Нæ культурон-историон бынтæ æмæ нæ адæмы хæдбындурдзинады æнæфæхицæнгæнгæ хай – нæ паддзахады рагон ном сног кæнынмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны адæмы цæрджыты тырнындзинадæй къухдариуæггæнгæйæ,

Фæлтæрты æхсæн историон æмæ монон бастдзинæдтыл бындуриуæггæнгæйæ æмæ нæ фыдæлты зæхх хъæбатырæй чи хъахъхъæдта æмæ абоны фæлтæртæн кæй фæрцы баззади, кадимæ уыдон номарынæн,

Алайнаг хицауиуæгады сæндидзыд традициты историон гуырæнтæм не ‘нгас аздахгæйæ, уыимæ нæ бастдзинад нымайгæйæ æмæ йæ хорз фидæны бындуртæ сфидар кæнынмæ тырнгæйæ,

Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцийы 50-æм статьяйы 16-æм пунктмæ гæсгæ Барамынд дæттын:

  1. Нысан æрцæуæд Республикæ Хуссар Ирыстоны референдум ахæм фарсты фæдыл: «Разы дæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцийы 1-аг пункты 1-аг статьямæ ивддзинæдтæ бахæссынимæ. Ахæм редакцийæ?

«1. Республикæ Хуссар Ирыстон – Паддзахад Алани – Республикæ Хуссар Ирыстоны адæмы хибæлвырдкæныны фæстиуæгæн арæзт чи æрцыд, ахæм суверенон барадон паддзахад.

Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Паддзахад Аланийы нæмттæн сæ нысаниуæг у иугъуызон.».

  1. Референдум ауадзыны бон нысангонд æрцæуæд 2017 азы 9 апрелмæ.
  2. Ацы Барамынд йæ тыхы цæуы къух ыл æрфыссыны бонæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Президент ТЫБЫЛТЫ Леонид

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.