Фыдыбæстæмæ уарзт сфæлдыстадон кусджытæй тынгдæр никæй зæрдæйы æрбынат кæны. Уыцы уарзт та ахæм вæййы, æмæ зæрдæйы нал фæцæуы, йæхицæн ноджы фæагуры бынат æмæ æддæмæ рарæдувы. Æмæ уæд уыцы цины æнкъарæнтыл йæ зæрдæйы фæндиаг ныззары, алы иубæстон адæймагмæ дæр куыд бахъарой, райгуырæн къуымæй ноджыдæр буц куыд уа, афтæ. О, поэт æнæхъуаджы нæ фыста йæ республикæйы тыххæй, хæссыс æдзух ды кадимæ Республикæйы ном, зæгъгæ. Хуссар Ирыстон дæр 26 азы размæ райста Республикæйы ном æмæ йæ ныр уал азы дæргъы хæссы кад æмæ радимæ, буц дзы стæм, рухс фидæнмæ нын фæндаг кæй айгæрста, сабыр цард æмæ нæ амондджын дугмæ ныфсджынæй кæй хоны, уый тыххæй. Æвæдза, дардмæуынæг разындысты, раст æмæ фидар зондыл хæст уыдысты, уыцы уæззау æмæ катайаг рæстæджы фидар чи фæлæууыд, Хуссар Ирыстоны амондджын фидæн развæлгъау чи уыдта, йæ сæрибардзинад æмæ хæдбардзинады сæраппонд йæ тых æмæ зонд æмæ, æгæрыстæмæй, йæ цард дæр чи нæ бавгъау кодта, уыдон. Ахæм сæрбосты дуджы цыдимæ иумæ фæлтæр хъуамæ кады бынаты æвæрой, мысой сын сæ рухс нæмттæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, абон мах цин кæнæм нæ Республикæйы сырæзты бæрæгбоныл, уымæн æмæ нын æрхаста æмæ дарддæр дæр хæсдзæн æнцойад, сыгъдæг арвы бын цæрын æмæ æвæлмастæй хæрзиуæгон куыст æмæ архайд. Ахæм республикæйæ бузныг у рæстылдзæуæг адæймаг, йæ куыстæй æнцойад чи ссары, ахæм фæллойгæнæг. Раст ахæм сты нæ цæрджытæ, уыдон нæ фæнды хæсты пиллонмæ кæсын, æрмæстдæр агурынц фæллойы фæндаг. Уæдæ байхъусæм, бафарсты рæстæджы нæ Республикæйы тыххæй йæ хъуыдытæ æмæ цины æнкъарæнтæ чи нæ бахæлæг кодта, уыдонмæ дæр.

Наниты Асиат, фыссæг: «20 сентябрь, нæ Республикæйы сырæзты бон, махæн æцæгдæр у историон цау æмæ нæ бæрæгбонтæй алкæмæй дæр уаздæр. Уымæн æмæ, абон хæдбар паддзахад кæй стæм, уымæн йæ сæйраг ратæдзæн уырдыгæй рацыд æмæ йыл алы аз дæр уымæн цин кæнæм. 1990 азы 20 сентябрь Хуссар Ирыстоны Областон Советы 20-æм æрсидты 14-æм сессийы, раст 26 азы размæ, райстой историон уынаффæ: Хуссар Ирыстоны Республикæ расидыны тыххæй. Уый та нысан кодта Хуссар Ирыстоны адæмы фæндвидар бæллиц сæрибардзинад æмæ хæдбардзинадмæ. Хæдбардзинадмæ фæндаг та никуы вæййы дидинвæлыст æмæ æнцонвадат. Уымæ гæсгæ уæззау æмæ карз æхсæнадон-политикон уавæрты сырæзт нæ Республикæ. Нæ бæстæйы ногдæр историмæ бацыдысты Республикæ Хуссар Ирыстоны депутаттæ. Уыдон равдыстой стыр æмбæстагон хъæбатырдзинад, удуæлдайдзинад æмæ хæдæхсы æхстыты бын паддзахаддзинады барадон бындуртыл хъазуатонæй куыстой.

