Цытджын æмбæстæгтæ æмæ республикæйы уазджытæ!

Æмбæлттæ салдаттæ, сержанттæ æмæ прапорщиктæ!

Æмбæлттæ афицертæ æмæ инæлартæ !

Растдæр 27 азы размæ, 1990 азы 20 сентябры Хуссар Ирыстоны адæмон депутатты Советы сесси Уынаффæ рахаста Хуссар Ирыстоны автономон областы Республикæ Хуссар Ирыстонмæ рацаразыны тыххæй. Ацы паддзахадон-барадон акт здæхт уыд Хуссар Ирыстоны автономийы юридикон гарантитæ бахъахъхъæнынмæ, кæцыйы аивын фæнд кодтой Советон Гуырдзыстоны хицауад бацахсæг гуырдзиаг националисттæ.

Гуырдзыстоны рапарахат агрессивон националистон пропагандæ, кæцыйы фæстиуæгæн сырæзт ирон адæммæ истерион æнæуынондзинады ахаст. Хæдуагæвæрдмæ сæ бартæ бахъахъхъæныны тыххæй Хуссар Ирыстоны бафæлвæрдтытыл Тбилисы сæмбæлдысты сæнтдзæф фыдзæрдæйæ. Гуырдзыстоны Уæлдæр Совет райста акт Хуссар Ирыстоны автономи аиуварс кæныны тыххæй. Гуырдзыстоны ‘рдыгæй райдыдта ирон цæрджыты геноцид, этникон æгъдауæй ирæтты ссыгъдæг кæныны архайдтытæ, хæстон агресси.

Йæ паддзахаддзинад фидар кæнгæйæ, æвзонг республикæйæн йæ бон ссис хибахъахъхъæнынад сорганизаци кæнын, æмæ æппынфæстагмæ сæрибардзинад æмæ паддзахадон хæдбардзинад райсын. Уыцы иурæстæджы 1990-1992, 2004 æмæ 2008 азты дæр Гуырдзыстоны архайдтытæ бирæ хæттыты бафидар кодтой, зæгъгæ, 1990 азы 20 сентябры нæ адæм сарæзтой иунæг раст равзæрст. Номхуындæй, республикæ саразыны руаджы къухты бафтыд Хуссар Ирыстоны ирон цæрджыты æххæстæй сæ зæххæй фæсурой кæнæ сæ скуынæг кæной, уый гуырдзиаг агрессорты ма бауадзын.

Хуссар Ирыстоны бахъуыд бирæ азты дæргъы тохты æмæ зындзинæдтыл рацæуын. Знаджы æрбабырстытæ бауромыны тыххæй бахъуыд республикæйы æппæт фæсауæрцты æххæст мобилизаци. Сæ ныхмæ фæлæууынæн махæн баххуыс кодта æфсымæрон Уæрæсе. Нæ адæмыл æрцыд иттæг стыр зиæнттæ, практикон æгъдауæй куынæг æрцыд республикæйы экономикæ, фæлæ уæддæр иу къахдзæф дæр фæстæмæ нæ сарæзтам хисæрмагонд паддзахаддзинад саразыны тыххæй нæ  равзæрст фæндагæй.

Ныртæккæ Хуссар Ирыстоны адæм цæрынц сабыр арвы бын æмæ фæллой кæнынц сæ Райгуырæн бæстæйы фæрныгадæн. Мах уынæм, экономикон æндидзынадмæ бæстæ ныфсджын къахдзæфтæй кæй цæуы. Уый у нæ диссаджы Фыдыбæстæйы уыцы дидинæфтыд, кæцымæ бæллыдысты æнусты дæргъы нæ адæм æмæ кæцы ссис æууæнкдзинад, фидардзинад, æхсардзинады аккаг хорзæх.

Ацы рæсугъд бæрæгбоны мах алыхатт дæр æрымысæм, абон нæ фарсмæ чи нал ис, уыдоны, кæцытæ хъуамæ махимæ адих кодтаиккой ацы цытджын боны циндзинад. Мах нæ зæрдыл дардзыстæм уыдоны, кæцытæ арæзтой Хуссар Ирыстоны паддзахаддзинад, уыдоны, кæцытæ бахъахъхъæдтой республикæйы, кæцытæ сæ адæмы тыххæй рауæлдай кодтой сæ цард. Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты, уæрæсейаг хæстонты, Ирыстоны æппæт фырттæ æмæ чызджыты рухс нæмттæ, кæцытæ фæмард сты сæрибардзинадыл тохы азты, æнустæм цæрдзысты нæ адæмы мысынады.

Курæг уæ дæн, иу уысм æмырæй алæууынæй сын ссарæм сæ рухс нæмттæ.

Зынаргъ хæлæрттæ!

