Хъусдарджытæ, регистраци æрцæуæг кандидатты минæвæрттæй æвзарæн бюллетены чъылдымыл къух æрфыссыны бар кæмæн ис, политикон партитæ, кæцытæ сæ кандидатты срегистраци кодтой кандидатты республикон номхыгъдты, барадхъахъхъæнæг органты минæвæрттæ, фадыгон æвзарæн къамисты уæнгтæ, кæцытæ хъæлæс дæттæн бон,  2019 азы 9 июны, уыдзысты æвзарæн фадгуыты,   уыдоны хъæлæс дæттыны фæткы   тыххæй

Республикæ Хуссар Ирыстоны Централон æвзарæн къамис уынаффæ кæны:

1. Фидар æрцæуæд, хъусдарджытæ, регистраци æрцæуæг кандидатты минæвæрттæй æвзарæн бюллетены чъылдымыл къух æрфыссыны бар кæмæн ис, политикон партитæ, кæцытæ сæ кандидатты срегистраци кодтой кандидатты республикон номхыгъдты, барадхъахъхъæнæг органты минæвæрттæ, фадыгон æвзарæн къамисты уæнгтæ, кæцытæ хъæлæс дæттæн бон, 2019 азы 9 июны, нæ уыдзысты, банысангонд гоймæгтæ кæм цæрынц, уыцы æвзарæн фадгуыты, хъæлæсдæттæны хайад исдзысты æрмæстдæр иууон республикон зылды.

2. Ацы уынаффæ мыхуыр æрцæуæд дзыллон информацийы фæрæзты.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Централон æвзарæн къамисы сæрдар  

ПЛИТЫ  Беллæ

Республикæ Хуссар Ирыстоны Централон æвзарæн къамисы нымæрдар     АВЛОХТЫ  Кристинæ

г. Цхинвал,

2019 азы 4 июнь

РЕСПУБЛИКÆ ХУССАР ИРЫСТОНЫ ЦЕНТРАЛОН ÆВЗАРÆН КЪАМИСЫ УЫНАФФÆ

Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстаджы паспорты нысан сæвæрыны тыххæй

«Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгты æвзæрстыты бартæ æмæ референдумы хайад райсыны тыххæй барты  бындурон гарантиты тыххæй»   Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцион закъоны 50-æм уацы бындурыл Республикæ Хуссар Ирыстоны Централон æвзарæн къамис уынаффæ кæны:

1. Фидар æрцæуæд, Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстаджы паспорты фæстаг форзацыл нысан (штамп), кæцы нысан кæны æмбæстаджы хайадист Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты депутаттæм æвзæрстыты, æвæры йæ фадыгон æвзарæн къамисы уæнг 2019 азы 9 июны хъæлæсдæттыны бон.

2. Ацы уыныффæ фадыгон æвзарæн къамистæн фе-хъусын кæнæд зылдон æвзарæн къамистæ.

3. Ацы уынаффæ мыхуыр æрцæуæд дзыллон информацийы фæрæзты.

Республикæ  Хуссар Ирыстоны Централон æвзарæн къамисы сæрдар  

ПЛИТЫ  Беллæ

Республикæ  Хуссар Ирыстоны Централон æвзарæн къамисы нымæрдар   АВЛОХТЫ  Кристинæ

г. Цхинвал,

2019 азы 4 июнь

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.