«Уæрæсейы Федерацийы Гарзджын Тыхты скондмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Гарзджын Тыхты хицæн дæлхæйтты бакæныны фæдыл Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн Фидыды ратификацийы тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъоны тыххæй, кæцыйыл къухтæ æрфыстæуыд горæт Мæскуыйы 2017 азы 31 марты.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламент уынаффæ кæны:

  1. Райст æрцæуæд «Уæрæсейы Федера-цийы Гарзджын Тыхты скондмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Гарзджын Тыхты хицæн дæлхæйтты бакæныны фæдыл Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы Федера-цийы ‘хсæн Сразыдзинады ратификацийы тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъон, кæцыйыл къухтæ æрфыстæуыд горæт Мæскуыйы 2017 азы 31 марты.
  2. Ацы Закъон æрвыст æрцæуæд Респуб-ликæ Хуссар Ирыстоны Президентмæ къух ыл æрфыссын æмæ йæ ныммыхуыр кæныны тыххæй.
  3. Ацы Уынаффæ йæ тыхы цæуы йæ райсыны бонæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар

Гасситы Петр

г. Цхинвал,

2017 азы 21 июль

 

 

 

РЕСПУБЛИКÆ ХУССАР ИРЫСТОНЫ ЗАКЪОН

Уæрæсейы Федерацийы Гарзджын Тыхты скондмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Гарзджын Тыхты хицæн дæлхæйтты бакæныны фæдыл Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн Фидыды ратификацийы тыххæй, кæцыйыл къухтæ æрфыстæуыд горæт Мæскуыйы 2017 азы 31 марты.

 

  1. Ратификаци æрцæуæд Уæрæсейы Федерацийы Гарзджын тыхты скондмæ Республикæ Хус-сар Ирыстоны Гарзджын Тыхты хи-цæн дæлхæйтты бакæныны фæ-дыл Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн Фидыд, кæцыйыл къухтæ æрфыстæуыд горæт Мæскуыйы 2017 азы 31 марты.
  2. Ацы Закъон йæ тыхы цæуы йæ ныммыхуыр кæныны бонæй.

 

Республикæ Хуссар

Ирыстоны Президент БИБЫЛТЫ Анатоли

ФИДЫД

Республикӕ Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы Федерацийы ‘хсӕн Уӕрӕсейы Федерацийы Гарзджын Тыхты скондмӕ Республикӕ Хуссар Ирыстоны Гарзджын Тыхты хицӕн дӕлхӕйтты бацыды фӕткы тыххӕй

 

Республикӕ Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы Федераци, дарддӕр – Дыууӕ Фарсы,

Республикӕ Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы Федерацийы ‘хсӕн Ӕмцӕдисад ӕмӕ интеграцийы тыххӕй 2015 азы 18 марты фыстӕрцӕуӕг Бадзырды уагӕвӕрдтӕй къухдариуӕггӕнгӕйӕ,

стабилондзинад ӕмӕ ӕдасдзинад ифтонг кӕныны къабазы ӕмгуыстады ахсджиагдзинад хынцгӕйӕ,

сразы сты дӕлдӕруӕвӕгыл:

 

Уац  1

Ацы Фидыды кӕмӕй пайда чындӕуы, уыцы ӕмбарынадтӕ нысан кӕнынц:

«ӕмбӕстӕгтӕ» – Республикӕ Хуссар Ирыстоны ӕмбӕстӕгтӕ, кӕцытӕн ис Уӕрӕсейы Федерацийы ӕмбӕстагдзинад ӕмӕ иугӕндзон цӕрынц Республикӕ Хуссар Ирыстоны территорийыл, сты Республикӕ Хуссар Ирыстоны ӕфсӕддон къамисариадты хыгъды ӕмӕ Дыууӕ Фарсӕй иуы гарзджын тыхты сӕх-хӕст кодтой сӕ ӕфсӕддон службӕ;

«хицӕн дӕлхӕйттӕ» – Республикӕ Хуссар Ирыстоны Гарзджын Тыхты сабыр рӕстӕджы дӕлхӕйттӕ;

«уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕ» – Республикӕ Хуссар Ирыстоны территорийыл дислокацигонд Уӕрӕсейы Федерацийы Гарзджын Тыхты иумиаг ӕф-сӕддон баиугӕнд.

