Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент йе ‘взæрстыты агъоммæйы кампанийы рæстæджы фехъусын кодта, зæгъгæ, æвзæрстытæ хъуамæ цæуой сабыр æмæ закъон карзæй хъахъхъæныны уавæрты. Уый хыгъд абон Республикæ Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъæнæг органтæ хъусын кæнынц, хуссарирыстойнаг æмæхсæнады уавæр карзгонд кæй цæуы Кокойты Эдуард æмæ йæ фарсхæцджыты ‘рдыгæй.

Бар æмæ хъомыс кæмæн нæй, ахæм хатдзæгтæ æмæ иннæ кандидаттæм æмæ паддзахадон хицауады органтæм æнæбындур азымтæ хæсгæйæ, уыдон сæхицæн æвæрынц нысанæн, фæстаг фондз азы стыр зындзинæдты фæрцы нæ къухты чи бафтыд, не ‘хсæнады уыцы æнгомдзинад фехалын.

Нæ бæстæйы размæцыды тæккæ ахсджиагдæр рæстæджы политикон къуындæгдзинад æмæ æнæбæрндзинады ахæм æвдисæнтæ æвзæрын кæнынц карз тæрхон Хуссар Ирыстоны æппæт æнæниз тыхты ‘рдыгæй. Уæлдай æнæраны та у, бындур кæмæн нæй, паддзахадыл ахæм гадзрахаты æмæ Уæрæсейы ныхмæ лæууыны азым хаст кæй цæуы, уый, уæлдайдæр та – Уæрæсейы Федерацийы Президенты Администрацийы бæрнон адæймæгты ныхмæ.

Ахæм архайдтытæ хæссынц дихдзинад æхсæнадмæ æмæ халынц нæ паддзахады конституцион бындуртæ. Нæ Фыдыбæстæ-йы хъысмæтыл йæ зæрдæ кæмæн риссы, нæ уыцы æмбæстæгтæ сæ бирæнымæц куырдиæтты курæг сты, цæмæй уавæр ма рахиза ныхмæлæудмæ, домынц, цæмæй республикæйы ифтонг æрцæуа æмбæстагон сабырдзинад, закъондзинад æмæ барвæтк.

Уæлдæр загъд цы уыд, уымæ гæсгæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъæнæг органтæ фидарæй зæгъынц, Закъоны фыст æмæ амындмæ гæсгæ, кæй никæмæн ратдзысты бар бæстæйы æмтъерымæ æртæрын, 2011 азы уавæр раздахыны бар (уæд бæстæ бахæццæ ис æмбæстагон хæсты онг), æмæ карзæй ныхкъуырд дæтдзысты æппæт закъон æмæ æхсæнады ныхмæ фæзындтытæн.

г. Цхинвал, 2017 азы 13 март

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.