Республикæ Хуссар Ирыстоны Хæдбардзинад расидыны акт райсыны боныл 25 азы сæххæсты цытæн киноконцертон зал «Чермен»-ы уагъд æрцыд цытджын æмбырд. Хайад дзы райстой Республикæйы къухдариуæгад Президент Бибылты Анатолийы сæргълæудæй, Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав, бæстæйы раздæры президенттæ – Цыбырты Людвиг, Кокойты Эдуард æмæ Тыбылты Леонид, Хуссар Ирыстоны Парламенты æппæт сæвзæрстыты депутаттæ, интеллигенцийы минæвæрттæ.

Айзæлыдысты Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон гимны зæлтæ Хъахъхъæнынады министрады Цытджын караул сценæмæ æрбахастой Паддзахадон тырыса, уый  фæстæ та  Хуссар  Ирыстоны  хæдбардзинад расидыны Акты халдих.

Хуссар Ирыстоны адæмæн ацы нысаниуæгджын боны фæдыл арфæ ракодта бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатоли.

“Зынаргъ æмбæстæгтæ!

Абон мах нысан кæнæм ахсджиаг паддзахадон бæрæгбон – Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинад расидыны тыххæй Акт райсыны бон. 25 азы размæ, 1992 азы 29 майы Сæйраг Совет Хъуылымбегты Торез Георгийы фырты сæрдариуæгадæй æмхъæлæсæй хъæлæс радтой Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинад расидыны фæстиуæгæн Акт райсыны тыххæй.

Ацы ахсджиаг историон цауы размæ уыдысты хæсты æмæ гарзджын ныхмæлæуды азтæ. Уыдон уыдысты гуырдзиаг агрессийы ныхмæ Хуссар Ирыстоны адæмы Фыдыбæстæйон хæсты азтæ. Гуырдзыстоны къухдариуæгады неофашистон режимы æрдыгæй æнæгуырдзиаг адæмты карзæй дæлдзиныг кæныны уавæрты йæ политикон барты юридикон гарантитæ саразынмæ Хуссар Ирыстоны закъонон бафæлвæрдтытæн дзуаппæн Гуырдзыстон 1980 азты йæ ныхмæ расидт хæстон агресси. Лæууыд фарст – «Хуссар Ирыстон æмæ йæ адæм уæвынад кæной æви нæ?»

Хуссар Ирыстон не ‘рлæууыд йæ зонгуытыл. Фыдыбæстæ хъахъхъæнынмæ растæг хæдхъахъхъæнынады тыхтæ хъæбатырæй тох кодтой гæрзифтонг, бирæнымæц знаджы ныхмæ. Уыцы рæстæджы Хуссар Ирыстоны Сæйраг Совет иста юридиконæй хъæуæг мадзæлт-тæ Хуссар Ирыстоны адæмы хæдуагæвæрды, закъонон хихъахъхъæнынады тыххæй, арæзт æмæ фидар цыдысты паддзахаддзинады барадон бындуртæ.

Хæдбардзинады барадон бындуртæ аразыны тыххæй арæзт æрцыд къорд фæдфæдылон къахдзæфы. 1991 азы 21 декабры Сæйраг Советы депутаттæ райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады тыххæй Деклараци. 1992 азы 19 январы ауагъд æрцыд референдум, цыран хъæлæсдæттыны хайадисæг æмбæстæгтæн сæ иууыл фылдæр хай  хъæлæс радтой Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинады æмæ Уæрæсейы Федерациимæ баиуы пайдайæн.

Уыцы референдумы бындурыл 1992 азы 29 майы райст æрцыд хæдбардзинад расидыны тыххæй Акт, кæцы ахсджиаг элемент ссис хæдбардзинады барадон рæзтæн. Ацы документы райстæй кæронмæ арæзт æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбар паддзахад. Бæстæйы ногдæр историйы уый уыд ахсджиаг цау. Хуссар Ирыстон среализаци кодта хæдуагæвæрды бар, хæдбарæй рæзыны фæндаг равзаргæйæ, æниу республикæйы банымадмæ нырма дæргъвæтин æмæ дыркъуым фæндагыл хъуыд рацæуын.

