12-æм астæуккаг иумиагахуырадон скъолайы Республикæ Хуссар Ирыстоны Кады грамотæйæ схорзæхджын кæныны тыххæй

Педагогон архайды стыр æнтыстыты, рæзгæ фæлтæры хъомыл æмæ ахуыр кæныны æмæ йын бындур æвæрд куы æрцыд, уымæй 45 азы кæй рацыд, уый тыххæй г. Цхинвалы №12 астæуккаг иумиагахуырадон скъола  хорзæхджын æрцæуæд Республикæ Хуссар Ирыстоны Кады грамотæйæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли

г. Цхинвал,

2017 азы 6 декабрь

 

РЕСПУБЛИКÆ ХУССАР ИРЫСТОНЫ ПРЕЗИДЕНТЫ БАРАМЫНД

Республикæ Хуссар Ирыстоны кадджын нæмттæ радтыны тыххæй

Педагогон архайды стыр æнтыстыты, рæзгæ фæлтæры хъомыл æмæ ахуыр кæныны æмæ бирæазон æнтыстджын куысты тыххæй «Республикæ Хуссар Ирыстоны адæмон ахуыргæнæг»-ы кадджын ном лæвæрд æрцæуæд:

Остъаты Альбинæ Георгийы чызгæн – г. Цхинвалы 12-æм астæуккаг иумиагахуырадон скъолайы биологийы ахуыргæнæгæн;

«Республикæ Хуссар Ирыстоны сгуыхт ахуыргæнæг»-ы кадджын ном лæвæрд æрцæуæд:

Налбандов Лев Иваны фыртæн – г. Цхинвалы 12-æм астæуккаг иумиагахуырадон скъолайы нывкæныны ахуыргæнæгæн.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли

г. Цхинвал,

2017 азы 6 декабрь

 

РЕСПУБЛИКÆ ХУССАР ИРЫСТОНЫ ПРЕЗИДЕНТЫ БАРАМЫНД

Уалыты Лидияйы Кады орденæй схорзæхджын кæныны тыххæй

Æнæниздзинады фадыджы йæ лæггæдты æмæ бирæазон æнтыстджын куысты тыххæй Кады орденæй хорзæхджын æрцæуæд Уалыты Лидия Спиридоны чызг – Республикæ Хуссар Ирыстоны Æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон рæзты министрады зæрæдты æмæ инвалидты пансионат «Аудындзинад»-ы дохтыр-терапевт.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли

г. Цхинвал,

2017 азы 6 декабрь

 

РЕСПУБЛИКÆ ХУССАР ИРЫСТОНЫ ПРЕЗИДЕНТЫ БАРАМЫНД

Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцийы 51-æм уацы 2-æм пунктмæ гæсгæ уынаффæ кæнын:

  1. Аивд æрцæуæд Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты 2017 азы 7 апрелы №106 Барамынд «Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцион Тæрхондоны тæрхонгæнджыты куыстмыздты тыххæй, цалынмæ тæрхондоны сконд æххæстæй арæзт æрцæуа, уæдмæ».
  2. Ацы Барамынд йæ тыхы цæуы къух ыл æрыфыссыны бонæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли

г. Цхинвал,

2017 азы 7 декабрь

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.