Республикæ Хуссар Ирыстоны зынаргъ цæрджытæ!

Зæрдæбынæй уын арфæ кæнын æрбалæугæ Ног азы æмæ Рухс Чырыстийы Райгуырды сæраппонд.

Æрбалæууы махæй алкæмæн дæр уарзон бæрæгбон, кæцыйыл сæмбæлынмæ Хуссар Ирыстоны алы цæрæг æмæ алы бинонтæ дæр цæттæ кæнынц сæрмагондæй. Хистæр кар адæймæгтæ уымæ æнхъæлмæ кæсынц иууыл рухсдæр ныфсытæ æмæ фæндтимæ, сывæллæттæ та йæм æнхъæлмæ кæсынц æрцæугæдиссæгтæм.

Адæмы ‘хсæн ис ахæм ныхас, зæгъгæ, Ног азыл куыд сæмбæлдзынæ, афтæ йæ арвитдзынæ. Фæнды мæ зæгъын, мах 2017 азмæ кæй цæуæм ныфсджын къахдзæфтæй. О, аивгъуыйгæ аз махæн бынтон хуымæтæджы нæ уыд. Аивгъуыйгæ азы рацæугæ фæндагмæ акæсгæйæ, махæн ис сæрыстыр цæмæй уæм, уый. Æввахс бонты мах эксплуатацимæ райсдзыстæм, йæ ифтонгдзинадмæ гæсгæ уникалон чи у, уыцы Сывæллæтты республикон рынчындоны Цхинвалы, кæцыйæн æмбал нæй æгас Кавказы. Мах уынæм, цахæм темптæй рæзы Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны Паддзахадон университеты бæстыхæйтты комплекс æмæ Республикон соматикон рынчындоны операцион-хирургион корпус гемодиализы центримæ, тагъд рæстæджы та æрæвналдзыстæм ног Гуырæн хæдзары арæзтадмæ. Республикæйы иууыл стырдæр арæзтад – Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахдон драмон театры бæстыхай дæр кæронмæ фæхæццæ кæны æмæ дард нал у уыцы бон, æрбалæугæ азы мах цытджын æгъдауæй куы байгом кæндзыстæм бæстæйы ацы культурон центр. Центры æмæ бынæтты дæр байгом сты дæсгай культурон-ахуырадон æмæ спортивон объекттæ, арæзт æмæ æндидзыд æрцыдысты архайæг фæндæгтæ. Ацæугæ аз республикæйы царды нысан æрцыд не спортсменты, зонады, культурæ æмæ аивады архайджыты стыр æнтыстытæй.

Зынаргъ хæлæрттæ! Æз стыр бузныджы ахаст дарын сымахмæ – нæ хъайтарон, куыстуарзаг æмæ хæлар адæмы минæвæрттæм Республикæ Хуссар Ирыстоны æндидзынады процесс фæуыны æмæ экономикæ æмæ социалон къабазы рæзты фæдыл нæ архайдтыты æвварс кæй хæцут, уый тыххæй. Уый руаджы æмæ æфсымæрон Уæрæсейы ‘рдыгæй æп-пæтфарсон æххуысыл æнцой кæнгæйæ, мах фидар бындур æрæвæрдтам фидæны стыр æнтыстытæн, кæцытæ, æнæдызæрдыгæй, бафтдзысты нæ къухты æрбалæугæ азы.

2017 азы нæ республикæйы æмбæстæгтæн уыдзæнис политикон цæттæдзинады фæлварæн. Куыд зонæм, афтæмæй апрелы мах хъуамæ сæвзарæм бæстæйы Президенты. Мæн ныфс ис, ацы хатт дæр та кæй равдисдзыстæм, традицион æгъдауæй нын хицон чи у, ахæм политикон культурæ æмæ æвзæрстыты кæй ауадздзыстæм Республикæ Хуссар Ирыстоны архайæг закъондæдтынады домæнтæм гæсгæ.

Зынаргъ æмбæстæгтæ!

Уадз, Ног азы уæ бинонты ‘хсæн уæд сабырад, амонд æмæ фæрныгад, сæххæст уæд æппæт уæ ныфсытæ.

Ног азы хорзæх уæ уæд, зынаргъ æмбæстæгтæ!

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.