«Россия 24»: Уæрæсейы æрдыгæй Хуссар Ирыстонæн æххуысы гуырахст 2016 азы уыдзæн 8 миллиард сомæй фылдæр. Уый тыххæй фехъусын кодта Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путин йæ хуссарирыстойнаг коллегæ Тыбылты Леонидимæ фем-бæлды рæстæджы. Уыцы суммæйæ 3,6 миллиард сомы у Инвестицион программæйы хай, кæцы развæлгъау нысан æрцыд 2017 азы онг. Хуссар Ирыстоны сæргълæууæг ныртæккæ у не студийы уазæг. Леонид Харитоны фырт, дæ бон хорз. Радзурма, уыцы æхцатæ цæуыл хардз æрцæудзысты, кæцы хай дзы бахардз уыдзæн цæрæнуат æмæ инф-растуктурæйы арæзтадыл, абоны бон республикæйы къухдариуæгадæн ацы фарст цас ахсджиаг у?

Тыбылты Леонид: Уæрæсейæ цы финансон æххуыс цæуы, уый иууылдæр хардз цæуы республикæйы æндидзынадыл æмæ экономикæйы рæзтыл. 3,6 миллиард сомæн йæ фылдæр хай хардз цæуы арæзтадыл. Ацы аз дæр æмæ фидæнмæ дæр мах сараздзыстæм 300 фатеры. Уыцы цæрæнуат арæзт цæуы республикæйы æмбæстæгтæн, кæцытæ цæрæнуатмæ лæууынц рады æмæ 2008 азы Гуырдзыстоны æрдыгæй хæстон агрессийы фæстиуæгæн сæ цæрæнуат кæмæн ныппырх, уыдонæн. Иннæ хай та хардз æрцæудзæн фæндæгты арæзтадыл, горæт Цхинвалы хæрзарæзтадыл. Горæты сæйраг уынгтæй ацы аз схæрзарæзт кæндзыстæм 11. Æмæ 2016 азы кæрон Цхинвалы уынгты хæрзарæзт кæнын кæронмæ бахæццæ уыдзæн. Нæ бон зæгъын у, уыцы æхцатæ хардз æрцæудзысты, Инвестпрограммæйы нысан цы объекттæ æрцыд, уыдоныл, кæцытæ фидар æрцыдысты Æхсæнхицауадон къамисы рабадтытæй сæ иуы.

«Россия 24»: Абон зæронд æмæ аварион цæрæнуаты программæ куыд реализаци цæуы, цас актуалон у? Ды ма загътай, зæгъгæ, фæрæзтæ хардз цæуынц фæндæгтыл. Куыд аргъ кæныс рес-публикæйы фæндæгты абоны уавæрæн?

Тыбылты Леонид: Республикæйы фæндæгты уавæрæн абон скæнæн ис рæстæмбис аргъ. Мах фæндæгтæ сарæзтам Ленингор æмæ Знауыры районты центртæм. 2016 азы фæндаг аразæм хæххон цæрæн пункт Къуайсамæ. Æмæ ацы аз нысан æрцыд, цæмæй фæхуыздæр уа фæндаджы уавæр, кæцы цалцæг нæ цыд 30 азы бæрц. Уый тыххæй мæ бон банысан кæнын у, фæндæгты арæзтады фадыджы цы аразæм, уымæй райгонд стæм æмæ ис хорз æмвæзадыл. Фæндæгты тыххæй мах рахицæн кæнæм стыр суммæ, æмæ ма мæ уæлæмхас банысан кæнын фæнды, 2016 азы фæуд кæнæм Синагур-Карзманы фæндаджы арæзтад, кæцы нæ уыд советон дуджы дæр æмæ цæуы хæхтыл. Раст зæгъгæйæ, мах бацыдыстæм уымæ, æмæ цæрæн пункттæ иууылдæр республикæйы столицæ Цхинвалимæ баст уыдзысты фæндæгтæй.

«Россия 24»: Афтæ ма зонын æмæ ды фембæлдтæ «Газпром»-ы сæргълæууæг Алексей Миллеримæ. Радзурма цæуыл бадзырдтат, цы æмгъуыдмæ æмæ цавæр æхцатæй арæзт цæудзæн транспортон структурæ?

