Сывæллоны барты фæдыл Респуликæ Хуссар Ирыстоны Президенты цур бæрнджыны тыххæй уагæвæрд сфидар кæныны тыххæй

Сывæллоны бартæ æмæ интерестæ Республикæ Хуссар Ирыстоны эффективонæй бахъахъхъæнын сифтонг кæныны нысанæн уынаффæ кæнын:

  1. Фидар æрцæуæд Сывæллоны барты фæдыл Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты цур бæрнджыны тыххæй уагæвæрд.
  2. Ацы Барамынд йæ тыхы цæуы къух ыл æрфыссыны бонæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли

г. Цхинвал,

2018 азы 4 декабрь

 

СЫВÆЛЛОНЫ БАРТЫ ФÆДЫЛ РЕСПУЛИКÆ ХУССАР ИРЫСТОНЫ

ПРЕЗИДЕНТЫ ЦУР БÆРНДЖЫНЫ ТЫХХÆЙ УАГÆВÆРД

  1. Иумиаг уагæвæрдтæ
  2. Ацы уагæвæрд бæрæг кæны Сывæллоны барты фæдыл Респуликæ Хуссар Ирыстоны Президенты цур бæрнджыны компетенци (дарддæр Бæрнджын), афтæ ма йæ архайды организацийы фарстатæ.
  3. Бæрнджыны бынат баконд æрцыд сывæллоны бартæ æмæ интерестæ Республикæ Хуссар Ирыстоны эффективонæй бахъахъхъæнын сифтонг кæныны нысанæн.
  4. Бæрнджын хъахъхъæны сывæллоны бартæ æмæ закъонон интерестæ, сывæллоны барты тыххæй ИНО-йы Конвенци, адæймаджы барты фæдыл иумæйаг Деклараци, адæймаджы бартæ æмæ бындурон сæрибардзинæдты тыххæй Европæйаг Конвенци, Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституци, Республикæ Хуссар Ирыстоны закъондæттынад, Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты барамындтæ æмæ уынаффæтæ, афтæ ма ацы уагæвæрдæй къухдариуæггæнгæйæ.
  5. Бæрнджыны архайд баххæст кæнынц сывæллоны бартæ æмæ интерестæ бахъахъхъæныны фæрæзтæ, нæ аивы æмæ дыккаг хатт æркæсæн нал вæййы Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хицауиуæгады органты, бынæттон хæдразамынады органты, организациты, бæрнон бынæтты кусæг адæймæгты компетенцитæм, кæцытæ ифтонг кæнынц сывæллоны хæлдцæуæг бартæ æмæ интересты хъахъхъæнын æмæ æндидзын кæнын.
  6. Сывæллоны бартæ æмæ интересты фарстатæ хъахъхъæныны фæдыл Бæрнджын æмгуыст æмæ æмархайд кæны Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хицауиуæгады органтимæ, бынæттон хæдуправленийы органтимæ, æхсæнадон баиугæндтимæ, организацитимæ æмæ æмбæстæгтимæ.
  7. Бæрнджыны хæстæ
  8. Бæрнджыныл æвæрд ис ахæм бæрнон хæстæ:

– сывæллоны бартæ æмæ интересты паддзахадон хъахъхъæныны гарантитæ сифтонг кæнын;

– сывæллоны хæлд бартæ æмæ интересты æнæкъуылымпыйæ æххæст кæнын æмæ æндидзынæн баххуыс кæнын;

– сывæллоны бартæ æмæ интерестæ ифтонг кæныны механизмтæ, сывæллоны барты гарантиты тыххæй Республикæ Хуссар Ирыстоны закъондæттынад фæхуыздæр кæнын æмæ хъахъхъæнын;

– сывæллоны бартæ æмæ интерестæ хъахъхъæныны фарстаты фæдыл барадон зонынæдтæ сывæллæтты æмæ сæ закъонон минæвæртты ‘хсæн парахат кæнын.

