2-æм июны Хуссар Ирыстоны Уанеты Захары номыл зонадон-иртасæн институты æмбырдгæнæн залы ауагъд æрцыдис Хуссар Ирыстоны коммунистон партийы ХII съезд. Съезд бацæуæн ныхасæй байгом кодта Хуссар Ирыстоны коммунистон партийы сæрдар Коцты Станислав. Райдианы  уый съезды делегатты базонгæ кодта æрхонгæ уазджытимæ. Уый фæстæ залы айзæлыдысты Ирыстон æмæ Уæрæсейы гимнтæ. Æвзæрст æрцыдис съездæн кусæгон орган æмæ сфидар чындæуыд боны фæтк.

Съезды хыгъдон доклад сарæзта Хуссар Ирыстоны коммунистон партийы фыццаг секретарь Уырыгаты Инал. Уый равдыста йе ‘ууæнк ацы съезд партионты ноджы тынгдæр кæй баразæнгард кæндзæнис коммунистон раст æмæ рæсугъд идеалтæ бахъахъхъæнын æмæ апарахат кæнынмæ, уыдоныл хуыздæр бакусынмæ. Сæйрагдæр хæстæй иуыл раныхасгæнæг банымадта уый, цæмæй ноджы тынгдæр æрбангом кæной ирон адæмы. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, уæд æппæт хъуыддæгты дæр не ‘нтыстытæ уыдзысты хуыздæр æмæ фылдæр.

Раныхасгæнæг ма банысан кодта, зæгъгæ,  Хуссар Ирыстоны коммунистон партийæн æнгом бастдзинæдтæ ис Уæрæсейы коммунистон партиимæ. Ахæм бастдзинæдтæ аразын хъæуы æндæр бæстæты коммунистон партитимæ, зæгъгæ, æмæ уый фæдыл раразмæ кодта цалдæр фæндоны.

Йæ раныхасы партийы разамонæг лæмбынæг æрдзырдта, 2019 азы Хуссар Ирыстоны цы парламентон æвзæрстытæ уыдзæнис, уыдон тыххæй æмæ алы коммунистæй дæр æрдомдта, цæмæй æмбæлой адæмимæ æмæ сæ зонгæ кæной коммунистты раст æмæ рæсугъд идеалтимæ, фæндтæ æмæ хъуыдытимæ. Уыимæ уый банысан кодта, зæгъгæ, æвзæрстыты коммунистты къухы æнтыст куы бафта, уæд уыцы æнтыст æнæхъæнæй дæр уыдзæнис Хуссар Ирыстоны цæрæг адæмы пайдайæн. Уый та уымæн æмæ, зæгъгæ, уæд Ирыстоны зæххытæ, йæ æрдз, дæттæ æмæ æндæр ахæмтæй иугай адæймæгтæ нæ пайда кæндзысты, фæлæ уыдзысты адæмы иумæйаг хъæздыгад.

Раныхасгæнæг æвдыста йе ‘ууæнк, парламентон æвзæрстыты рæстæджы коммунистты къухты кæй бафтдзæнис бæрæг æнтыст. Хуссар Ирыстоны цы 900 коммунисты ис, уыдон хорз куы бацархайой, адæмæн лæмбынæгдæр куы бамбарын кæной царды хуыздæр уавæртæ куыд æмæ цæй фæрцы ссарæн ис, уæд, зæгъгæ, уыдзæнис æнтыст дæр.

Раныхасгæнæг ма банысан кодта, зæгъгæ, кæд раздæр нæ фæсивæды арæхстджынæй цайдагъ кодтам аккаг зонындзинæдтæ исыныл, хæрзæгъдауон хъомыладыл уæд  ныр уыдон цасдæрбæрцæй нымæг кæнынц. Фæсивæды иу хай сæ хъус тынгдæр адардтой стыр фæрæзтæм, ныгуылæнæй цæуæг цардхалæн мæгуырау цайдагъдзинæдтæм.

Уый ма райгондæй банысан кодта, зæгъгæ, æрвыл аз дæр æфты Хуссар Ирыстоны фæскомцæдисонтæ æмæ октябронты  нымæцыл æмæ раппæлыд Синагур, Дзау æмæ Ленингоры райдиан партион организациты хорз куыст æмæ архайдæй..

Уырыгайы фырт ма банысан кодта, зæгъгæ, æнусты дæргъы зæххыл бирæ æрцыд, куыд хорз хъуыддæгтæ, афтæ мæгуырау цаутæ дæр. Æмæ, зæгъгæ, алы хъуыддаджы дæр коммунисттæ уыдысты раззагдæр рæнхъыты, уыцы нымæцы Ирыстоны коммунисттæ дæр æмæ делегаттæм æрсидт, цæмæй ма рох кæной уыцы традицитæ, тырной сæм.

Раныхæсты фæстæ фæндзæм скъолайы октябронтæ инсценировкæты руаджы арфæ кодтой съезды хайадисджытæн.

Уæрæсейы паддзахадон думæйы депутат Тайсауты Хъазбег та партион билеттæ æмæ «Октябры социалистон революцийы 100 азы» юбилейон майдантæ радта къорд адæймагæн.

Съезды хыгъдон докладтæ сарæзтой контролон-ревизион къамисы, мандатон къамисы, Знауыр, Дзау, Цхинвал, Ленингоры районты, æмæ горæт Цхинвалы райдиан   партион организациты разамонджытæ Хаситы Александр, Тедеты Яна, Цхуырбаты Солтан, Кæркуысты Жанна, Хъалæгаты Омар,  Дудайты Альберт æмæ Кокойты Асиат.

Съезды хайадисджытæм Хуссар Ирыстоны фыццаг æмæ дыккаг президенттæ Цыбырты Людвиг æмæ Кокойты Эдуарды арфæтæ  бакаст Габиты Ульяна.

Съезд партийы сæрдарæй ногæй снысан кодта Коцты Станислав Яковы фырты. Съезд ма сфидар кодта Централон Комитеты, контролон-ревизион æмæ мандатон къамисты сконд.

Гæззаты Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.