Хуссар Ирыстоны адæм хæдбардзинад куы расидтысты, уый фæстæ Гуырдзыстон ноджы фæтынгдæр кодта нæ сабыруарзаг адæмы басæттынмæ йæ бахъавдтытæ. Ирон хæстонты хъæбатырдзинад æмæ удуæлдайдзинадмæ нæ кæсгæйæ, бæрæг уыд знаджы тыхтæ бирæ фылдæр кæй уыдысты. Æрмæстдæр Уæрæсейы Федерацийы ныфсхаст æмæ дипломатон хихæццæдзинады фæрцы 1992 азы 24 июны Гуырдзыстон йæ къух æрфыста сабырадон сразыдзинадыл, кæцыйы фæстиуæгæн 1992 азы 14 июлы Хуссар Ирыстонмæ æрбаконд æрцыдысты сабырад бахъахъ-хъæныны тыххæй æртæфарсон тыхтæ.

Кæд æндæр паддзахадты æрдыгæй нæ хæдбардзинад нымад нæ уыд, уæддæр республикæ æнæдызæрдыгæй размæ цыд куыд суверенон паддзахад, афтæ æмæ иунæг хатт дæр нæ фæдызæрдыг 1992 азы 19 январы референдумы рæстæджы адæмы равзæрстыл æмæ йæ сфидар кодта хæдбардзинад расидыны тыххæй Акты райстæй. 2008 азы 26 августы Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад нымад æрцыд Уæрæсейы Федерацийы æрдыгæй, уый фæстæ Уæрæсейæ цæвиттон райстой цалдæр бæстæйы æмæ уыдон дæр банымадтой нæ республикæйы хæдбардзинад.

Нæ хæдбардзинады банымад ссис, нæ адæм бирæ азты дæргъы кæмæ æнхъæлмæ кастысты, ахæм ахсджиаг цау. Банымады актæй фидар æрцыдысты Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад æмæ хæдуагæвæрды барты сæрыл тохы нæ адæмы уæлахиз. Уæрæсейы Федерациимæ арæзт æрцыдысты æхсæнпаддзахадон ахастытæ. 2008 азы 17 сентябры Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн Мæскуыйы къухтæ æрфыстæуыд Хæлардзинад æмæ æмгуысткæнынады тыххæй бадзырдыл, уымæй бындур æвæрд æрцыд дыууæфарсон ахас-тыты бадзырдон-барадон базæ саразын æмæ сфидар кæнынæн.

2015 азы 18 марты Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн Æмцæдисад æмæ интеграцийы тыххæй арæзтæрцæуæг бадзырд æвдисæн у Уæрæсеимæ баиумæ нæ адæмы тырнындзинадæн æмæ æмбæлон уавæртæ аразы хуссарирыстойнаг-уæрæсейаг ахастыты рæзтæн. Сæйраг уый у, æмæ Бадзырдæй Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы æдасдзинады тыгъдадтæ баиу кæнын нæ бæстæйæн кæй ссис æдасдзинады гарант, агрессоры реваншистон плæнтты фехалгæйæ.

2015 азы 18 марты Бадзырдæн бандур æвæрд æрцыд, æхсæнадæмон ахастыты сæвзæргæ уавæр æмæ баланс чи бæрæг кæны, уыцы реалитæ бахынцгæйæ, уымæй дæр нын фадат дæтты не стратегион хæслæвæрдтæ скъуыддзаг кæныныл активонæй кусынæн.

