Республикæ Хуссар Ирыстоны кадджын нæмттæ радтыны тыххæй

Педагогон архайды сæ лæггæдтæ æмæ бирæ азты дæргъы æнтысджын куысты тыххæй кадджын ном «Республикæ Хуссар Ирыстоны сгуыхт ахуыргæнæг» лæвæрд æрцæуæд:

Плиты Эсмæ Федыры чызгæн – Цхинвалы 2-æм музыкалон скъолайы теоретикон дисциплинæты фæдыл ахуыргæнæг.

Цъæритты Дзерассæ Валерийы чызгæн – Цхинвалы 2-æм музыкалон скъолайы фортепианойы ахуыргæнæг.

Цхуырбаты Маринæ Клименты чызгæн – Цхинвалы 2-æм музыкалон скъолайы теоретикон предметты фæдыл ахуыргæнæг.

Культурæйы къабазы йæ лæггæдты æмæ бирæ азты дæргъы æнтысгæ фæллойадон архайды тыххæй кадджын ном «Республикæ Хуссар Ирыстоны культурæйы сгуыхт кусæг» лæвæрд æрцæуæд:

Дзеранты Залинæ Шотайы чызгæн – Цхинвалы 2-æм музыкалон скъолайы хъуыддагдар.

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Президент БИБЫЛТЫ Анатоли

г. Цхинвал,

2019 азы 22 май

РЕСПУБЛИКÆ ХУССАР ИРЫСТОНЫ ПРЕЗИДЕНТЫ

БАРАМЫНД

Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хорзæхтæй схорзæхджын кæныны тыххæй

Библиотекæйон хъуыддаджы рæзтмæ се стыр бавæрды æмæ сæ профессионалон бæрæгбон – Библиотекæты боны цытæн «Хуссар Ирыстоны Фыдыбæстæйон хæсты уæлахизыл 10 азы сæххæсты» майданæй хорзæхджын æрцæуæд.

Тедеты Залинæ Иваны чызг – Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты хисдæр библиотекарь.

– Джиоты Жаннæ Константины чызг –  Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты библио-текарь.

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Президент БИБЫЛТЫ Анатоли

г. Цхинвал,

2019 азы 23 май

РЕСПУБЛИКÆ ХУССАР ИРЫСТОНЫ ПРЕЗИДЕНТЫ

 БАРАМЫНД

Гобозты Вячеславы тыххæй

1. Гобозты Вячеслав Федыры фырт сæрибар æрцæуæд Президенты æххуысгæнæджы – Парламенты Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты æххæстбарджын минæвары бынатæй йæхи фæндонмæ гæсгæ.

2. Ацы Барамынд йæ тыхы цæуы къух ыл æрфыссыны бонæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Президент Бибылты Анатоли

г. Цхинвал,

2019 азы 17 июнь

РЕСПУБЛИКÆ ХУССАР ИРЫСТОНЫ ПРЕЗИДЕНТЫ БАРАМЫНД

Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хорзæхтæй схорзæхджын кæныны тыххæй

Цæрджыты социалон хъахъхъæныны къабазы сæ сæрмагонд лæггæдты æмæ бирæ азты дæргъы æнтыстджын куысты тыххæй уынаффæ кæнын:

Кадджын ном «Республикæ Хуссар Ирыстоны цæрджыты социалон хъахъхъæныны сгуыхт кусæг» лæвæрд æрцæуæд:

Гасситы Наирæ Суликъойы чызгæн – Республикæ Хуссар Ирыстоны Дзауы районы цæрджыты социалон хъахъхъæныны хайады сæйраг бухгалтер;

Козаты Еленæ Григорийы чызгæн – г.Цхинвалы админист-рацийы цæрджыты социалон хъахъхъæныны управленийы социалон кусæгæн.

«Республикæ Хуссар Ирыстоныл 25 азы сæххæсты цытæн» майданæй хорзæхджын æрцæуæд:

Илуридзе Нану Шотайы чызг – Республикæ Хуссар Ирыстоны Ленингоры районы цæрджыты социалон хъахъхъæныны хайады сæйраг специалист.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Кады грамотæйæ хорзæхджын æрцæуæд:

Дзæгъиаты Гульнарæ Уасилы чызг – Республикæ Хуссар Ирыстоны Цхинвалы районы цæрджыты социалон хъахъхъæныны хайады сæйраг специалист.