 

Уац 2

Ацы Фидыд реализаци кӕныны фӕдыл Дыууӕ Фарсы бӕрнджын органтӕ сты:

Хуссарирыстойнаг Фарсӕй – Республикӕ Хуссар Ирыстоны Хъахъхъӕнынады министрад;

Уӕрӕсейаг Фарсӕй – Уӕрӕсейы Федерацийы Хъахъхъӕнынады министрад.

Дыууӕ Фарсы дипломатон каналтыл кӕрӕдзийӕн фыстӕй хъусын кӕнынц сӕ бӕрнджын органты ивындзинӕдты тыххӕй.

 

Уац 3

Ацы Фидыды Уӕрӕсейы Федерацийы Гарзджын Тыхты скондмӕ хицӕн дӕлхӕйтты бацыд ӕмбӕрстгонд цӕуы, контрактмӕ гӕсгӕ Уӕрӕсейы Федерацийы Гарзджын Тыхтӕм Республикӕ Хуссар Ирыстоны ӕмбӕстӕгты ӕфсӕддон службӕмӕ райст ӕмӕ сӕ барвӕндон фӕткмӕ гӕсгӕ уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕмӕ сӕ службӕ адарддӕр кӕнын-мӕ ӕрвитын.

Уӕрӕсейы Федерацийы Гарзджын Тыхтӕм службӕ кӕнынмӕ бацӕуыны тыххӕй контракт ӕрфыссыны фӕстӕ ӕмбӕстаг хъуамӕ сӕрибар ӕрцӕуа Республикӕ Хуссар Ирыстоны Гарзджын Тыхты службӕйӕ.

Банысангонд ӕмбӕстӕгты ӕф-сӕддон службӕ дарддӕр ӕххӕст цӕуы Уӕрӕсейы Федерацийы закъондӕдтынадмӕ гӕсгӕ.

Республикӕ Хуссар Ирыстон уадзы Республикӕ Хуссар Ирыстоны Гарзджын Тыхты реформӕ, сӕ штатон нымӕц уый-бӕрц фӕкъаддӕргӕнгӕйӕ, цӕйбӕрц штатон нымӕц нысангонд уа уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕйы дӕлхӕйтты сконды, ӕмбӕcтӕгтӕй Уӕрӕсейы Федерацийы Гарзджын Тыхтӕм контрактмӕ гӕсгӕ чи бацыд, уыдон хынцгӕйӕ.

Ацы Фидыдӕн йӕ тыхы бацӕуыны бонӕй 3 мӕйы ӕмгъуыдмӕ Хуссарирыстойнаг Фарс бӕстон кӕны Республикӕ Хуссар Ирыстоны Гарзджын Тыхты штатон-табелон документаци, кӕцы ӕмразы-гонд цӕуы Уӕрӕсейаг Фарсимӕ ӕмӕ йӕ фидар кӕны Республикӕ Хуссар Ирыстоны Гарзджын Тыхты Уӕлдӕр коман-дӕгӕнӕг.

Ӕмцӕдисад ӕмӕ интеграцийы тыххӕй Республикӕ Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы Федерацийы ‘хсӕн 2015 азы 18 марты фыстӕрцӕуӕг Ба-дзырды 2 уацы уагӕвӕрдтӕ хынцгӕйӕ, Республикӕ Хуссар Ирыстоны Гарзджын Тыхты хӕстӕ ӕмӕ структурӕ сабыр ӕмӕ хӕстон рӕстӕджы бӕлвырд цӕ-уынц Уӕрӕсейаг Фарсимӕ ӕмразыйӕ.

Республикӕ Хуссар Ирыстоны Гарз-джын Тыхты ног организацион- штатон структурӕмӕ ахызт фӕуд кӕны, Республикӕ Хуссар Ирыстоны Гарзджын Тыхты Уӕлдӕр командӕгӕнӕг Республикӕ Хуссар Ирыстоны Гарзджын Тыхты штатон-табелон документаци куы сфидар кӕна, уымӕй 6 мӕйы ӕмгъуыдмӕ.