Бадзырды фæрцы цы фадæттæ сырæзтысты, уыдоныл æнцой-гæнгæйæ, Республикæ Хуссар Ирыстон рæздзæн нæ адæмы равзаргæ фæндонмæ гæсгæ, адæмы интерестæ æмæ уыцы историон хæслæвæрдтæ бахынцгæйæ, кæцытæ райст æрцыдысты 1992 азы референдумæй, æмæ фæндвидарæй цæудзæн Уæрæсейы Федерациимæ интеграцийы фæндагыл.

Зынаргъ хæлæрттæ!

Хæдбардзинады тыххæй Акт райсыны дыууын фæндзæм азыл Республикæ Хуссар Ирыстон æмбæлы куыд нымад паддзахад, афтæ. Националон сæрыстырдзинады тыххæй нæ адæмæн ис æппæт бындуртæ дæр. Ногдæр историйы бирæ цæвиттонтæ ис, иу кæнæ иннæ адæмтæн сæ хæдбар паддзахаддзинад сæ къухы æнæ бафыдæбонæй кæй бафтыд ацы дунейы тыхджындæрты уынаффæйæ. Иннæтæн къаддæр атылд, уыдоны æд хæцæнгарз тох кæнын бахъуыд сæрибар уæвыны барты сæрыл.

Хуссар Ирыстон хауы уыцы бæстæты нымæцмæ, кæцыты адæмтæ тугæй балхæдтой хæдбардзинады бартæ, уымæй дæр бафыстой стыр аргъ. Нæ адæм бæрзонд патриотизмы, фидардзинады, хъæбатырдзинады, удуæлдайдзинады цæвиттонтæ бирæ равдыста. Хъæбатырдзинады, сгуыхтдзинады æмæ бирæнымæц уды зиæнттæй конд у сæрибардзинадмæ, националон æндидзы-надмæ æмæ хæдбар паддзахад сæндидзын кæнынмæ фæндаг.

Республикæ расидын æмæ йæ аразыны, сæрибары сæрыл, нæ адæмы хæдуагæвæрды барты сæрыл тохты не ‘мбæстæгтæй хайад чи райста, йæ Фыдыбæстæ йæ риуæй чи хъахъхъæдта, уыдоны сгуыхтдзинæдтæн саргъгæнæн нæй. Фыццаг сæвзæрст Сæйраг Советы депутаттæ хъысмæтскъуыддзаггæнæн бон – 1992 азы 29 майы равдыстой политикон куырыхондзинад, патриотизм æмæ æмбæстагон æхсардзинад. Хæдбардзинад расидыны тыххæй Акт райсгæйæ, Сæйраг Совет æнæ фæрæдигæйæ сбæрæг кодта рæзты стратегион фæндаг, кæцыйыл уыцы историон бонæй фæстæ-мæ фæндвидарæй цæуы нæ паддзахад.

Бæстæйы историйæн 25 азы цъус нæу. Нæ рацæугæ фæндагыл нæ цæст куы ахæссæм, уæд фендзыстæм, нæ паддзахады чи арæзта æмæ йæ хъахъхъæдта, уыдоны фæндонæй, уыдоны тох æмæ фæллойæ арæзт кæй æрцыд хъæуæг бындур Хуссар Ирыстоны сæндидзын кæнынæн. Уæрæсейы Федерацийы æххуысæй азæй азмæ Хуссар Ирыстон æнтыстджын къахдзæфтæй цæуы социалон-экономикон рæзты фæндагыл. Нæ фæндаг равзаргæйæ, мах уынæм нæ разы ног æмæ ног нысæнттæ. Уырны мæ, оптимизм æмæ нын ныфсхастдзинадæн ис бындуртæ. Нæй, аскъуыддзаггæнæн кæ-мæн нæй, ахæм хæслæвæрдтæ. Нæ адæм уый æнтыстджынæй сбæлвырд кодта нæ паддзахады рæзты историйæ, кæцыйы рæзты ахсджиаг элемент уыд 1992 азы 29 майы хæдбардзинад расидыны тыххæй Акт райсын.

Зынаргъ хæлæрттæ!

