Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы минæварады уынаффæгæнæг Сергей Манько æмæ Консулон хайады сæргълæууæг Сергей Алексеев РХИ-йы Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты пресс-центры брифингы рæстæджы дзыллон информацион фæрæзты минæвæрттæн радзырдтой, Уæрæсейы Федерацийы президентон æвзæрстытæм цæттæгæнæн куыстытæ  Хуссар Ирыстоны территорийыл куыд цæуынц, Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы минæварад уый тыххæй цы куыст кæны, æппæт уыдæтты фæдыл.

Сергей Манько куыд радзырдта, афтæмæй Уæрæсейы Федерацийы Централон æвзарæн къамисæй цы специалисттæ æрцыд, уыдон семинартæ ауагътой, Хуссар Ирыстоны территорийыл арæзтæрцæуæг æвзарæн фадыгон къамисты  сæрдæрттæн. Семинарты дзырд цыд Уæрæсейы Федерацийы æвзæрстыты закъондæттынады новацитыл. Йæ ныхæстæм гæсгæ, «Уæрæсейы Федерацийы президентон æвзæрстыты тыххæй» закъонмæ цы бирæ ивындзинæдтæ æмæ баххæстгæнинæгтæ бахаст æрцыд, уыдонимæ лæмбынæг зонгæ хъуамæ уа алы фадыгон къамисы сæрдар дæр.

Минæварады уынаффæгæнæг куыд радзырдта, афтæмæй цæрджыты домæнмæ гæсгæ Хуссар Ирыстоны территорийыл баконд æрцыд дыууæ уæлæмхас фадыджы горæт Къуайсайы æмæ Цхинвалы бирæпрофилон колледжы, иууыл иумæ æвзарæн фадгуытæ сты 13. Æппæт организацион фарстатæ скъуыддзаг æрцыдысты.  Ныртæккæ минæварад æнхъæлмæ кæсы æвзарæн  бюллетентæм.

Республикæ Хуссар Ирыстоны территорийыл 201  цæрæн пункты кæй ис æмæ уыдонæй бирæтæ дæрддаг хæххон бынæтты кæй сты, уый бахынцгæйæ. Скъуыддзаг æрцыд хъæлæсдæттын æмгъуыдæй раздæр – 5 мартæй райдайын раздæр бацæттæгонд графикмæ гæсгæ.

«Æвзæрстыты тыххæй» Уæрæсейы Федерацийы закъонмæ гæсгæ гæнæн ис æмбæстæгтæ хъæлæс дæттын райдайой 15 бон раздæр.

Æмгъуыдæй раздæр хъæлæс дæтдзысты, дæрддаг хъæуты чи цæры, æрмæстдæр уыцы æмбæстæгтæ. Иннæтæ хъæлæс дæтдзысты æвзæрстыты бон – 18 марты, райсомы 8 сахатæй изæры 20 сахатмæ. Æвзарæн фадгуытæм æрцæуын йæ бон кæмæн нæ уа  рынчынтæ, инвалидтæ, ас адæймæгтæ, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветерантæ, уыдонмæ хæдзæрттæм бацæудзысты æвзарæн фадыджы къамисы минæвæрттæ.

Манько куыд банысан кодта, афтæмæй фадыгон æвзарæн къамисы сæрдæрттæ нысан æрцыдысты Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Уæлвæткон æмæ æххæстбарджын минæвары барамындæй æмæ сæ фидар та скодта Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад.

«Фадыгон æвзарæн къамисы сæрдæрттæй нысан æрцыдысты  Уæрæсейы Федерацийы æмбæстæгтæ, кæцытæн закъонмæ гæсгæ ис æрмæстдæр иу – уæрæсейаг æмбæстагдзинад», – фехъусын кодта Сергей Манько.

Æвзарæн фадгуытæ арæзт æрцыдысты январы, ивгъуыд къуыри та арæзт æрцыдысты фадыгон æвзарæн къамистæ. Ныртæккæ æвзарæн къамистæ сæхи цæттæ кæнынц æвзæрстытæм, цæттæгонд цæуы хъæуæг документаци.