 

Уац 4

Ацы Фидыд фидар кӕны, контрактмӕ гӕсгӕ Уӕрӕсейы Федерацийы Гарз-джын Тыхтӕм ӕмбӕстӕгты службӕ кӕнынмӕ райсыны радон фӕтк.

Раздӕр контрактмӕ гӕсгӕ Уӕрӕсейы Федерацийы Гарзджын Тыхты ӕф-сӕддон службӕ чи нӕ рацыд, афтӕмӕй контрактмӕ гӕсгӕ Уӕрӕсейы Федерацийы Гарзджын Тыхтӕм службӕ кӕнын-мӕ бацӕуын кӕй бафӕнда, уыцы ӕм-бӕстӕгтимӕ арӕзт цӕуы фыццаг контракт ӕфсӕддон службӕ рацӕуыны тыххӕй Уӕрӕсейы Федерацийы закъондӕдтынадмӕ гӕсгӕ.

Дыууӕ Фарсӕй иуы гарзджын тыхты ӕнӕмӕнгхъӕуӕг ӕфсӕддон службӕ рацӕуӕг ӕмбӕстӕгтӕ сӕрибар цӕ-уынц иннӕ Фарсы гарзджын тыхты ӕф-сӕддон службӕмӕ ӕрсидтӕй.

Уӕрӕсейы Федерацийы Гарзджын Тыхтӕм контрактмӕ гӕсгӕ службӕ кӕнынмӕ бацӕуын кӕй бафӕнда, уыцы ӕмбӕстӕгтӕ хъуамӕ ӕвӕрд ӕрцӕуой Цӕгат Ирыстон – Аланийы (г. Дзӕуджы-хъӕу) ӕфсӕддон къамисариады  ӕф-сӕддон хыгъды, Цӕгат Ирыстон – Аланийы территорийыл цас уӕвынц, уымӕ нӕ кӕсгӕйӕ.

Уӕрӕсейы Федерацийы Гарзджын Тыхтӕм прапорщикты, сержантты ӕмӕ салдатты ӕфсӕддон бынӕттӕм ӕмбӕстӕгты контрактмӕ гӕсгӕ исын ӕх-хӕст цӕуы контрактмӕ гӕсгӕ ӕфсӕддон службӕмӕ ӕвзарӕн пункты (г. Дзӕуджыхъӕу), афицерты ӕфсӕддон бынӕттӕм та Цӕгат Ирыстон – Аланийы ӕфсӕддон къамисариады Уӕрӕсейы Федерацийы закъондӕдтынадмӕ гӕсгӕ.

Фыццаг контрактмӕ гӕсгӕ ӕф-сӕддон службӕмӕ бацӕуыны домӕнты сфидаргонд фӕткмӕ гӕсгӕ ӕмбӕстӕгты ӕмбӕлондзинад сбӕлвырд кӕнын, контрактмӕ гӕсгӕ ӕфсӕддон службӕ-мӕ цӕуджыты медицинон басгӕрсты ӕвдисӕндар, профессионалон психологон басгӕрсты мадзӕлттӕ уадзын, афтӕ ма физикон цӕттӕдзинад сбӕлвырд кӕныны мадзӕлтты комплекс ӕххӕст кӕныны бӕрндзинад ӕвӕрд цӕуы Уӕрӕсейы Федерацийы Хуссайраг ӕфсӕддон округы командӕкӕнынадыл ӕмӕ уагъд цӕуы уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕйы фондты специалисты ӕххуысӕй спайда кӕнгӕйӕ, кӕцытӕ нысан цӕуынц контрактмӕ гӕсгӕ ӕфсӕддон службӕмӕ цӕуыны ӕвзарӕн пункттӕ ӕмӕ ӕфсӕддон къамисариадтӕй.

Республикӕ Хуссар Ирыстоны ӕфсӕддон къамисариадтӕ ӕххӕст кӕ-нынц, контрактмӕ гӕсгӕ Уӕрӕсейы Фе-дерацийы Гарзджын Тыхтӕм ӕфсӕддон службӕмӕ ӕмбӕстӕгты райсыны тыххӕй ӕфсӕддон хыгъды документтӕ цӕттӕ кӕнын ӕмӕ сӕ Республикӕ Цӕ-гат Ирыстон-Аланийы ӕфсӕддон къамиссариадмӕ адӕдтыны хъуыддаг.