Национ сæрыстырдзинад æмæ сæрибардзинады сæрыл тохы Хуссар Ирыстон æнкъардта Абхаз, Приднестровье, Хæххон Къарабах, æппæт Кавказы, Турчы кавказаг диаспорæйы æмæ æндæр бæстæты фидар æххуыс.  Махæн немæ кæддæриддæр уыдысты не ‘фсымæртæ Цæгат Ирыстонæй, кæцытимæ мах æдзух стæм иумæ, циндзинады бон уа æви зын фæлварæнты рæстæг, уæддæр.

Уыимæ иумæ уæлахизы скъуыддзаг-гæнæг фактор Хуссар Ирыстонæн ссис Уæрæсейы æххуыс, кæцы кæддæриддæр æрбалæууы нæ фарсмæ. Уæрæсеимæ мах бастам æппæт нæ ныфсытæ, Уæрæсейыл мах æууæндыдыстæм, уæрæсейаг æфсадимæ нæ зæхмæ æрцыд са-бырад. Нæ республикæйы хæдбардзинад банымайыны тыххæй Уæрæсе цы историон уынаффæ райста, уый нысан кодта, нæ адæмы хъизæмæрттæн кæрон кæй æрцыд, Хуссар Ирыстонæн æндидзынады æмæ дидинрафтыды дуджы райдиан байгом кæнгæйæ. Стыр Уæрæсеимæ æнгом цæдис, кæцы бындуриуæг кæны фидар бадзырдон-барадон базæйы, у фидар гаранти Хуссар Ирыстоны æнтысгæ æмæ æдас фидæнæн.

Уæрæсеимæ нæ æмцæдисадæн ирд бæлвырдгæнæн сты нæ сæйраг горæты сæйраг фæзуаты ацы бæрæгбоны Хуссар Ирыстоны хæстонтимæ лæууæг уæрæсейаг æфсæддонтæ. Хуссар Ирыстоны æппæт адæмы номæй æз ногæй бузныг зæгъын æфсымæрон Уæрæсейæн, Уæрæсейы Федерацийы разамынадæн йæ сæргъ Владимир Путин, афтæмæй, не ‘мбæстæгтæй бирæты цард кæй фервæ-зын кодтой, нæ бæстæйы сæрмæ ирд арв кæй ис, афтæ ма се ‘ххуысы тыххæй дæр.

Цытджын æмбæстæгтæ!

Республикæйы боны бæрæгбон у цытджын символ фæуæлахизуæвæг Хуссар Ирыстоны адæмæн æмæ республикæйы паддзахаддзинад аразын чи райдыдтой, Хуссар Ирыстоны сæрибардзинад хæцæнгарзимæ чи хъахъхъæдтой, зæхх чи куыстой, дзул чи фыхтой, цæфты чи дзæбæх кодтой, сывæллæтты чи ахуыр кодтой, уыдонæн бузныджы нысан. Ацы бæрæгбон у æппæт уыдоны, намысджынæй чи фæллой кодтой – алчи йæ бынаты – Хуссар Ирыстоны сабыр æмæ аккаг фидæны сæраппонд.

Адæмон иудзинад, нæ æфсымæрдзинады æнкъарынад, кæцыты мах æнкъардтам æмæ æмбæрстам сæрибары сæрыл тохы азты, радта тыхтæ, ныфс æмæ æххуыс кодта нæ адæмæн уыцы зындзинæдтæн сфæразыны, баххуыс кодта уæлахиз къухты бафтын кæнынæн. Афтæ иумæ нæ иудзинад хъахъхъæнгæйæ, махæн нæ бон суыдзæн Хуссар Ирыстонæй ахæм дидинæфтауæг бæстæ саразын, кæцыйæ сæрыстыр уыдзысты фидæны фæлтæртæ дæр.

Республикæйы чи арæзта, хъахъхъæдта æмæ йæ рæзтыл чи куыста, уыдонæй бирæты сывæллæттæ æмæ сы-вæллæтты сывæллæттæн сæ райгуырдæй фадат ис цæрой сæ фыдæлты сæрибар зæххыл, æрмæстдæр уый тыххæй дæр хъуыди рацæуын сæрибардзинады сæрыл тохы уыцы фæндагыл, кæцы бæлвырд æрцыд 1990 азы 20 сентябры Хуссар Ирыстоны адæмон депутатты советы хъысмæтскъуыддзаггæнæн уынаффæйы.

Арфæ уын кæнын бæрæгбоны цытæн, зынаргъ хæлæрттæ!

Уадз, нæ Райгуырæн бæстæйы сæрмæ кæддæриддæр уæт сабыр арв!

Уадз, национ иудзинад æмæ æмзæрдæдзинад кæддæриддæр фысымиуæг кæнæд нæ Фыдыбæстæйы!

Уадз, алайнаг зæххыл алы бæрæгбон дæр нысан цæуæт ног æмæ ног æнтыстытæй æмæ адæмы хуыздæр цардæй!

Уæлахиз уæд Республикæ Хуссар Ирыстон!

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.