Чилæхсаты Владимиры тыххæй

Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцийы 50-æм статьяйы 9-æм пунктæй разамынд кæнгæйæ, уынаффæ кæнын:

  1. Чилæхсаты Владимир Степаны фырт сæрибар æрцæуæд Республикæ Хуссар Ирыстоны Дзауы районы администрацийы сæргълæууæджы бынатæй.
  2. Ацы Барамынд йæ тыхы цæуы къух ыл æрфыссыны бонæй.

 

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли

г. Цхинвал, 2017 азы 17 июль

 

 

 

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты Барамынд

Республикæ Хуссар Ирыстоны Дзауы районы администрацийы сæргълæууæджы тыххæй

Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцийы 50-æм статьяйы 9-æм пунктæй разамынд кæнгæйæ, уынаффæ кæнын:

  1. Магкоты Уырызмæг Яковы фырт нысан æрцæуæд Республикæ Хуссар Ирыстоны Дзауы районы администрацийы сæргълæууæгæй.
  2. Ацы Барымынд йæ тыхы цæуы къух ыл æрфыссыны бонæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли

г. Цхинвал,  2017 азы 17 июль

 

Цыбыр биографийы зонæнтæ

Магкоты Уырызмæг Яковы фырт райгуырд 1958 азы 28 октябры Хуссар Ирыстоны Дзауы районы Дзауы поселочы.

1979 азы каст фæцис Хуссар Ирыстоны паддзахадон педагогон институт.

1979 азæй 1985 азмæ –  Дзауы районы физикон культурæ æмæ спорты фæдыл комитеты сæрдар.

1985 азæй 1987 азмæ – №841-æм арæзтадон фадыджы фæндагон мастер.

1987 азæй 1993 азмæ – фосдарды хъæууонхæдзарадон кооператив «Æхслеб»-ы сæрдар.

1993 азæй 2006 азмæ – иумæйаг чысыл куыстуат «Триес»-ы директор.

2006 азæй 2016 азмæ – индивидуалон амалиуæггæнæг.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.