Республикӕ Хуссар Ирыстоны Гарзджын Тыхты службӕ кӕныны рӕстӕджы ӕфсӕддон цинтӕ лӕвӕрд кӕмӕн ӕрцыд, Уӕрӕсейы Федерацийы Хъахъ-хъӕнынады министрады уӕлдӕр кӕнӕ астӕуккаг ӕфсӕддон  ахуыргӕнӕндон каст чи фӕцис, гъе та ӕфсӕддон кафедрӕйы запасмӕ афицертӕ цӕттӕ кӕны-ны программӕмӕ гӕсгӕ ӕнтыстджынӕй цӕттӕдзинад чи райста, паддзахадон, муниципалон ӕмвӕзадыл, кӕнӕ Уӕрӕсейы Федерацийы уӕлдӕр профессионалон ахуырады ӕнӕпаддзаха-дон ахуырадон уагдӕтты паддзахадон аккредитаци кӕмӕн ис ӕмбӕлон нысан-мӕздӕхт цӕттӕдзинадимӕ (дӕсный-ад), уыцы ӕмбӕстӕгтӕн банысангонд ӕфсӕддон цинтæ нымад цӕуынц.

Уӕлдӕр кӕнӕ астӕуккаг ахуырадон программӕмӕ гӕсгӕ паддзахадон  аккредитацимӕ гӕсгӕ ахуырадон ар-хайд чи ӕххӕст кодта, афтӕмӕй уӕл-дӕр кӕнӕ астӕуккаг ахуырдзинад чи райста, уыдонӕй Республикӕ Хуссар Ирыстоны Гарзджын Тыхты службӕ кӕныны рӕстӕ-джы прапорщикы ӕфсӕддон цин лӕвӕрд кӕмӕн ӕрцыд, уыцы ӕмбӕс-тӕгтӕн нымад цӕуынц Уӕрӕсейы Федерацийы Гарзджын Тыхтӕм контрактмӕ гӕсгӕ службӕ кӕнынмӕ цӕуыны рӕстӕджы.

Ӕфсӕддон службӕйы дӕргъвӕтиндзинадмӕ ахасты ӕмбӕстӕгтӕн хыгъдгонд цӕуы Уӕрӕсейы Федерацийы Гарзджын Тыхты службӕйы ӕмгъуыд.

Уац 5

Республикӕ Хуссар Ирыстоны Гарз-джын Тыхты хицӕн дӕлхӕйттӕ Уӕрӕсейы Федерацийы Гарзджын Тыхты скон-дмӕ куы бацӕуой, уый фӕстӕ Уӕрӕсейаг Фарс Хуссарирыстойнаг Фарсимӕ ӕмразыйӕ этапгай ӕххӕст кӕны Республикӕ Хуссар Ирыстоны Гарзджын Тыхты ӕфсӕддон службӕгӕнджыты мызд ӕмӕ ӕндӕр социалон бафыстьггӕ фӕфыл-дӕр кӕныны хъуыддаг.

Уац 6

Ацы Фидыды фӕлгӕтты адӕтгӕ информаци цыфӕнды формӕйы ӕмӕ мидисимӕ ма уа, уӕддӕр дзы пайда-гӕнӕн ис ӕрмӕстдӕр ацы Фидыд  реализаци кӕныны нысӕнттӕн. Дыууӕ Фарсӕй ӕмгуыстады фӕлгӕтты иуы райсгӕ информаци хъуамӕ зиан ма ‘рхӕсса Дыууӕ Фарсӕй кӕцыфӕндыйӕн дӕр.

Дыууӕ Фарсы сӕхимӕ бӕрндзинад исынц ацы Фидыд реализаци кӕныны рӕстӕджы сӕвзӕргӕ кӕнӕ райсгӕ информаци ӕртыккаг фарсмӕ ма адӕдтыны тыххӕй, развӕлгъау иннӕ Фарсимӕ фыстӕй ӕмразыдзинад нӕ райсгӕйӕ.