Уæрæсейы Федерацийы минæварады уынаффæгæнæг куыд банысан кодта, афтæмæй  Уæрæсейы Федерацийы президентон æвзæрстытæм цæттæгæнæн куыстыты сын стыр æххуыс кæны республикæйы къухдариуæгад, фыццаджы фыццаг та – республикæйы районон æмæ хъæууон администрациты сæргълæуджытæ, æвзарæн фадгуытæ цы ахуыргæнæн æмæ æндæр уагдæтты сты, уыдоны къухдариуæггæнджытæ.

Манько банысан кодта, зæгъгæ, УФ минæварады куырдиатмæ гæсгæ, Уæрæсейы Федерацийы президентон æвзæрстыты бон æвзарæн фадгуыты æдасдзинад сифтонг кæндзысты Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъæнæг органты кусджытæ.

«Мах  хынцæм æдасдзинады фарстатæ æвзæрстыты кампанийы райдианæй фæстæ-мæ, уыцы нымæцы Ленингоры районы дæр. Амæйразмæйы æвзæрстыты рæстæджы æз уыдтæн Ленингоры районы, уæд фадыгон къамисы бæстыхай хъахъхъæдтой ОМОН-ы кусджытæ æмæ дзы æппындæр ницы эксцесстæ уыд. Ныфс мæ ис ныр дæр æппæт дæр ацæудзæн сабырæй», –  бахахх кодта Сергей Манько.

Йæ рады Консулон хайады сæргълæууæг Сергей Алексеев куыд радзырдта, афтæмæй æвзæрстыты бон æвзарæн фадгуытæм æрцæуын хъæуы гоймаг бæлвырдгæнæн документимæ, кæцы бæлвырд кæны уæрæсейаг æмбæстагдзинад. Ахæм документтæм хауынц Уæрæсейы Федерацийы æмбæстаджы паспорт, мидæггагон уæрæсейаг паспорт, фæсарæйнаг паспорт, дипломатон æгъдауæй сфидаргонд уæрæсейаг паспорт. Æмбæстæгтæн сæ бон у хъæлæс радтой «Æрбаздæхæн бæлвырдгæнæн»-æй дæр, ома, гоймаг бæлвырдгæнæн документ чи фесафа, уыдонæн консульствойы лæвæрд цæуы «Æрбаздæхæн бæлвырдгæнæн». Хъæлæс радтыны тыххæй спайдагæнæн ис, йе ‘мгъуыд кæмæн фæцис, уыцы уæрæсейаг паспорттæй дæр. Уæрæсейаг паспорттæ чи нæма райста, уыцы æмбæстæгтæн сæ бон у хъæлæсдæттыны тыххæй спайда кæной 1974 азы хуызæг ССР Цæдисы паспорттæй, кæцыйы ис уæрæсейаг æмбæстагдзинады тыххæй бавæрæн (вкладыш), уыцы паспорты нысан хъуамæ уа Уæрæсейы Советон  Федеративон Социалистон Республикæйы территорийыл 1992 азы 6 февралы  онг кæй цард, уый. Æппæт уыдæттæ бахынцгæйæ, зæгъæн ис, хъæлæсдæттыны процесс максималонæй у хуымæтæг.

Сергей Алексеев ноджыдæр банысан кодта, зæгъгæ, æмбæстагæн йæ бон æвзарæн фадыгмæ æрбацæуын куынæ уа æвзæрстыты бон, ома, уыцы бон куы фæрынчын уа, уæд хъуамæ фехъусын кæна æвзарæн фадыджы къамисæн, цæмæй йæм хæдзармæ бацæуой æмæ бынаты хъæлæс радта, уый тыххæй. Æвзæрстыты бон фадыгон къамисы уæнгтæ цæудзысты, рынчындæтты цы æмбæстæгтæ ис, уыдонмæ дæр.

Æвзæрстыты бон балцы кæнæ командировкæйы чи уа, уыдон хъуамæ байдзаг кæной куырдиаты гæххæтт, кæм уой, уыцы бынаты хъæлæс радтыны тыххæй.

Осиаты Индирæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.