Сымахæн æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны æппæт адæмæн арфæ кæнын нысаниуæгджын бæрæгбон – Хæдбардзинады боны цытæн! Нæ адæмæн мæ фæнды сæрибардзинад, иудзинад æмæ хæрзиуджытæ!

Дунесфæлдисæг Стыр Хуыцау æмæ Сыгъзæрин Уастырджийы фæдзæхст уæд Ирыстон æмæ йæ адæм!”

Хуссар Ирыстоны фыццаг Президент Цыбырты Людвиг йæ раныхасы радзырдта нæ бæстæйы паддзахаддзинады рæзтыл. Банысан кодта, нæ адæм бирæ фыдæбæттæ æмæ уæззау бонтæ кæй фервыстой хæдбардзинадмæ фæндагыл.

Йæ ныхæстæм гæсгæ сыхаг Гуырдзыстонимæ хъаугъа æнтыстджынæй æрбæстон кæныны фæстаг ныфсытæ фескъуыдта 1992 азы 20 майы Зары трагеди. Зæрдыл æрлæууын кодта уыцы æбуалгъ трагедийы бон.

«Хорз хъуыды кæнын, уыцы бон, трагедийы хæдфæстæ фæзуаты цы стыр митинг уагъд æрцыд, уый. Уыцы трагеди – Зары фæндагыл лигъдæтты ныццæгъдыны хабар адæмы цæстытæ бакодта, сæ хъуыдыкæнынад цæхгæр фæзылд æмæ фидарæй слæууыдысты хæдбардзинады фæндагыл. Æппæт уыцы хъуыддæгтæ бандæвтой фыццаг сæвзæрсты Парламенты депутаттыл æмæ 1992 азы 29 майы сессийы райстой историон документ  Хæдбардзинады фæдыл акт.

Ацы документы райсын адæмы ныфс бауагъта. Не знæгты ныхмæ лæууынæн радта уæлæмхас импульс, нысанмæздæхт куыст æмæ иууыл фæстагмæ ссис уæлахизхæссæг», – дзырдта Цыбырты Людвиг.

Уый баныфс æвæрдта, ныры Президент Бибылты Анатоли кæй адарддæр кæндзæн Хуссар Ирыстоны райрæзт æмæ размæцыд, æфсымæрон республикæтимæ интеграци, сæрмагондæй, Уæрæсейы Федерациимæ.

Цытджын æмбырды Ирыстоны хуссар хайы æгас адæмæн ацы бæрæгбоны охыл раарфæ кодта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав. 25 азы размæ Хуссар Ирыстоны адæм, зæгъгæ, раст фæндон райстой.

«Фæнды мæ арфæ ракæнын, ацы историон ахсджиаг документ райсыны хайад чи райста, æппæт уыдонæн, сæрмагондæй,  фыццаг сæвзæрсты Парламенты депутаттæн-патриоттæн. Уыдон се ‘ппæт дæр уыдысты иу хъуыдыйыл хæст  нæ адæмы, паддзахады бахъахъхъæнын, æмæ сын æнтысгæ дæр бакодта.

Абон мах та хъæуы нæ паддзахад рæзын кæныныл кусын. Уæрæсейы Федераци стыр æххуыс кæны Хуссар Ирыстонæн. Уымæн стыр аргъ кæнынц ирон адæм æмæ бузныг сты стыр Уæрæсейы къухдариуæгадæй Президент Владимир Путин æмæ Хицауады Сæрдар Анатоли Медведевæй», – банысан кодта Битарты Вячеслав.

