Республикæйы цытджын æмбæстæгтæ!

Дæргъвæтин рæстæджы дæргъы не ‘хсæнады ‘рдыгæй фидарæй æвæрд цæуы фарст нæ паддзахадæн йæ историон ном – Алани раздахыны тыххæй. Ацы номæн йæ райдиан хæццæ кæны иумæйагалайнаг националон иудзинады, нæ адæмы дидинæфтыды, хъомысы æмæ кады дугмæ.

Нæ адæмы зæрдæты цæры историон хъуыды, йæ хиæмбарынадæй æнæфæ-хицæнгæнгæ чи у. Мах æнкъарæм нæ æнаскъуыйгæ бастдзинад нæ адæмы бирæ фæлтæртимæ. Уыдон сæрыстырæй хъахъхъæдтой, дард æнусты æрфытæй сæм чи æрцыд, аланты фыдæлты уыцы ном.

Нацийы истори æмæ кад аразæг сты цардаразæн фæллой æмæ бирæ фæлтæрты тохы сгуыхтдзинæдтæ. Уыдон сæ мидæг хæссынц адæмы мон æмæ сæрыстырдзинад æмæ сын уый тыххæй чындæуы хæзнайау стыр аргъ. Ис бирæнымæц алыгъуызон хъæздыгдзинæдтæ, æмæ сын ис ногæй саразæн кæнæ хиба-кæнæн, фæлæ никæцы стыр хъæздыгдзинæдтæй ис балхæнæн цытджын историйæн.

Бæстæ хъуамæ хæсса, чи йæ сарæзта, уый ном. Алайнаг хицауиуæгад куы сæндидзыдта, уæд уый фæстæ та хъуамæ сæндидза Аланийы рагон ном. Хуссар Ирыстоны адæм, се сгуыхтдзинад, хæдбардзинад æмæ сæрибарыл йæ хъæбатыр тохы руаджы аккаг у, æмæ уый бафидар кодта, цæмæй аргъ кæмæн нæй, ахæм бынтæ сæхи бакæной  – раздахой сæ фыдæлты рагон ном – Алани Уæрæсейы Федерацийы сконды.

Уыимæ иумæ мах хъуамæ нæ зæрдыл дарæм, нæ Республикæ йæ сæрибардзинад кæй бахъахъхъæдта æмæ йæ паддзахад нымад кæй æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны номимæ. Ацы номæй нæ бæстæйы зонынц дунейы алы ран дæр. Нæ адæмы сгуыхтдзинад æмæ сæрибарыл йæ хъайтарон тох скад кодтой ацы номæн. Ууыл абон къух сисын – уый уаид нæ Фыдыбæстæйы азфысты сæйраг хъайтарон фæрстæ рохуаты ныу-уадзын.

Уæдæ цавæр уыдзæн нæ рахæсгæ фæндон? Цавæр хъуамæ уа, цы равзарæм, уый? Фидарæй мæ уырны, кæй хъæуы бахынцын æппæт уавæртæ дæр æмæ райсын дыууæ номы дæр, куыд æнгæс, æмаргъ æмæ сæ нысаниуæг æмхуызон кæмæн у, ахæмтæ. Ныртæккæйы – Республикæ Хуссар Ирыстоны ном бахъахъхъæнгæйæ, хъæуы райсын дыккаг ном – Паддзахад Алани.

Уый ратдзæн фадат, цæмæй нæ ма бахъæуа уæлдай хæрдзтæ æмæ уæлдай зындзинæдты сæр, уыдон та уыдзысты, кæд æмæ мах бынтон нæ къух сисæм Хуссар Ирыстоны номыл, уæд. Фæлæ ныхас зæгъыны, йæ фæндон рахæссыны бар ис, æрмæстдæр нæ паддзахад арæзт кæй фæндонæй æрцыд, уыцы адæмæн.

Конституци куыд амоны, уымæ гæсгæ æппæт ахсджиагдæр фарстытæ скъуыддзаггонд цæуынц æппæтадæмон хъæлæсæппæрсты фæрцы. Бæстæйы номы фарст хауы паддзахадон-политикон ахс-джиагдзинады æппæты бæрзонддæр фарстытæм. Республикæйы Конституцийы амынд куыд у, афтæмæй нæ паддзахады номы фарст аскъуыддзаггæнæн ис æрмæстдæр референдумы фæрцы.

Алы æмбæстагæн дæр ис йæ хъуыды зæгъыны бар бæстæйы номы фæдыл. Нæ адæмы абоны цæрæг фæлтæртæ сæхимæ райстой, æцæгæйдæр, историон мисси. Бирæ рæстæджы дæргъы фыццаг хатт æрлæууыд ахæм дуг, æмæ нæ адæм, æцæгæйдæр, сæхæдæг аразынц сæ истори.

Уый афтæ уыди 1992 азы январы дæр, мах референдумы нæ хъæлæстæ куы радтам, цæмæй нæ хъысмæт бæлвырд кæнæм нæхæдæг, уыцы бон. Уый уыди æцæг историон фæзилæн, æмæ уый нæ къухты бафтыд адæмы иумæйаг коллективон фæндоны фæрцы.

Раст ахæм хуызы нæ паддзахады номы фæдыл референдумы алы æмбæстагæн дæр фадат уыдзæн, цæмæй зæгъа йæ хъуыды, бахæсса йæ хисæрмагонд хайбавæрд нæ бæстæйы адæмы рæсугъд æмæ кадджын историон ном сæндидзын кæныны хъуыддагмæ.

 

* * *

Цытджын æмбæстæгтæ!

Нæ культурон-историон бынтæ æмæ нæ адæмы хæдбындурдзинады æнæ-фæхицæнгæнгæ хай – нæ паддзахады рагон ном сног кæнынмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны адæмы цæрджыты тырнындзинадæй къухдариуæггæнгæйæ,

Фæлтæрты æхсæн историон æмæ монон бастдзинæдтыл бындуриуæггæнгæйæ æмæ нæ фыдæлты зæхх хъæбатырæй чи хъахъхъæдта æмæ абоны фæлтæртæн кæй фæрцы баззади, кадимæ уыдон номарынæн,

Алайнаг хицауиуæгады сæндидзыд традициты историон гуырæнтæм не ‘нгас аздахгæйæ, уыимæ нæ бастдзинад нымайгæйæ æмæ йæ хорз фидæны бындуртæ сфидар кæнынмæ тырнгæйæ,

Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцийы 50-æм статьяйы 16-æм пунктмæ гæсгæ, æз мæ къух æрфыстон Барамындыл Республикæ Хуссар Ирыстоны референдум снысан кæныны тыххæй.

Нæ паддзахады историон ном сног кæныны тыххæй референдум уагъд æрцæудзæн Республикæ Хуссар Ирыстоны æппæт территорийыл 2017 азы 9 апрелы, хуыцаубоны.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.