17 апрелы уыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Президиумы рабадт. Æмбырд уагъта Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдары хæстæ æххæстгæнæг Мамиты Инал.

РХИ-йы Парлменты мандатон къамисы сæрдар, депутат Бекъойты Геннади æруынаффæ йыл кæнынмæ бавдыста Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты æхсæзæм æрсидты депутат, Парламенты Сæрдар Бибылты Анатолийы йæ куыстæй ссæрибар кæныны фарст, Республикæ Хуссар Ирыстоны Президентæй æвзæрст кæй æрцыд, уый тыххæй.

Бекъойы фырт ма æруынаффæ йыл кæнынмæ рахаста Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты æхсæзæм æрсидты депутат Бибылты Анатолийы æххæстбартæ æмгъуыдæй раздæр æруромыны æмæ сæ Тедеты Ноннæмæ адæттыны тыххæй фарст.

Рахастæуыд фæндон, цæмæй ацы фарстытæ хаст æрцæуой РХИ-йы Парламенты радон сессимæ.

РХИ-йы Парламенты информацион-аналитикон управлени

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.