Ацы Фидыд реализаци кӕныны рӕстӕджы ӕмӕ йе ‘мгъуыд фӕуыны онг Дыууӕ Фарсы ‘хсӕн паддзахадон сусӕг-дзинады нысаниуӕг кӕмӕн ис, ахӕм информаци кӕрӕдзимӕ ӕрвитыны, йӕ сусӕгдзинад хъахъхъӕныны барӕнтӕ  ӕмӕ уавӕрты фӕтк бӕлвырд цӕуынц Республикӕ Хуссар Ирыстоны Хицауад ӕмӕ Уӕрӕсейы Федерацийы Хицауады ‘хсӕн сусӕг информаци ӕмхуызонӕй хъахъхъӕныны тыххӕй 2010 азы 7 сентябры фыстӕрцӕуӕг Фидыдӕй.

Дыууӕ Фарсӕн паддзахадон сусӕг-дзинады нысаниуӕг кӕмӕн нӕй ӕмӕ ӕргомӕй парахат кӕнын кӕй нӕ хъӕуы, ахӕм информаци кӕрӕдзимӕ ӕрвыст цӕуы «Службӕйон пайдакӕнынӕн» ны-санимӕ.

Банысангонд информаци райсӕг Фарс ифтонг кӕны йӕ бахъахъхъӕнын ӕмӕ дзы пайда кӕны йӕ паддзахады закъондӕдтынадмӕ гӕсгӕ.

Уац 7

Дыууӕ Фарсы ‘хсӕн ацы Фидыды уагӕвӕрдтӕ ӕмбарын кӕнын кӕнӕ сӕ пайда кӕнынимӕ бастуӕвӕг фӕзынгӕ быцӕутӕ Дыууӕ Фарс скъуыддзаг кӕ-нынц консультацитӕ ауадзгӕйӕ.

Уац 8

Дыууӕ Фарсы ӕмхуызон сразыдзинадмӕ гӕсгӕ ацы Фидыдмӕ гӕнӕн ис хаст ӕрцӕуой ивындзинӕдтӕ, кӕцытӕ фидаргонд цӕуынц хицӕн суагъӕтӕй.

Уац 9

Ацы Фидыд йӕ тыхы цӕуы, йӕ тыхы бацӕуыны тыххӕй ӕнӕмӕнгхъӕуӕг чи у, ахӕм мидпаддзахадон процедурӕтӕ сӕххӕст кӕныны тыххӕй Дыууӕ Фарсы кӕрӕдзийӕн фӕстаг хъусынгӕнинаг фыстӕй куы фехъусын кӕной, уыцы бонæй.

Ацы Фидыд арæзт цæуы Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн Æмцæдисад æмæ интеграцийы тыххæй 2015 азы 18 марты фыстæрцæуæг бадзырды архайды рæс-тæджы.

Фыст æрцыд Мæскуыйы 2017 азы 31 марты дыууæ экземплярæй, ал-кæцы дæр дзы ирон æмæ уырыссаг æвзæгтыл, уымæй дæр дыууæ текстæн дæр ис æмхуызон тых.

 

РЕСПУБЛИКÆ ХУССАР ИРЫСТОНЫ ПАРЛАМЕНТЫ УЫНАФФÆ

«Æфсæддон хæсы æмæ æфсæддон службæйы тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъонмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъоны тыххæй

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламент уынаффæ кæны:

  1. Райст æрцæуæд «Æфсæддон хæсы æмæ æфсæддон службæйы тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъонмæ ивындзиндтæ бахæссыны тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъон.
  2. Ацы Закъон æрвыст æрцæуæд Республикæ Хуссар Ирыстоны Президентмæ къух ыл æрфыссыны æмæ йæ ныммыхуыр кæныны тыххæй.
  3. Ацы Уынаффæ йæ тыхы цæуы йæ райсыны бонæй.