Тыбылты Леонид: Æцæгæйдæр, знон фембæлдтæн «Газпром»-ы къухдариуæггæнæг Алексей Миллеримæ. Нæ фембæлд ацыд хъарм æмæ хæларадон уавæры, уый æмбаргæйæ, æмæ республикæйы цæрæн пункттæ иууылдæр не сты газификацигонд. Мах ныззаказ кодтам Хуссар Ирыстоны газификацийы генералон схемæ, райстам æй æмæ йæ сфидар кодтам. Ныр Уæрæсейы «Газпром»-æй курæг стæм, цæмæй куыст адарддæр кæна уыцы здæхты. 2009 азы газ æрцыд республикæмæ, фæлæ æрдзон газæй пайда кæнынц æрмæстдæр горæт Цхинвалы цæрджытæ æмæ уымæ æввахс цæрæн пункттæ. Мах фæнд кæнæм, цæмæй куыст дарддæргонд æрцæуа, æмæ иннæ цæрæн пункттæ дæр ифтонг æрцæуой æрдзон газæй. Уыцы хъуыддаджы мах бамбæрста Уæрæсейы «Газпром»-ы къухдариуæгад, уый тыххæй æз бузныг дæн сæрмагондæй йæ къухдариуæггæнæг Алексей Борисы фырт Миллерæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, кусдзыстæм техникон фарстатыл дæр. Сæйраг фарст хауы финанскæнынадмæ. Хуссар Ирыстоны сгазификаци кæнын Инвес-тицион программæйы фæлгæтты нысан не ‘рцыд, уымæн серьезон финансон фæрæзтæ кæй хъæуы, уый тыххæй. Нырма уал республикæйы кусæм фыццаградон приоритетон фарстатыл, уый тыххæй Уæрæсейы уæлдæр къухдариуæгадимæ мах бакуыстам ахæм фарстайыл, цæмæй Хуссар Ирыстоны газификаци арæзт æрцæуа «Газпром»-ы хыгъдæй. Ацы фарстыл ма мах ноджыдæр уынаффæ кæндзыстæм.

«Россия 24»: Ома, цæрæн пунктты газификацийы финанс кæндзæн «Газпром»?

Тыбылты Леонид: Абоны онг Хуссар Ирыстонмæ цы газуадзæн цæуы, уый финансгонд æрцыд «Газпром»-ы хыгъдæй, уый стыр суммæ у. Æз æй куыд банысан кодтон, афтæмæй 2009 азы республикæмæ газ æрцыд Уæрæсейæ. Ныр сæйраг фарст у, цæмæй газ бацæуа республикæйы цæрджытæй алкæйы хæдзармæ дæр, æз зæгъын, горæтæй дарддæр алы цæрæн пунктмæ дæр.

«Россия 24»: О, газификацийы мидæггагон хызæг. Цхинвалæй дæрддаг цæрæн пункттæ газификацигонд кæд æрцæудзысты, уыцы æмгъуыдтæ бæрæг сты?
Тыбылты Леонид: Мах æрæвнæлдтам уыцы фарстыл уынаффæ кæнынмæ.

«Россия 24»: Афæдзæй цъус хуыздæр Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстон Бадзырд сарæзтой арæнты тыххæй. Абон уый куыд кусы? Афæдзы дæргъы исты ивындзинæдтæ банкъардтат ацы Бадзырдмæ гæсгæ.

Тыбылты Леонид: Ам зæгъæн ис уый тыххæй, æмæ Бадзырд, кæцы арæзт æрцыд Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы ‘хсæн, арæзт æрцыд раздæр. Æмæ республикæйы Паддзахадон æдасдзинады арæнхъахъхъæнæг службæйы комитетимæ иумæ Уæрæсейы Æдасдзинады федералон службæйы арæнхъахъхъæнæг управлени йæхимæ райстой паддзахадон арæны хъахъхъæнын. Абон Æмцæдисад æмæ интеграцийы тыххæй бадзырды цы банысан кодтам, уый ноджыдæр уæрæх кæны Уæрæсейы Æдасдзинады федералон службæйы Арæнхъахъхъæнæг управленийы архайды фæзуат. Хуссар Ирыстон хъахъхъæд кæй у, йæ арæнтæ кæрæй кæронмæ хъахъхъæд кæй цæуынц, уый абон мах æнкъарæм.

