«Мидхъуыддæгты органты чи баслужбæ кодта, уыдоны æмæ сæ бинонты пенсион ифтонгады тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъонмæ ивындзинæдтæ бахæссыны фæдыл» Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъоны тыххæй

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламент уынаффæ кæны:

1.Райст æрцæуæд «Мидхъуыддæгты органты чи баслужбæ кодта, уыдоны æмæ сæ бинонты пенсион ифтонгады тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъонмæ ивындзинæдтæ бахæссыны фæдыл» Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъон.

  1. Ацы Закъон æрвыст æрцæуæд Республикæ Хуссар Ирыстоны Президентмæ къух ыл æрфыссын æмæ йæ ныммыхуыр кæныны тыххæй.

3.Ацы уынаффæ йæ тыхы цæуы йæ райсыны бонæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты

 Сæрдар Гасситы Петр

г. Цхинвал,

2018 азы 18 январь

 

РЕСПУБЛИКÆ ХУССАР ИРЫСТОНЫ ЗАКЪОН

«Мидхъуыддæгты органты чи баслужбæ кодта, уыдоны æмæ сæ бинонты пенсион ифтонгады тыххæй Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъонмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй.

Статья 1

Мидхъуыддæгты органты чи баслужбæ кодта, уыдоны æмæ сæ бинонты пенсион ифтонгады тыххæй «Республикæ Хуссар Ирыстоны 2012 азы 6 июны Закъонмæ хаст æрцæуæд ахæм ивындзинад:

II-æм статьяйы «б» пункт фыст æрцæуæд ахæм редакцийæ:

«б) 1-æм статьяйы амынд адæймæгтæ, кæцытæ æххæст æмгъуыд баслужбæ кæныны фæстиуæгæн, се ‘нæниздзинадмæ гæсгæ кæнæ та организацион-штатон мадзæлттæм гæсгæ сæрибар æрцыдысты се службæйæ æмæ сыл уыцы бонмæ сæххæст 45 азы, ис ын иумæйаг фæллойадон стаж æппынкъаддæр 25 календарон боны, кæцытæй 12 азы æмæ æхсæз мæйы службæ кодта мидхъуыддæгты органты, æмæ (кæнæ) æфсады, æмæ (кæнæ) рарастгæнæн-фæллойадон уагдæтты, æмæ (кæнæ) таможнæйон органты, æмæ (кæнæ) æххæсткæнынадон хицауиуæгады органы, кæцыйы дæлбар сты уæлвæткон уавæртæ æмæ æрдзон æнамонддзинæдтæ иуварс кæныны фарстатæ, æмæ (кæнæ) паддзахадон финансон контролы органы, æмæ (кæнæ) прокуратурæ æмæ тæрхондонон органы»

Статья 2

Ацы Закъон йæ тыхы цæуы официалонæй йæ ныммыхуыр кæныны бонæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент

 Бибылты Анатоли

 

РЕСПУБЛИКÆ ХУССАР ИРЫСТОНЫ ПАРЛАМЕНТЫ УЫНАФФÆ

 «Республикæ Хуссар Ирыстоны Хъалонты кодексы дыккаг хайы 465-æм статьямæ  ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъоны тыххæй

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламент уынаффæ кæны:

 

  1. Райст æрцæуæд Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъон «Республикæ Хуссар Ирыстоны Хъалонты кодексы 465-æм статьяйы дыккаг хаймæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй».
  2. Ацы Закъон æрвыст æрцæуæд РХИ-йы Президентмæ къух ыл æрфыссын æмæ йæ ныммыхуыр кæнынмæ.
  3. Уынаффæ йæ тыхы цæуы йæ райсыны бонæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты

Сæрдар Гасситы Петр

г. Цхинвал,

2018 азы 18 январь

 

 

РЕСПУБЛИКÆ ХУССАР ИРЫСТОНЫ ЗАКЪОН

«Республикæ Хуссар Ирыстоны Хъалонты кодексы дыккаг хайы 465-æм статьямæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй»

Статья 1

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хъалонты кодексы дыккаг хай 446-æм уац 34-æм сæр «Зæххы тыххæй хъалон»,  кæцы райста РХИ-йы Парламент 2014 азы 28 майы, баххæст кæнын 10 æмæ 11 пункттæй ахæм хуызы:

«10) РХИ-йы паддзахадон органты æмæ уагдæттæ-цы функцитæ сын ис, уыдон æххæст кæныны нысанæн сын лæвæрд цæуæг фадгуыты нысанæн;

11) Ногæй арæзт фермерон хæдзарадтæ 3 азы æмгъуыдмæ, зæххытæ сын цы бон лæвæрд æрцыд, уымæй»

Уац 2

Ацы Закъон йæ тыхы цæуы официалон æгъдауæй цы бон ныммыхуыр, уымæй.

РХИ-йы Президент

Бибылты Анатоли

 

РЕСПУБЛИКÆ ХУССАР ИРЫСТОНЫ ПАРЛАМЕНТЫ  УЫНАФФÆ

 «Республикæ Хуссар Ирыстоны Хъалонты кодексы дыккаг хайы 445-æм статьямæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъоны тыххæй

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламент уынаффæ кæны:

  1. Райст æрцæуæд Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъон «Республикæ Хуссар Ирыстоны Хъалонты кодексы дыккаг хайы 445-æм статьямæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй».
  2. Ацы Закъон æрвыст æрцæуæд РХИ-йы Президентмæ къух ыл æрфыссын æмæ йæ ныммыхуыр кæнынмæ.
  3. Ацы Уынаффæ йæ тыхы цæуы йæ райсыны бонæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты

Сæрдар Гасситы Петр

г. Цхинвал,

2018 азы 18 январь

 

РЕСПУБЛИКÆ ХУССАР ИРЫСТОНЫ ЗАКЪОН

«Республикæ Хуссар Ирыстоны Хъалонты кодексы дыккаг хайы 445-æм статьямæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй»

Статья 1

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты 2014 азы 28 майы райсгæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Хъалонты кодексы дыккаг хайы 34-æм сæр «Организациты мулкыл хъалон»-ы 445-æм статья баххæст æрцæуæд 7-æм пунктæй ахæм хуызы:

«7) Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон органтæ æмæ уагдæттæ – сæ функцитæ æххæст кæныны тыххæй цы исадæй пайда кæнынц, уымæ ахасты.

Статья 2

Ацы Закъон йæ тыхы цæуы официалонæй йæ ныммыхуыр кæныны бонæй

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент

Бибылты Анатоли

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.