Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты цур Сывæллæтты барты фæдыл Æххæстбарджыны тыххæй

  1. Козаты Гульнарæ Роланды чызг нысангонд æрцæуæд Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты цур Сывæллæтты барты фæдыл Æххæстбарджынæй.
  2. Ацы Барамынд йæ тыхы цæуы къух ыл æрфыссыны бонæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент ТЫБЫЛТЫ Леонид

г. Цхинвал, 2016 азы 22 апрель

* * *

РХИ-Йы Президент Тыбылты Леонид Сывæллоны барты фæдыл Республикæйы Президенты цур æххæстбарджыны бынатмæ снысан кодта Козаты Гульнарæйы.

Президент фембæлд Козаты Гульнарæимæ æмæ банысан кодта, зæгъгæ, хорз зонгæ у йæ архайдимæ æмæ йын раарфæ кодта, бæрнон бынатмæ нысан кæй æрцыд, уый фæдыл.

«Ды бирæ рæстæджы куыстай ахуырады къабазы, хъомыл кодтай нæ сывæллæтты, нæ республикæйы æрыгон фæлтæры. Уый у ахсджиаг хъуыддаг. Республикæйы разамынад иттæг серьезон ахаст дары, рæзгæ фæлтæримæ, фæсивæдимæ баст проблемæ æмæ фарстытæм. Кæй зæгъын æй хъæуы, ацы къабазы мах нырма хъæуы бирæ саразын. Ам, мæн ныфс ис, дæумæ чи ис, уыцы фæлтæрддзинад æмæ практикæйæ пайда кæй æрцæудзæнис нæ иумæйаг куысты», — загъта Президент.

Тыбылты Леонид ма йæ хъусдард аздæхта, ацы бонты нæ республикæйы цæрджытæ паддзахадон телеканалы алæвæрды кæй федтой æнæгъдау бинонты сывæллæтты тыххæй.

«Зын у уый тыххæй дзурын, фæлæ мах иууылдæр федтам ам хæлд кæй цыдысты сывæллоны бартæ. Абон æз уый тыххæй дзырдтон бæрнон кусджытимæ æмæ сын сæ разы æрæвæрдтон хæстæ. Растдæр ды хъуамæ бакæнай стыр куыст сывæллоны бартæ хъахъхъæныны, йе ’нæниздзинады, ахуырады, сæрибардзинады æмæ æндæр ахæмты тыххæй. Уымæ гæсгæ дæуæн ис куысты серьезон фронт», — бафтыдта йæ ныхасмæ Президент.

Йæ рады Козаты Гульнарæ бузныг загъта Президентæн, ахæм æууæнк ыл кæй бафтыдта, уый тыххæй.

«Мæнæн уый у стыр бæрндзинад. Мæн фæнды дæуæн ныфс бавæрын, æппæт мæ хъарутæ кæй аздахдзынæн уымæ, цæмæй сывæллоны бартæ хъахъхъæныны инс-титут рæза нæ республикæйы», — загъта уый.

Зæрдыл лæууын кæнæм уый æмæ РХИ-йы Президенты Администраци ивгъуыд аз норябры кæрон кæй расидт конкурс Сывæллоны барты фæдыл Президенты цур æххæстбарджыны вакантон бынат бацахсыны тыххæй. Равзæрст æрцыдысты хуыздæр куыстытæ, уыдонæй фондз лидеры ’хсæн уыдис Козаты Гульнарæйы кандидатурæ дæр.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.