«Россия 24»: Бадзырды развæлгъау нысан уыд Уæрæсейы æмбæстагдзинад хуымæтæгдæр схемæйæ райсын. Хуссар Ирыстоны цæрджытæн абон уый цас актуалон у?

Тыбылты Леонид: Уый тынг ахсджиаг хъуыддаг у, уый нысан æрцыд Бадзырды æмæ скъуыддзаг цæуы. Принципмæ гæсгæ, фактон æгъдауæй бæрæг æрцыдысты ацы фарст аскъуыддзаг кæныны фæндæгтæ. Знон Владимир Владимиры фыртимæ фембæлды рæстæджы мах уынаффæ кодтам, Æмцæдисад æмæ интеграцийы тыххæй бадзырды нысангонд æндæр ахсджиаг фарстатимæ ацы фарсты фæдыл дæр. Ам дæр кæронмæ кæрæдзи бамбæрстам, æмбæлон структурæтæ кусынц æмæ не ‘мбæстæгтæн тагъд рæстæ-джы фадат уыдзæн фæхуымæтæгдæргонд схемæмæ гæсгæ Уæрæсейы æмбæстагдзинад райсынæн.

«Россия 24»: Леонид Харитоны фырт, абон йæхи куыд æнкъары чысыл æмæ астæуккаг бизнес, хъалонтæ фидынц, цас сæ бон у уыдонæн бюджетæн сæхи хъалонтæй æххуыс кæнын?

Тыбылты Леонид: Мæн фæнды банысан кæнын уый, æмæ фæстаг рæстæджы, раст-дæр зæгъгæйæ, фæстаг дыууæ азы, республикæйæн йæхи сæрмагонд æфтиæгтæ фæфылдæр сты практикон æгъдауæй 2-3 хатты. Æмæ абон махæн уæндонæй нæ бон у зæгъын уый, æмæ цы фарстытыл æмбæлæм, уыдонæй нæ бон у хисæрмагонд æфтиæгты хыгъдæй бирæты аскъуыддзаг кæнын. Уый дзурæг у ууыл, æмæ чысыл æмæ астæуккаг бизнес кæй рæзынц. Æмæ дæ фарстайæн, зæгъгæ, хъалонтæ фидынц, сдзуапп кæндзынæн, о, фидынц. Æцæгæй дæр фидынц æмæ сын ис, йæ рæстæджы сын паддзахад уыцы нысæнттæн, ома, амалиуæгад æмæ бизнесы рæзты нысанæн цы финансон фæрæзтæ радта, уыдоны фæстæмæ раздахыны фадат. Уый æддейæ ма, мæ фæнды банысан кæнын, Хуссар Ирыстоны арæзт кæй цæуынц хорз уавæртæ инвестициты æрбакæнынæн, æмбæлон закъон-дæттынад ис, æмæ иууыл сæйрагдæр та бизнес хъуамæ хъахъхъæд цæуа, ахæм уавæртæ республикæйы арæзт æрцыдысты æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, мах ныфс ис, чысыл æмæ астæуккаг бизнес æмæ амалиуæгад кæй рæздзысты. Фæлæ ма уыдон æддейæ махмæ ис бирæ фæндæттæ зындгонд амалиуæггæнджытæй, уыцы нымæцы Хуссар Ирыстонæй рацæугæтæй дæр, кæцытæ план кæнынц Хуссар Ирыстонмæ æрцæуын, цæ-мæй бынаты рæзын кæной кондад æмæ бизнес. Ома, уыцы хæслæвæрдмæ гæсгæ, кæцымæ гæсгæ æнæмæнгхъæуæг у импортбаивыны рæзт, мах кусдзыстæм, æмæ нын ныридæгæн ис ацы здæхты фыццаг къахдзæфтæ.

«Россия 24»: Цæй æмæ йæ сбæлвырд кæнæм, кæцы фадгуытæм цæуынц инвестортæ, фылдæр сæ цы цымыдис кæны?

