Республикæ Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады Структурæ сфидар кæныны тыххæй

Адæймаджы æмæ æмбæстаджы бартæ æмæ сæрибардзинæдтæ бахъахъхъæныны фæдыл Республикæ Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады эффективондзинад фæбæрзонддæр кæныны нысанæн, Республикæ Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты органты кусджыты нымæц оптимазици кæныны фæдыл, афтæ ма Уæрæсейы Федераци æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн 2015 азы 18 марты Æмцæдисад æмæ интеграцийы тыххæй Бадзырды 4-æм статьямæ гæсгæ уынаффæ кæнын:

  1. Фидар æрцæуæд Республикæ Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады структурæ.
  2. Бар лæвæрд æрцæуæд, цæ-мæй Республикæ Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады министрæн уа æхсæз хæдивæджы: Министры фыццаг хæдивæг – Криминалон милицийы хистæр, Министры хæдивæг – Фæдагурæн управленийы хистæр, Министры хæдивæг – Æхсæнадон æдасдзинады милицийы хистæр, Министры хæдивæг – Штабы хистæр, Хисæрмагонд сконды фæдыл министры хæдивæг, Министры хæдивæг – Фæсчъылдымы хистæр.
  3. Фидар æрцæуæд:

– 2017 азы Республикæ Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады кæройнаг штатон нымæц  1400 адæймаджы бæрцæй, уыдон финансгонд цæуынц паддзахадон бюджетæй, уыцы нымæцы Республикæ Хуссар Ирыстоны мидхъуыддæгты органты кусджытæ – 1336 адæймаджы, паддзахадон æмбæстагон службæгæнджытæ – 64 адæймаджы;

– 2018 азы Республикæ Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады кæройнаг штатон нымæц – 1250 адæймаджы бæрц;

– 2019 азы Республикæ Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады кæройнаг штатон нымæц – 1150 адæймаджы бæрц.

  1. Республикæ Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрадæн бар уæд йæ дæлбар 110 кусæджы онг дарынæн, кæцытæ боныгон ахуыр кæнынц Уæрæсейы Федерацийы Мидхъуыддæгты министрады хаххы фæдыл уæлдæр ахуырадон уагдæтты, уыдон Уæрæсейы Федерацийы Хицауады уынаффæмæ гæсгæ æх-хæстæй ифтонг цæуынц æхцайы фæрæзтæй (Федералон бюджеты хыгъдæй), афтæ ма хъæуæг дзаумæттæй, хæлцæй æмæ цæрæнуатæй Уæрæсейы Федерацийы закъондæттынадмæ гæсгæ.
  2. Фидар æрцæуæд, Республикæ Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады территориалон структурон дæлхæйттæ кæй сты:

а) районы æмвæзадыл – горæт Цхинвалы мидхъуыддæгты управ-лени.

  1. Фидар æрцæуæд, зæгъгæ:

а) территориалон структурон дæлхæйтты дæлбардзинад бæрæг кæны Республикæ Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрад.

б) паддзахадон æмбæстагон службæйы бынæттæ фидар кæны Республикæ Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрад.

  1. Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауад æртæ мæйы æмгъуыдмæ:

а) йæ нормативон акттæ æркæнæд ацы Барамындмæ гæсгæ;

б)  нормативон акттæ æркæныны фæдыл фæндæттæ æрбавдыст æрцæуæд Республикæ Хуссар Ирыстоны Президентмæ ацы Барамындмæ гæсгæ.

  1. Республикæ Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министр сфидаргонд фæткмæ гæсгæ сифтонг кæнæт, ацы Барамынд сæххæст кæнынмæ здæхт организацион-штатон мадзæлттæ ауадзын.
  2. «Республикæ Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады структурæ æмæ штатон нымæц сфидар кæныны тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты 2014 азы 26 июны Барамынд йæ тыхы мауал уæд.
  3. Ацы Барамынд йæ тыхы цæуы къух ыл æрфыссыны бонæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Президент  БИБЫЛТЫ Анатоли

г.Цхинвал,

2017 азы 4 декабрь

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.