Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады тыххæй
Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцийы 75-æм статьяйы 1-аг пункты æмæ «Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцион закъоны 35-æм статьяйы 4-æм пунктмæ гæсгæ уынаффæ кæнын:
- Райст æрцæуæд Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады отставкæ.
- Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауадæн баргонд æрцæуæд, цæмæй йæ хæстæ æххæст кæна цалынмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны ног Хицауад арæзт æрцæуа, уæдмæ.
- Ацы Барамынд йæ тыхы цæуы къух ыл æрфыссыны бонæй.
Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент БИБЫЛТЫ Анатоли
Цхинвал,
2017 азы 24 апрель
Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.