Зынаргъ æмбæстæгтæ!

Рæстæджы цыд нымайы 2017 азы фæстаг минуттæ. Ацы аз Хуссар Ирыстонæн йедзаг уыд алыгъуызон цаутæй, уыцы нымæцы политикон царды дæр æмæ ноджыдæр ирдæй фенын кодта нæ адæмы хуыздæр миниуджытæ – кæрæдзийæн барын, куырыхондзинад, æмбæстагдзинады æнкъарынад, хисæрмагонд интерестæй иумæйаг интерестæ бæрзонддæр æвæрын.

Республикæ аккагæй рацыд, хуымæтæг чи нæ уыдысты, ахæм цаутæ æмæ процесстыл, бæстæйы паддзахаддзинады сырæзт æмæ йæ политикон системæйы фидардзинад уынын кæнгæйæ.

Махæн, къахдзæф къахдзæфы фæстæ аразгæйæ, нæ къухты æфты экономикон æмæ социалон фарстатæ скъуыдддзаг кæнын, бындур æвæрд æрцыд дарддæры æнтыстытæн æмæ мæ бузныг зæгъын фæнды, чи куыста, арæзта, ног идеятæ чи размæ кодта, уыдонæн. Зæгъын сын бузныг уæлахизтæ æмæ  æнтыстыты, æмбарыны æмæ æууæнчы тыххæй.

Мах æхцон зæрдæйæ æмæ ныфсимæ кæсæм фидæн азмæ, кæцыйы æрбалæудмæ ма баззад  хæрзчысыл рæстæг. Ног азы къæсæрыл мах фæфæнды, цæмæй нæ бæллицтæ сæххæст уой, нуазæн сисæм æмæ ракувæм æнæниздзинады, фæрныгады тыххæй, нæ бинонты, хæлæртты æмæ æгæрон уарзтæй кæй уарзæм, уыцы Райгуырæн бæстæйы дидинрафтыдæн. Уыцы фæндиæгтæ сæххæст кæнын та бирæбæрцæй кæнгæ у нæхицæй.

Ацæугæ азæн хæрзбон дзургæйæ, ивгъуыд азы ныууадзын хъæуы дызæрдыгдзинæдтæ æмæ ныфс бауадзат уæхи, баууæндат уæ тыхтыл. Махæн нæ бон у, нæ хъарутæ, нæ хъуыдытæ æмæ  тырнындзинæдтæ баиу кæнгæйæ, стыр æмæ чысыл хъуыддæгтæй нæ цард фæхуыздæр кæнын. Мæ зынаргъ ӕмбӕстӕгтӕ!

Уадз, нӕ хуыздӕр бӕллицтӕ, сыгъдӕг хъуыдытӕ ӕмӕ фӕндтӕ иууылдӕр сӕххӕст уӕд. Уадз, алы хӕдзары дӕр фысымиуӕг кӕнӕд циндзинад ӕмӕ уарзондзинад. Уадз, рӕсугъддӕр ӕмӕ аивдӕр кӕнӕд нӕ уынгтӕ, нӕ горӕттӕ ӕмӕ хъӕутӕ!

Сабыр арвы бын дидинӕг ӕфтауӕд нӕ Ирыстон, Паддзахад Алани! Мӕ зӕрдӕ уын зӕгъы амонд,  ӕнӕниздзинад ӕмӕ фӕрныгад!

Фарн ӕмӕ зӕрдӕйы рухс уӕд уӕ хӕдзӕртты!

Ног, 2018 азы хорзӕх уӕ уӕд!

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.