Республикæ Хуссар Ирыстоны Дипломатон кусджыты боны цытæн

Æппæт зæрдæйæ арфæ кæнын Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады коллективæн æмæ нæ бæстæйы дипломатон службæйы æппæт кусджытæн нысаниуæгджын бон – Дипломатон кусæджы боны цытæн. 25 азы размæ арæзт чи æрцыд, РХИ-йы уыцы æддагон бастдзинæдты министрад уыд паддзахадон хицауады ахсджиагдæр институт æмæ суверенон паддзахады æнæмæнгхъæуæг атрибут.

Бæстæйы æддагон политикон ведомство йæ сырæзынæй фæстæмæ хъахъхъæны Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон æмæ националон интерестæ дипломатон фронты. Нырыккон, æддейæ хæстмондаг риторикæ æнæбанцайгæ куы у, уыцы уавæрты сымах хæссут стыр хайбавæрд Кавказы сабырдзинад бахъахъæнынмæ, немæ хæлар бæстæтимæ рæзын кæнут бастдзинæдтæ, хъуыддагæй тырнут уымæ, цæмæй нæ бæстæ нымад æрцæуа уæрæх дунеон æхсæнады ‘рдыгæй æмбардзинады уавæрты.

Фидарæй мæ уырны, политикон реалиты сæвзæргæ уавæрты сымах æнтысгæйæ кæй скъуыддзаг кæндзыстут вазыгджын æддагполитикон хæстæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон æмæ национ интерестæ хъахъхъæнгæйæ.

Мæ цæст уарзы сымахæн æмæ уæ бинонтæн фарн, амонд æмæ хæрзиуджытæ. Æнтыстытæ уын уæд уæ зын куысты.

 

 

Республикæ Хуссар Ирыстоны Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты кусджытæн

Зæрдиаг арфæтæ уын кæнын нысаниуæгджын бон – Республикæ Хуссар Ирыстоны Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты сырæзтыл 25 азы сæххæсты цытæн. Республикæйы къухдариуæгад кæддæриддæр информацион фадыг нымадта йæ куысты ахсджиагдæр фадыгыл. Æмæ абон мах лæууæм уыцы хъуыдыйыл, ома нæй саразæн барадон демократон паддзахад мыхуыры сæрибардзинады фидар ныфс нын куынæ уа, Республикæйы дзыллон информацион фæрæзтæ æппæт хъомысæй куынæ кусой, уæд.

Фондз æмæ ссæдз азы размæ, уæ ведомство, куыд РХИ-йы инофрмаци, мыхуыр æмæ рауагъдады министрад, афтæ арæзт æрцæугæйæ, лæууыд Хуссар Ирыстоны хицауиуæгады равзæрды. Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитет йæ уæвынады æнусы цыппæрæм хайы дæргъы бацахста ахадгæ бынат, нæ бæстæйы паддзахадон арæзтады хъуыддаджы. Сымах иттæг хорз сырæхстыстут Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады фидиуæджы куыст кæнынмæ информацион æрхъулайы уæззау уавæрты. Мах стыр аргъ кæнæм дзыллон информацион фæрæзты удуæлдай куыстæн хæстон тыхæрбахасты азты. Уыцы рæстæджы сымах хъуыд, уæ цардыл æнæ ауæрдгæйæ раст зонæнтæ агурын хæсты раззаг рæнхъытыл. Мах сæрыстыр стæм, дунеон æмæхсæна-дæн зыгъуыммæгонд инофрмаци чи лæвæрдта, Гуырдзыстоны æмæ иннæ бæстæты уыцы хъомысджын информацион машинæйы ныхмæ чи лæууыд, нæ уыцы журналистты фæл-лойадон сгуыхстдзинадæй.

Уæ разылæууæг хæстæ не сты æнцон Хуссар Ирыстоны ныртæккæйы паддзахадон арæзтады дæр. Уæ куыстæй бирæбæрцæй аразгæ у Республикæйы æндидзынгæнæн процессы, экономикæйы æмæ социалон фадыджы рæзты æнтыст. Зонын уын уæ проблемæты тыххæй дæр, æмæ сæ мах, æнæмæнгæй, иумæ аскъуыддзаг кæндзыстæм.

Мæ цæст уын уарзы, зынаргъ æмбæлттæ, фарн æмæ амонд, хæрзæбон æмæ хæрзиуджытæ. Ног сфæлдыстадон æнтыстытæй хайджын ут, æнувыд æмæ намысджынæй кæмæн лæггад кæнут, нæ уыцы Республикæйы хæрзиуæгæн.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.