III. Бæрнджыны архайды принциптæ

  1. Бæрнджыны архайд æххæст цæуы хæдбардзинад, рæстдзинад, хъæппæрис, бæрндзинад, гуманондзинад, æргомдзинад, объективондзинад, хæрзвадатдзинад, афтæ ма Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хицауиуæгады органтимæ, бынæттон хæдуагæвæрды органтимæ, организацитимæ, сывæллоны бартæ æмæ интерестæ хъахъхъæнын ифтонг кæныны бæрндзинад кæуыл ис, уыцы бæрнон адæймæгтимæ æмархайды принципты бындурыл.
  2. Бæрнджынæн бар нæй æргом кæна, куырдиат чи балæвæрдта, уыдоны æмæ æндæр адæймæгты сæрмагонд бæрæггæнæнтæ, кæцыты базыдта сывæллоны бартæ æмæ интерестæ хъахъхъæнгæйæ, афтæ ма йын æргом кæныны бар нæй, закъонæй хъахъхъæд чи цæуы, ахæм æндæр информаци дæр.
  3. Бæрнджыны бартæ
  4. Бæрнджынæн йæ хæстæ æххæст кæныны тыххæй ис ахæм бартæ:

– сфидаргонд фæткмæ гæсгæ Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хицауиуæгадæй, бынæттон хæдуагæвæрды органтæй, организацитæ æмæ бæрнон адæймæгтæй æмбæлон бæрæггæнæнтæ, документтæ æмæ æрмæджытæ  æрдомын æмæ райсын;

– Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хицауиуæгады органтæм, бынæттон хæдуагæвæрды органтæм, организацитæм æнæкъуылымпыйæ цæуын;

Хицæнæй кæнæ паддзахадон бæрнон органтимæ æмæ бæрнон адæймæгтимæ иумæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны æххæстгæнæг хицауиуæгады, афтæ ма  бæрнон бынæтты кусæг адæймæгты архайд бæрæг кæнын, æмбæлон æмбарынгæнæнтæ сæ исын;

– Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хицауиуæгады органтæм, бынæттон хæдуагæвæрды органтæм æмæ бæрнон бынæтты кусæг адæймæгтæм, кæцыты уынаффæты кæнæ архайды (æнæ архайды) уый уыны сывæллоны бартæ æмæ интересты халыны цаутæ, йæ хатдзæгтæ арвитын, кæцыты нысан ис банысангонд бартæ æмæ интересты сæндидзыны сæраппонд  гæнæнуæвæг æмæ æнæмæнгхъæуæг мадзæлтты тыххæй рекомендацитæ;

– сывæллоны бартæ æмæ интерестæ хъахъхъæнын сифтонг кæныны механизм фæхуыздæр кæныны фæдыл фæндæттæ бахæссын Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хицауиуæгады органтæм, бынæттон хæдразамынды органтæм;

– сывæллоны бартæ æмæ интерестæ хъахъхъæнынмæ чи хауы, Республикæ Хуссар Ирыстоны уыцы нормативон барадон акттæ аразыны хъуыддаджы хайад райсын;

– йæ компетенцийы фæлгæтты сывæллæтты æмæ сæ закъонон  минæвæртты ‘хсæн быцæудзинæдтæ æрбæстон кæныны фæдыл мадзæлтты хайад райсын;

– сывæллоны бартæ æмæ интерестæ халыны тыххæй æмбæстæгты куырдиæттæ сахуыр кæнын;

– æмбæстæгты райсын æмæ уый тыххæй сфидаргонд фæткмæ гæсгæ специалистты æрбахонын, кæцыты компетенцимæ хауынц сывæллоны бартæ æмæ интерестæ хъахъ-хъæнынмæ хауæг фарстатæ;

– компетентон органтæм æрвыстæуы  сидт, бæрнон адæймæгты  бæрндзинадмæ æркæныны тыххæй, кæцытæн сæ уынаффæты кæнæ архайды (æнæ архайды) бæрæгæй зыны  сывæллоны бартæ æмæ интерестæ халын;