Тыбылты Леонид: Инвестор сæйраджыдæр цæуы хъæу-уон хæдзарадмæ. Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ республикæ алыхатт дæр уыд аграрон, зæхх у хъæздыг æмæ дзы пайда гæнæн ис фосдардæн дæр æмæ зайæгкуыст кæныны тыххæй дæр, ис хорз фæндæттæ зындгонд амалиуæггæнджытæй нæ зæххыты алыгъуызон салаттæ зайын кæныны тыххæй. Æрмæст мидæггагон фæлхасгæнджытæн нæ, фæлæ ма уый тыххæй дæр, цæмæй махæн нæ бон уа æмбæлон продукцийæ уæрæсейаг базар ифтонг кæнын дæр.
«Россия 24»: Æмæ Хуссар Ирыстон хъæууон хæдзарады æмæ продукттæй æмбæрзы йæ-хи сæрмагонд домæнтæ?

Тыбылты Леонид: Зæгъдзынæн æй æргомæй, кæронмæ нæма. Фæлæ хъæууон хæдзарады рæзты хаххы фæдыл арæзт цæуынц къахдзæфтæ. Æрхæсдзынæн иу цæвиттон, нæ республикæйы Знауыры районы ивгъуыд аз æххæст æрцыд проект хъæууон хæдзарады хаххы фæдыл томаттæ, цъæхыгтæ, джитъритæ зайын кæныны фæдыл. Æмæ практиконæй 2015 азы Хуссар Ирыстоны цæрджытæ, сæйраджыдæр Цхинвалы чи цæры, уыдон ифтонг æрцыдысты хъæууон хæдзарады продуктты ацы хуызтæй. Ацы аз ацы цæвиттон пархат цæуы Цхинвалы æмæ Ленингоры районты, цыран ис æмбæлон уавæртæ хъæууон хæдзарады рæзтæн.

«Россия 24»: Æцæгæйдæр, хур ис, зæхх ис, цы ма хъæуы æндæр æнтыстæн?

Тыбылты Леонид: Кусæг къухтæ… Æмæ мах хизæм куысты культурæмæ. Фарст ис уый мидæг, æмæ фæстаг азты дæргъы 2008 азы онг республикæ уыд хæстон уавæры æмæ цæр-джытæ архайдтой сæхи æмæ сæ адæмы бахъахъхъæныныл. Ныр, сæрибар æмæ нымад бæстæйы уавæрты, адæм хизынц сабыр куыстмæ. Уымæ гæсгæ хъуыды кæнын, хъæууон хæдзарад йæ хорз рæзты кæй ратдзæн серьезон фæстиуджытæ уый тыххæй, цæмæй мах ма уæм æддагон базары дæлбар, цæмæй нæхдæг нæхи ифтонг кæнæм.

«Россия 24»: Ды загътай, зæгъгæ, хур æмæ зæххæн æнæмæнгхъæуæг сты кусæг къухтæ, иумиагæй уыдон фаг кæнынц, цæрджыты архайдмæ гæсгæ? Æгуыстдзинад уæм ис?

Тыбылты Леонид: Ам хъæууон хæдзарады ис фаг кусæг къухтæ æмæ ма бафтаудзынæн уымæ, кæй ис фаг фæндондзинад дæр, адæм сæхи æппарынц куыстмæ. Мах банысан кодтам чысыл амалиуæгады рæзты фадыджы куыст æмæ ам, кæй зæгъын æй хъæуы, республикæйы ис фаг бирæнымæц фермерон хæдзарадтæ, кæцытæ архайынц хъæуы.

«Россия 24»: Æмæ хицауад æххуыс кæны фермертæн?

Тыбылты Леонид: Æххуысы тыххæй куы дзурæм, уæд, кæй зæгъын æй хъæуы, æппæт фермертæ æмæ амалиуæггæнджытæн дæр сæ архайды райдианы æххуыс кодтам, кæцыйы руаджы уыдон абон дарддæр кусынц.

«Россия 24»: Уыдон кредиттæ кæнæ фæкъадæрггонд хъалонтæ сты?

