыргæнинаг, Абреуы æмæ Хелцуайы та фæйнæ дыууæ ахуыргæнинаджы. Элисайы ныхæстæм гæсгæ, ахæм скъолатæ сæхгæнын у проблемон –  иуæй ныййарджытæ хъаст кæнынц сæ сывæллæттæн сæ ахæм ахуырад райсын кæнын кæй нæ фæнды æмæ разы сты æндæр скъолатæм сæ акæныныл. Фæлæ иннæрдыгæй та ахуыргæнджыты нæ фæнды сæ куысты бынæттæ фесафын.

Пресс-конференцийы ма Ахуырады министрады минæвармæ лæвæрд æрцыдис къорд фарсты, уыдон нымæцы хæрзæгъдауон хъомылады тыххæй, иууон паддзахадон фæлварæны æмæ æндæр скъолайон фарстыты фæдыл. Гаглойты Элисæ радзырдта, министрад цы куыст кæны скъоладзау фæсивæды хæрзæгъдауон хъомылады тыххæй æмæ загъта уый тыххæй бирæ мадзæлттæ арæзт кæй фæцæуы. Иууон паддзахадон фæлварæны тыххæй та загъта æнæ уымæй дæр нæ республикæйы рауагъдонтæн мидæггагон фæлварæнты руаджы фадат кæй ис Уæрæсейы Федерацийы æндæр æмæ æндæр уæлдæр ахуыргæнæндæттæм бацæуын. Кæд æмæ рауагъдонæн йæхи фæнда ацы фæлварæн радтын, уæд мах баныхас кæнæм нæ цæгаттаг коллегæтимæ, цæмæй радтой иууон паддзахадон фæлварæн.

Цхуырбаты Лариса

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.