Республикæ Хуссар Ирыстонæн æддейæ уæлæмхас æвзарæн фадыг æмæ референдумы фадыг саразыны тыххæй

«Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгты æвзарыны æмæ референдумы хайад исыны барты тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцион закъоны 19 статьяйы æмæ «Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенттæм æвзæрстыты тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцион закъоны 10-æм статьяйыл бындуриуæггæнгæйæ, Республикæ Хуссар Ирыстонæн æддейæ цæрæг Республикæ Хуссар Ирыстоны  æмбæстæгты бартæ сифтонг кæныны сæраппонд Республикæ Хуссар Ирыстоны Централон æвзарæн къамис Уынаффæ хæссы:

  1. Арæзт æрцæуæд Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы территорийыл Октябрьскийы хъæуы æвзарæн фадыг æмæ референдумы фадыг №77.
  2. Ацы Уынаффæ мыхуыргонд æрцæуæд дзыллон информацийы фæрæзты.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Централон æвзарæн къамисы Сæрдар Плиты Б.В.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Централон æвзарæн къамисы Нымæрдар Авлохты К.И.    

г. Цхинвал, 2017 азы 8 март

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.