Хъусдард аздæхтæуыд ИНО-йы Генералон Секретары минæвары ныхæстæм, кæцыты хъыгдзинад загъдæуыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты æвзæрстытæ æмæ бæстæйæн йæ историон ном Паддзахад Алани раздахыны фæдыл референдум ауагъд кæй æрцыдысты, уый тыххæй. ИНО-йы уымæн аргъ кæнынц, куыд иуварсон архайдтытæ, кæцытæ гæнæн ис негативонæй бандавой регионалон æдасдзинадыл æмæ фехалой Жене-вæйы дунеон дискусситы.

Ацы ныхæстæ сæ бынаты не сты, уый хынцгæйæ æмæ Хуссар Ирыстоны чи æрцыдысты, уыцы ахсджиаг политикон цаутæ сты æрмæстдæр йæ мидæггагон хъуыддаг æмæ суверенон бар æмæ æндæр бæстæты интерестæм бынтондæр нæ ныхилынц. Уыдон уыдысты, нымæцмæ гæсгæ, æхсæзæм президентон æвзæрстытæ æмæ фæндзæм референдум, кæцытæ уагъд æрцыдысты хæдбар республикæ Хуссар Ирыстоны. Æмбæстæгты фæндон равдисын организаци æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституци æмæ æвзарæн закъондæттынады бындурыл, демократийы æмæ дунеон барадон нормæты бындурæвæрæн принциптæм гæсгæ. Уыимæ æргом хъæлæсæппæрсты бæрзонд æмвæзад дунеон хъусдарджытæн фадат радта, цæмæй йын саргъ кæной, æндæр бæстæтæн райсинаг æмæ аккаг чи уа, куыд ахæм фæлтæрддзинад.

Дызæрдыг кæнæм, ацы цаутæ исты хуызы бандавой регионалон æдасдзинадыл, уæлдайдæр та Женевæйы дискусситы позицийыл, ууыл.

ИНО-йы Генералон секретары минæвары ныхæсты логикæ гæнæн ис бамбарæм æрмæстдæр уæд, кæд æмæ Женевæйы дискусситæм ИНО-йы каст цæуы куыд Хуссар Ирыстоныл политикон æндæвдады инструмент, афтæ, кæцыйы нысан у, уый перспективæйы Гуырдзыстоны политикон орбитæмæ бакæнын. Женевæйы дунеон дискусситæм ахæм ахастæн бынтондæр нæй райсæн.

Хуссар Ирыстоны ацы дунеон формат нымайынц æрмæстдæр куыд дипломатон фæзуат дунеон хæслæвæрдтæ бакусын æмæ сыл къухтæ æрфыссыны тыххæй, кæцытæ ифтонг кæнынц æмæ гаранти дæттынц Хуссар Ирыстон æмæ Абхазæн æдасдзинадæн, цæмæй Гуырдзыстоны ‘рдыгæй тыхæй мауал спайдачындæуа. Ногæй хъусдард здахæм уымæ æмæ цалдæр азы дæргъы Гуырдзыстон, дунеон организациты дискусситы хайадисæг бæстæты, уыцы нымæцы ИНО-йы разыйæ алыгъуызон æфсæндтæй демонстративон æгъдауæй кæй къуылымпы кæнынц ацы куыст. Растдæр уый тыххæй ИНО, кæцыйы минæвар у Женевæйы дискусситы æмсæрдæрттæй сæ иу, хъуа-мæ æцæгæйдæр, хъыг кæнид.

Ноджы ма хъыг кæнынæн иу серьезон æф-сон хъуамæ суа, Гуырдзыстон Женевæйы форматы фехалын регулярон æгъдауæй кæй провокаци кæны, уымæн æмæ растдæр Гуырдзыстоны фарс фæндвидарæй æмæ иуварсонæй уынаффæ кæнынмæ рахæссы Женевæйы дискусситы мандатмæ хауæг фарстыты æндæр дунеон фæзуæттæм, уыцы нымæцы ИНО-мæ дæр, кæцыты дискусситы æндæр хайадисджыты минæвæрттæ нæ вæййынц. Ахæм уагахаст ныридæгæн æркодта Женевæйы дискусситы лигъдæтты проблемæйы фарсты фæдыл нæ уынаффæ кæнынмæ, кæцы ит-тæг актуалон у æппæт фæрстæн дæр.

г. Цхинвал, 2017 азы 14 апрель

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.