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Президент БИБЫЛТЫ Анатоли

Цхинвал,

2019 азы 13 июнь

РЕСПУБЛИКÆ ХУССАР ИРЫСТОНЫ ПРЕЗИДЕНТЫ БАРАМЫНД

Кадджын ном «Республикæ Хуссар Ирыстоны адæмон ахуыргæнæг» радтыны тыххæй

Рæзгæ фæлтæры хъомыл æмæ ахуыр кæныны йе стыр сæрмагонд лæггæдты æмæ бирæ азты дæргъы æнтыстджын куысты тыххæй кадджын ном «Республикæ Хуссар Ирыстоны адæмон ахуыргæнæг» лæвæрд æрцæуæд Джиоты Арянæ Константины чызгæн – Сывæллæтты сфæлдыстады республикон галуаны директор.

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Президент БИБЫЛТЫ Анатоли

Цхинвал,

2019 азы 13 июнь

РЕСПУБЛИКÆ ХУССАР ИРЫСТОНЫ ПРЕЗИДЕНТЫ БАРАМЫНД

Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хорзæхтæй схорзæхджын кæныны тыххæй

Уæлæмхас ахуырады къабазы се стыр сæрмагонд лæггæдты æмæ бирæ азты æнтыстджын фæллойадон архайды тыххæй уынаффæ кæнын:

Кадджын ном «Республикæ Хуссар Ирыстоны ахуырады сгуыхт кусæг» лæвæрд æрцæуæд:

– Бабаты Аллæ Викторы чызгæн – Сывæллæтты сфæлдыстады республикон галуаны организацион-дзыллон хайады сæргълæууæг;

– Гæззаты Фатимæ Сосланы чызгæн – Сывæллæтты сфæлдыстады республикон галуаны социалон-педагогон хайады сæргълæууæг;

– Галуанты Земæ Ефимы чызгæн – Сывæллæтты сфæлдыстады республикон галуаны методист;

– Джыгкайты Риммæ Павелы чызгæн -Сывæллæтты сфæлдыстады республикон галуаны натуралистон куысты фæдыл хайады сæргълæууæг;

Джиоты Венерæ Шалвайы чызгæн – Сывæллæтты сфæлдыстады республикон галуаны хъомыладон куысты фæдыл директоры хæдивæг;

– Маргалитадзе Циалæ Олифаны чызгæн – Сывæллæтты сфæлдыстады республикон галуаны режиссер;

«Республикæ Хуссар Ирыстоныл 25 азы сæххæсты цытæн» майданæй хорзæхджын æрцæуæд:

Акопов Гиви Никъалайы фырт -Сывæллæтты сфæл-дыстады республикон галуаны слесарь-сантехник;

– Гогичашвили Одина Романы чызг – Сывæллæтты сфæлдыстады республикон галуаны æфснайæг;

– Зассеты Верæ Ермины чызг – Сывæллæтты сфæлдыстады республикон галуаны æфснайæг;

– Козаты Екатеринæ Уазнойы чызг – Сывæллæтты сфæлдыстады республикон галуаны æфснайæг;

– Томайты Валентинæ Самсоны чызг – Сывæллæтты сфæлдыстады республикон галуаны æфснайæг;

«Хуссар Ирыстоны адæмы Фыдыбæстæйон хæсты уæлахизыл 10 азы сæххæсты цытæн» майданæй хорзæхджын æрцæуæд

– Æлборты Светланæ Бейбулаты чызг -Сывæллæтты сфæлдыстады республикон галуаны дарæсæфснайæг;

Джиоты Вадим Левы фырт – Сывæллæтты сфæлдыстады республикон галуаны кусæг;

– Къæбысты Джульеттæ Уасилы чызг -Сывæллæтты сфæлдыстады республикон галуаны æфснайæг;

Къудухты Валя Саркисы чызг – Сывæллæтты сфæлдыстады республикон галуаны æфснайæг;

– Цхуырбаты Наталья Александры чызг – Сывæллæтты сфæлдыстады республикон галуаны костюмер;

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Президент БИБЫЛТЫ Анатоли

Цхинвал,

2019 азы 13 июнь

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.