Тыбылты Леонид Би-былты Анатолийы бакодта йæ кусæн бынатмæ æмæ йын ноджыдæр загъта æнтысты фæндиæгтæ йæ дарддæры куысты. Уый равдыста йе ‘ууæнк, цыдæриддæр саразинæгтæ ис, уыдон æххæст кæй æрцæудзысты адæмы æмæ республикæйы хæрзиуæгæн.

«Бузынг дын, Анатоли Ильяйы фырт, абоны фембæлды тыххæй. Уый ууыл дзурæг у, æмæ царды ис ахæм закъæттæ, кæцытæ мах хъуамæ æххæст кæнæм. Ацы ран мах дзурæм ууыл, æмæ раздæры хицауад æмæ ног хицауады æхсæн хъуамæ уа бастдзинад, æмæ уый хъуамæ ма фесæфа. Æвзæрстытæ ацыдысты, ды фæуæлахиз дæ. Ноджыдæр дын арфæ кæнын Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты бæрнон бынатмæ æвзæрст кæй æрцыдтæ, уый фæдыл. Фидарæй мæ уырны, цы фæндтæ дæм ис, уыдон æххæст кæй цæудзысты республикæйы адæмы хæрзиуæгæн æмæ къухы кæй бафтдзысты», – загъта Тыбылты Леонид.

Президент Бибылты Анатоли бузныг загъта Тыбылты Леонидæн æвзæрстыты программæйы тыххæй, уымæн æмæ уый ацыди аккаг æмвзадыл.

«Мах нæ бæстæйы æвзæрстытæ ауагътам, размæдзыд адæммæ куыд вæййы, афтæ  æмæ уый æвдисæн у не ‘хсæнады демократондзинадæн. Нæ дарддæры къахдзæфтæ хъуамæ здæхт уой ацы принциптæ бахъхъхъæнынмæ. Æз бузынг дæн ды 2012 азæй фæстæмæ цы куыст бакодтай, уый тыххæй. Фидарæй мæ уырны, ды цы бындур æрæвæрд-тай æмæ цы хъуыддæгтæ сарæзтай, уыдонæй пайдагонд кæй æрцæудзæн нæ республикæйы, не ‘хсæнады, адæймаджы æмæ æмбæстаджы дарддæры рæзты сæраппонд», – загъта Президент.

Бибылты Анатоли ноджыдæр банысан кодта, зæгъгæ, ахæм хорз æмвæ-задыл æвзæрстытæ уадзыны фæлтæрддзинад хъæуы бахъахъхъæнын.

«Ноджыдæр дын стыр бузныг, нæ бæстæйы æвзæрстытæ ахæм хорз æмвæзадыл уагъд кæй æрцыдысты, уый тыххæй. Æхсæнадæмон хъусдарджытæ кæй кой кодтой, уыцы демократион æмвæзадыл. Фидарæй мæ уырны, æвзæрстытæ уадзыны демократондзинад æмæ æргомдзинад хъæуы бахъахъхъæнын æмæ æрфидар кæнын», – йæ ныхасмæ ма бафтыдта Президент.

Фембæлды рæстæджы Тыбылты Леонид загъта Бибылты Анатолийæн æнæниздзинады æмæ æн-тысты фæндиæгтæ йæ    дарддæры куысты.

«Ацы фондз азы æз бакуыстон æнæзæрдæхудтæй. Абон æз мæ адæмы æмæ республикæйы раз дæн æнæзæрдæхудт, æмæ нæ адæмимæ уыдзынæн кæддæриддæр. Цæрдзынæн дарддæр дæр мæ бæстæйы, æмæ кæддæриддæр ме ‘ххуыс куы бахъæуа, уыдзынæн цæттæ. Демæ æз уыдзынæн, демократон паддзахады куыд хъуамæ уа, ахæм хорз ахастыты. Би-рæ нын ис саразинаг, фæлæ нын абон Уæрæсейы Федерациимæ цы ахастытæ рæзы, уыдон ахъаз сты нæ адæмы хæрзиуæгæн æппæт фæндтæ сæххæст кæнынæн. Ноджыдæр дын бузныг абоны фембæлды тыххæй. Мæ цæст дын уарзы æнæ-низдзинад æмæ æнтыстытæ дæ дарддæры куысты», – загъта Тыбылты Леонид.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.