Республикæ Хусар Ирыстоны Парламенты Сæрдар ГАССИТЫ Петр

г.Цхинвал,

2017 аз 21 июль

 

 

РЕСПУБЛИКÆ ХУССАР ИРЫСТОНЫ ЗАКЪОН

«Æфсæддон хæсы æмæ æфсæддон службæйы тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъонмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй

Статья 1

«Æфсæддон хæсы æмæ æфсæддон службæйы тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъонмæ, кæцыйы райста Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламент 2010 азы 9 июны, бахаст æрцæуæд ахæм ивындзинæдтæ:

1)    31 статьяйы 1 пункты дыккаг абзац фыст æрцæуæд ахæм редакцийæ:

«æфсæддон службæгæнджытæ, кæцытæ æфсæддон службæ кæнынц æрсидтмæ гæсгæ, æмæ нæ баслужбæ кодтой 11 мæйæ къаддæр»;

2)  36 статьяйы:

а)  1 пункты дæлпункт «б»-йы нымæц «18» ивд æрцæуæд нымæц «12»-æй;

б) 2 пункты дæлпункт «а» фыст æрцæуæд ахæм редакцийæ:

а) æфсæддон службæгæнæгимæ, кæцы службæ кæны æрсидтмæ гæсгæ, кæнæ æндæр æмбæстагимæ, кæцы цæуы æфсæддон службæйы бынатмæ, æмæ йын штаты хынцыд æрцыд салдат, сержант, старшинайы æфсæддон ном, –  дыууæ азмæ кæнæ æртæ азмæ æмбæстаджы равзæрстмæ гæсгæ»;

в) 2 пункты дæлпункт «б» фыст æрцæуæд ахæм редакцийæ:

б) фæсарæйнаг æмбæстагимæ, кæцы цæуы æфсæддон службæйы æфсæддон бынатмæ, кæцыйæн штаты хынцыд æрцыд салдат, сержант, старшинайы æфсæддон ном, – фондз азмæ»;

г) 2 пункт дæлпункт «в» фыст æрцæуæд ахæм редакцийæ:

в) æфсæддон службæгæнæгимæ, кæцы æфсæддон службæ кæны æрсидтмæ гæсгæ кæнæ æндæр æмбæс-тагимæ, кæцы цæуы æфсæддон службæмæ, æфсæддон бынатмæ, кæцыйæн штаты хынцыд æрцыд прапорщикы кæнæ афицеры  æфсæддон ном, уыцы æмбæстæгтæй дарддæр, кæцытæ бацамынд æрцыдысты ацы пункты дæлпункт «д»-йы, – фондз азмæ»;

д) 4 пункт фыст æрцæуæд ахæм редакцийæ:

  1. Æфсæддон службæ рацæуыны тыххæй ног контракт фыст цæуы:

а) æфсæддон службæгæнæгимæ, кæцы у æмбæстаг, уыцы æфсæддон службæгæнæгæй дарддæр, кæцыйы тыххæй бацамынд æрцыд ацы пункты дæлпункт «б» кæнæ «в»-йы, – иу азы, æртæ азы, фондз азы, дæс азы кæнæ æбæ-рæг  æмгъуыдмæ (æфсæддон службæйы уæвыны кæройнаг кар æрлæуыны онг);

б) æфсæддон службæгæнджытæн, кæцытæ сты æмбæстæгтæ æмæ бацыдысты уæлдæр ахуырады æфсæддон ахуырадон организацимæ, – ахуыры рæстæджы æмæ  фондз азы æфсæддон службæ каст æй фæуыны фæстæ;

в) æфсæддон службæгæнджытæ, кæцытæ сты æмбæстæгтæ æмæ æфсæддон службæйы уæвыны рæстæджы схызтысты кæройнаг кармæ, – иу азы, æртæ азы, фондз азы, дæс азы кæнæ къаддæр æмгъуыдмæ.

Фыццаг контракты æмгъуыд фæуыны фæстæ æфсæддон службæгæнджытæ, кæцытæ сты фæсарæйнаг æмбæстæгтæ, рацух цæуынц æфсæддон службæйæ уыцы бындуртæ æмæ фæткмæ гæсгæ, кæцытæ бæрæг цæуынц ацы Закъоны æмæ æфсæддон службæ цæуыны фæткы тыххæй Уагæвæрды»;

е) 8 пункты нымæц «49» ивд æрцæуæд нымæц «47»-æй.

Ацы Закъон йæ тыхы цæуы официалонæй йæ ныммыхуыр кæныны бонæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Президент БИБЫЛТЫ Анатоли

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.