– сывæллоны бартæ хъахъхъæнынмæ хауæг экспертон æмæ зонадон-аналитикон куыстытæ сæххæст кæныны тыххæй  банысангонд фæткмæ гæсгæ зонадон кæнæ æндæр организациты æрбахонын, афтæ ма ахуыргæндты æмæ специалистты, уыцы нымæцы бадзырдмæ гæсгæ;

– сывæллоны бартæ æмæ интерестæ хъахъхъæнынимæ баст фарстатæ скъуыддзаг кæныны тыххæй  æмбырдты, рабадтыты хайад райсын.

  1. Æмбæстæгты куырдиæттыл уынаффæ кæнгæйæ, Бæрнджын къухдариуæг кæнын æмбæстæгты куырдиæттыл уынаффæ кæныны тыххæй Республикæ Хуссар Ирыстоны закъондæттынады домæнтæй.
  2. Йæ хæстæ æххæст кæныныБæрнджынæн æххуыс кæнын
  3. Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хицауиуæгады органты, бынæттон хæдразамынды органты бæрнон бынæтты кусæг адæймæгтæ, организациты къухдариуæггæнджытæ сæ компетенцийы фæлгæтты банысангонд фæткмæ гæсгæ æххуыс кæнынц Бæрнджынæн йæ хæстæ æххæст кæныны хъуыддаджы, равдисынц ын, цы æрмæджытæ, документтæ æмæ æндæр информаци фæдомы, уыдон, кæцытæ æнæмæнг-хъæуæг сты йæ хæстæ сæххæст кæнынæн.
  4. Домдцæуæг æрмæджытæ, документтæ æмæ æндæр информаци Бæрнджынмæ æрвыст цæуы, куырдиат райсынæй 30 боны онг æмгъуыдмæ, уыцы куырдиаты æндæр æмгъуыд нысан куынæ уа, уæд.
  5. Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хицауиуæгады органтæ, бынæттон хæдразамынды органтæ, бæрнон бынæтты кусæг адæймæгтæ, кæцытæ Бæрнджынæй райстой хатдзæг рекомендацитæ сывæллоны бартæ æмæ интерестæ сæндидзын кæныны гæнæнуæвæг æмæ æнæмæнгхъæуæг мадзæлтты тыххæй, æркæсынц уыцы хатдзæгмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны закъондæттынады банысангонд æмгъуыдмæ æмæ фыстæй фехъусын кæнынц райсгæ мадзæлтты тыххæй.
  6. Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хицауиуæгады органты бæрнон бынæтты кусæг адæймæгтæ, бынæттон хæдразамынды органтæ ацы уагæвæрды банысангонд хæстæ куынæ сæххæст кæной, Бæрнджыны архайды йæхи чи хæццæ кæна, йæ архайдæн ныхдуртæ чи араза, уыдон конд цæуынц бæрндзинадмæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны закъондæттынады сфидаргонд фæткмæ гæсгæ.
  7. Бæрнджыны архайд сорганизаци æмæ сифтонг кæнын
  8. Бæрнджыны бынаты уромы æмæ йæ йæ бынатæй сæрибар кæны Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент.
  9. Бæрнджын йæ хæстæ æххæст кæныны паддзахадон органтæй æмæ бæрнон адæймæгтæй у хæдбар, ис æрмæстдæр Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты дæлбар.
  10. Календарон азы фæудмæ Бæрнджын доклад бавдисы Республикæ Хуссар Ирыстоны Президентмæ, сывæллоны бартæ æмæ интерестæ Республикæ Хуссар Ирыстоны хъахъхъæд куыд цæуынц, уый тыххæй.
  11. Бæрнджынмæ ис бланк Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон гербы нывимæ æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон æвзæг-тыл, цы бынаты кусы, уый номимæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.