Тыбылты Леонид: Сæйраджыдæр, кредиттæ ахæм æнхъæлцæй, цæмæй уал уыдон слæууой сæ къæхтыл, æмæ уый фæстæ сæ бон дзуапп кæнын суа хъалонты фадыджы æппæт фарстытæн.

«Россия 24»: Цæй æмæ адзурæм социалон экономикæйыл дæр. Ды загътай, зæгъгæ, адæм ныртæккæ сæйраджыдæр æрæмбырд сты горæты, хъæуты цъусдæр адæм ис. Сæхи куыд æнкъарынц бюджетон кусджытæ, чи ис паддзахадон службæйы?

Тыбылты Леонид: Бюджетон кусджытæ абон сæхи æвзæр не нкъарныц, уымæн æмæ 2013 азæй райдайгæйæ бюджетон кусджытæн сæ мызд фæфылдæр кодтам 50%, æмæ бюджеты фадыджы астуæккаг куыстмызд у Цæгат Ирыстон-Аланийы астуæккаг куыстмызды 90-95%. Æз нымайын афтæ, æмæ куыстмыздтæ хорз фæфылдæр сты. Фæлæ абон, мах сæйраг Бадзырды реализацимæ куы цæуæм, кæцыйыл мах къухтæ æрфыстам ивгъуыд аз æмæ йæ нысан у цæрджыты цардуагон æмвæзад фæбæрзонддæр кæнын, мах ныфс ис, уæлæмхасæй, ацы азæй райдайгæйæ, мах этапгай кæй бæрзонддæр кæндзыстæм бюджетон кусджыты куыстмызд æмæ практиконæй республикæйы паддзахадон структурæты æппæт кусджытæн. Уæдæ æз нымайын афтæ, æмæ астæуккагæй царды æмвæзад сырæзт æмæ дарддæр дæр рæздзæн.

«Россия 24»: Иу азы фæстæ Хуссар Ирыстоны уыдзысты президентон æвзæрстытæ, ды дæхи цæттæ кæныс дыккаг æмгъуыдмæ?

Тыбылты Леонид: Æз арæх дзуапп кæнын ацы фарстæн æмæ алыхатт дæр банысан кæ-нын, нырма кæй ис фаг рæстæг, хъæуы кусын æмæ мæ куысты фæстиуджытæ равдисын. Конституци бар дæтты архайæг Президентæн æвзæрстыты дыккаг æмгъуыдмæ бацæуын… Принципы, гæнæн ис æмæ ацы фадатæй архайæг Президент спайда кæна.

«Россия 24»: Ома, гæнæн ис æмæ ды баззайай?

Тыбылты Леонид: О, æз дзурын архайæг Президентыл. Мæхиуыл.

«Россия 24»: Хуссар Ирыстон цы бавзæрста, уымæ нæ кæсгæйæ, бæстæ хъуамæ йæхи-мæ æлваса туристты, куыд у ацы фарст та?

Тыбылты Леонид: Владимир Владимиры фыртимæ не зноны фембæлды рæстæджы дзырдтам ацы фарстыл дæр. Æз фехъусын кодтон, Æмцæдисад æмæ интеграцийы тыххæй Бадзырды фæлгæтты Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы ‘хсæн къухтæ фыст кæй æрцыдысты туризмы рæзты фадыджы дæр. Хуссар Ирыстоны ис диссаджы уавæртæ туризмы рæзтæн, æмæ ацы уæлæмхас сразыдзинады реализацийы фæлгæтты, кæй зæгъын æй хъæуы, мах æввахс рæстæджы æрæвналдзыстæм туризмы рæзтмæ.

«Россия 24»: Æмæ уæм абон ис туристты размæ цы рахæссат, уый?

Тыбылты Леонид: Абон мах нæ туристты размæ рахæсдзыстæм диссаджы æрдз, нæ адæмы зæрдæхæлардзинад æмæ уазæгуарзондзинад.

«Россия 24»: Леонид Харитоны фырт, бузныг, рæстæг кæй ссардтай æмæ нæм студимæ кæй æрбацыдтæ, уый тыххæй.

Тыбылты Леонид: Бузныг.

РХИ-йы Президент æмæ Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.