Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты бынатмæ кандидаттæн паддзахадон æвзæгты зонындзинæдтæ сбæлвырд кæныны фæдыл Республикæ Хуссар Ирыстоны Лингвистикон къамисы тыххæй

Закъондæттынады згъуыд аиуварс кæныны æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцийы 48-æм статьяйы 1-æм хайы æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты бынатмæ кандидатты паддзахадон æвзæгты зонындзинæдтæ сбæлвырд кæныны тыххæй «Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенттæм æвзæрстыты тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцион закъоны 1-æм статьяйы 2-æм пункты уагæвæрдтæ сæххæст кæныны нысанæн уынаффæ кæнын:

  1. Фидар æрцæуæд, Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты бынатмæ кандидатты паддзахадон æвзæгты зонындзинад бæлвырдгæнæг къамис кæй аразы Республикæ Хуссар Ирыстоны Централон æвзарæн къамис.
  2. Республикæ Хуссар Ирыстоны Централон æвзарæн къамис 2017 азы 30-æм январы æмгъуыдмæ сфидар кæнæд Республикæ Хуссар Ирыстоны Лингвистикон къамисы Уагæвæрд æмæ къамисы сконд.
  3. Ацы Барамынд йæ тыхы цæуы къух ыл æрфыссыны бонæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Президент ТЫБЫЛТЫ Леонид

Цхинвал,

2017 азы 23 январь

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.