Уæды хъысмæтскъуыддзаггæнæн азты тыххæй радзырдта  фыццаг сæвзæрсты Парламенты депутат Битарты Зоя. Æрымысыд, Гуырдзыстоны хицауад цалдæр хатты ирон æвзагыл ахуыр кæнын кæй æрæхгæдта æмæ гуырдзиаг алфавит кæй бакодта, уыдæттыл. Зоя уый банымадта Гуырдзыстоны стыр къахдзæфыл дыууæ Ирыстоны идеологон æгъдауæй ныддихтæ кæныны хъуыддагмæ, æмæ йын, зæгъгæ, стыр хъыгагæн, æнтысгæ дæр бакодта. Уымæн æмæ Цæгат Ирыстон кириллицæйæ ахуыр кодта. Æппæт уыдæттæ райдыдтой 1920 азæй фæстæмæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыцы  хъуыддаг æвзæрæрдæм бандæвта ирон фæсивæды ахуыры хъуыддагыл, сæ размæцыды бæрæг фæстæдæр алæууыдысты. «Æппæт уыцы хъуыддæгтæ мах баразæнгард кодтой инициативон къорд саразынмæ. Уыцы хъуыддаг алкæмæн æхсызгон нæ уыд. Хицауад тынг тыхстис, мах активон куыст кæй кодтам, уый тыххæй, æгæрыстæмæй нæ адæмы знæгтæ дæр рахуыдтой. Бирæ хатт æдæрсгæйæ уынгты цæуын дæр нæ уæндыдыстæм.

Не змæлд райдианæй «Ныхас» хуынд æмæ йæ иу рабадты Икъаты Владимир фæндон бахаста, цæмæй йæ схонæм «Адæмон ныхас». Афтæ райгуырд ацы змæлд. Æнæ «Адæ-мон ныхас»-æй не ‘рцыдаит нæ историйы ахсджиаг цау – хæдбар паддзахад расидыны уынаффæ», – дзырдта Битарты Зоя.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хæдбардзинады акт райсынæй махæн фадат фæцис нæ мадæлон æвзаг бахъахъхъæнын нæ националон удварн, нæ сывæллæтты рухс фидæны номыл. Дарддæр æрдзырдта Хуссар Ирыстоны суверенон паддзахады хуызы уæвынады дæргъвæтин фæндагыл. Ныфс бавæрдта, зæгъгæ, нæ бæстæмæ, кæцы йæ хъæбулты тугæй балхæдта йæ хæдбардзинад,  æнхъæлмæ кæсы райдзаст фидæн.

Йæ ныхасы кæрон ныфс бавæрдта ног сæвзæрст Президент Бибылты Анатолийæн, Хуссар Ирыстоны Сæйраг Советы фыццаг æрсидты депутаттæ кæй сты йæ фарсмæ. Никуы базивæг кæндзысты куыстмæ, Ирыстоны хæрзæбоныл кусынмæ – мах, зæгъгæ, дарддæр дæр архайдзыстæм нæ мадæлон æвзаджы райрæзтыл, нæ Фыдыбæстæ бахъахъхъæныныл, нæ зонад, нæ культурæйы рæзтыл.

1992 аз Хуссар Ирыстоны адæмæн ссис хъысмæтскъуыддзаггæнæн аз, 25 азы размæ ист æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады фæдыл Акт. Уал азы дæргъы мах цæрæм, фæллой кæнæм сæрибар республикæйы – Хуссар Ирыстоны.

Ныхас æмæ хъуыддагæй, æвæллайгæ куыстæй, йæ зæхх хъахъхъæнгæйæ йæ адæм, йæ Фыдыбæстæйы сæрибардзинад чи хъахъхъæны, уыдонæн арфæ æмæ сæрибардзинады фæндиæгтæ. Арфæтæ алкæмæндæр – адæмæн чи хос кодта, сывæллæтты чи ахуыр кодта, адæмæн фæлмæн дзул чи кодта, куыстмæ чи цыд, посты арвитæггæгтæ чи хаста, æппæ-тæн – стырæй чысылæй ацы 25 азы дæргъы немæ чи уыд, чи цард нæ иумиаг хæдзар – йæ ном Республикæ Хуссар Ирыстоны.

Кæбулты М.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.