Алы рæстæгæн дæр ис йæхи хъайтартæ. Мах нæ зæрдыл хъуамæ дарæм гуырдзыйы агрессийы амæттæгты – сабыр цæрджыты, Фыдыбæстæйы сæрыл фæмардуæвæг хъахъхъæнджыты, Уæрæсейаг æфсæддон службæгæнджытæ æмæ фидауынгæнджыты рухс нæмттæ. Уыимæ Стыр Уæрæсейы руаджы нæ хæдбардзинад нæ къухты кæй бафтыд æмæ абон дæр уый æххуысæй размæ кæй цæуæм, уый дæр. Абон нæ зæрдæ райы, нæ Республикæйы хорзæй цы сырæзт æмæ рæзы, уымæ кæсгæйæ. Нæ адæмæй рох нæу, цас тыхтæ бахардз кодтой, цæмæй нæ хæдбардзинад нæ къухты бафтыдаид. Æмæ уый аккаг сты, цæмæй банкъарой сæхи хæдбар паддзахады æмбæстæгтæй æмæ, æппæт уыцы хъизæмæртты фæстæ, цæрой æмбæлон уавæрты».

Козаты Мурат, фæллойы ветеран: «Махæн Уæрæсе у не ‘ввахсдæр хæлар æмæ иузæрдион æххуысгæнæг. Уый æххуыс нæ хъæуы кæмдæриддæр: хъæууон хæдзарады, сæудæджерады, иудзырдæй, царды алы къабазы дæр. Бирæтæ афтæ фæзæгъынц, зæгъгæ, чысыл рæстæг рацæудзæн, æмæ сфидар уыдзыстæм, фæлæ уымæн, мæнмæ гæсгæ, æввахс рæстæджы нæй гæнæн. Афтæ нæ зæгъын, æмæ бынтон нæ къахыл не слæудзыстæм, сæхи дардтой уартæ Стыр Фыдыбæстæйон хæсты дæр, фæлæ…Фæлæ ныр æндæр рæстæг у, адæм смагуса сты æмæ техникæ куынæ уа, уæд нæ бон ницы бауыдзæн. Техникæ æмæ нын æндæр хъуыддæгты та æххуыс кæны Уæрæсе. Афтæ нæ зæгъын, æмæ нæ Уæрæсе æдзух хъуамæ дара, нæхæдæг дæр хъуамæ счъилдысæй архайæм, цæмæй сфидар уа нæ экономикæ. Уæд ноджы хъæлдзæгдæр æмæ дзаг армимæ дæр æмбæлдзыстæм нæ алы бæрæгбоныл дæр».

Кобесты Нодар, Къостайыхъæуы цæрæг: – 2008 азы августы хæсты бирæ хъизæмæрттæ бавзæрстон. Хæсты фæстæ хъæумæ бакæсын адæймаджы цæст уарзгæ дæр нæ кодта. Фæлæ рæстæг куыд цыд, афтæ æндидзын райдыдта, хуыздæр кодтой цæрджыты цардуагон уавæртæ. Цин кæнын нæ Республикæйы бæрæгбоныл, уый ахсджиаг цау у æмæ мæ зæрдæ цины æнкъарæнтæй байдзаг. Фæлæ, чысыл саби æдзухдæр хъусдарды бын куыд вæййы, афтæ у нæ уавæр дæр нырма, ома нын хъæуы æххуыс кæнын. Уыцы æххуыс та æдзухдæр æнкъарæм Уæрæсейы ‘рдыгæй. Æрмæст нæ хъæуы цытæ сæндидзыдта, уыдон кæуылты сты! Уæдæ скъолайы ног бæстыхай, пырх æмæ сыгъд хæдзæртты бынæтты ног бæстыхæйттæ, администраци æмæ йæ дæлбаруæвæг кусæн бынæтты цалцæггонд бæс-тыхай æмæ æндæртæ. Раст у, аразинæгтæ нырма бирæ ис, фæлæ уыдонæн дæр рæстæг хъæуы. Иудзырдæй, Республикæ рæзы, дидин æфтауы æмæ мын уый æхсызгон у. Æгайтма!

Хуыбиаты Н.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.