Республикæйы иууыл дæрддагдæр районтæй иу – Ленингоры район, ис республикæйы къухдариуæгады æдзух хъусдарды бын. Хауы вазыгджын æмæ дæрддаг районтæм æмæ йæм уымæн ис сæрмагонд хъусдард дæр.

Ленингоры поселочы æрæджы кусæгон балцы уыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид. Кусæгон балцы ма Президентимæ уыдысты Республикæйы Генералон прокурор Дзæгъиаты Уырызмæг, Президенты Контролон управленийы сæргълæууæг Къодоты Таймураз, Æхсæнадон химæисæны сæрдар Липин Сергей, Администрацийы протоколон службæйы кусджытæ.

Тыбылты Леонид Ленингоры районон администрацийы бæстыхайы ауагъта æмбырд районы активимæ. Хайад дзы райстой районы къухдариуæгад, хайадты сæргълæуджытæ æмæ хъæусоветы разамонджытæ.

Æмбырды нысан уыд администрацийы куыстæн хатдзæгтæ саразын æмæ дарддæры куыст куыд уынынц, уыимæ базонгæ уæвын.

Президент Ленингоры цæрæг адæмæн æмæ уым чи кусы, уыдонæн бузныг загъта, уымæн æмæ уæззау уавæрты цæрынц æмæ кусынц адæм.

«Ацы районы адæм сæ уæхсчытыл рахастой дуджы уæз æмæ йæ хæссынц абон дæр цæсгомджынæй. Уымæй хицæн кæнынц ацы районы адæм Ирыстоны иннæ районтæй. Уымæ гæсгæ райгонд дæн амы цæрæг адæмæй, уыцы тыхст уавæрты цæргæйæ баззадысты æцæг адæмæй. Уый бæрæг у, цард кæй цæуы дарддæр, ацы районы сывæллæттæ скъоламæ цæуынц, адæм сæ царды хабæрттæ кæнынц», – дзырдта Президент.

Дарддæр Ленингоры районы администрацийы хайадты сæргълæуджытæ хыгъд сарæзтой сæ бакæнгæ куыстæн. Ленингоры районы мидхъуыддæгты министрады районон хайады хисдæр Битарты Роберт цыбыртæй базонгæ кодта йæ бæрныуæвæг хайады куыстимæ республикæйы къухдариуæгады. Йæ ныхæстæм гæсгæ, районы криминогенон уавæр иумæйагæй у сабыр. Уголовон хъуыддæгтæ цы фыдракæндон архайдтыты фæдыл æрцыд конд, уыдон, зæгъгæ, иууылдæр раргом кодтам. Адæмы куырдиæттæ æнæ хъусдард нæ баззайынц барадхъахъхъæнæг органты ‘рдыгæй.

Роберты ныхæстæм гæсгæ, стыр хъусдард здæхт цæуы æхсæннацион хъæрмуддзинадмæ, уымæн æмæ районы цæры гуырдзиаг æмбæстæгтæ дæр.

Районы ацы хайады æххæст комплектаци сты фадыгон инспектортæ. Ленингоры районæй мидхъуыддæгты министрады хаххыл Уæрæсейы уæлдæр ахуыргæнæндæтты ахуыр кæнынц студенттæ. Уымæн æмæ районæн хъуамæ уа йæхи кадртæ. Уымæй дарддæр хайад кусы районы цæрджыты хуссарирыстойнаг æмбæстагон паспорттæй ифтонг кæныныл.

Тыбылты Леонид ма бацымыдис кодта, район Гуырдзыстонимæ æмарæн кæй кæны, уымæ гæсгæ мидхъуыддæгты хайады хаххыл дзы криминалон элементтæн бынат ис? Хайады сæргъ-лæууæг куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ дзы ахæм цаутæн нæй бынат, æрмæстдæр паддзахадон арæнтæ халыны цаутæй дарддæр.

Ацы хайадмæ, сæйраджыдæр, æмбæстæгтæ хатынц Хуссар Ирыстоны территоримæ цæуыны бар æмæ æмбæстагдзинад райсыны фарстыты фæдыл. Иумиаг хъусдарæн басгæрстытæ арæзт æрцыд ацы хайады ‘рдыгæй.

Районы æхсæнадон-политикон уавæры фæ-дыл æмæ æндæр фарстыты фæдыл информаци сарæзта районы прокуроры æххуысгæнæг Гуырцъыты Дауыт.

Президент ам банысан кодта, зæгъгæ, закъон кæм ис, уым ис фæтк дæр.

2016 азы куысты фæдыл хыгъд скодта уæлвæткон уавæрты министрады районон хайады сæргълæууæг Хъодалаты Вахтанг.

Зынгсирвæзты ныхмæ тох кæнын æмæ ирвæзынгæнæн хайады кусы 40 кусæджы. Хайад ма уæвынад кæны Орчъосаны хъæуы. Иумæйагæй сисгæйæ, сæйраг хайад ифтонг у æппæт æнæмæнгхъæуæг мадзæлттæй. Иумæйагæй сисгæйæ куыст оперативонæй цæуы.

Районы ахуырады системæйы уавæры тыххæй радзырдта ахуырады хайады сæргълæууæг Хацырты Кетеван.

Йæ ныхæстæм гæсгæ районы ис 16 иумæйаг-ахуырадон уагдоны, уыдонæй 11 сты скъолатæ æмæ æртæ та – сывæллæтты цæхæрадæттæ, сывæллæтты сфæлдыстады галуан æмæ сывæллæтты хæдзар. Ленингоры поселочы æмæ Цъинагары скъолаты, иннæ хъæуты скъолатæм абаргæйæ, ис фылдæр ахуыргæнинæгтæ.  Арæнгæрон хъæуты скъолаты ахуыргæнинæгтæ ис къад-дæр, зæгъæм, Балааны скъолайы ис 7 ахуыр-гæнинаджы, Ахмадзы та – æхсæз. Кетеван ма куыд дзырдта, уымæ гæсгæ скъолаты ис ахæм кълæс-тæ, цыран ис иугай ахуыргæнинæгтæ, фæлæ кълæстæ æхгæд не ‘рцыдысты.

Уым бузныджы ныхæстæ зæгъын хъæуы республикæйы къухдариуæггæнæг Тыбылты Леонидæн, Ахуырад æмæ зонады министрадæн. Уыдон руаджы ахæм кълæстæ уæвынад кæнынц.

Районы Фæсивæд æмæ спорты хайадæн разамынд кæны Быценты Гульнарæ. Фæсивæд æнæниз цардыуаг цæмæй кæной æмæ сæ физикон цæттæдзинад æмбæлон уагыл уа, уый у ацы хайады сæйраг нысан. Фæлæ кæм архайой спорты хуызтæй, ахæм бынатæй бынтон ифтонг не сты. Хъæуы сæ сæрмагонд спортивон зал. Иумæйаг уынаффæйы фæстиуæгæн ахæм хатдзæгмæ æрцыдысты, поселочы цы ног скъолайы бæстыхай арæзт цæуы, уыцы спортивон залы сын фадат уыдзæн архайынæн.

Гульнарæ куыд дзырдта, уымæ гæсгæ районы активонæй уагъд цæуынц спортивон мадзæлт-тæ ахуыргæнинæгты ‘хсæн. Мах, зæгъгæ, сæйраг ныфс æвæрæм фæсивæдæй. Мадзæлтты хайад исынц Захъхъор, Орчъосан æмæ Цъинагары скъолаты ахуыргæнинæгтæ. Спорты хуызтæй районы архайы дзюдо, теннис, баскетбол, хъæбысхæсты секцитæ.

Ам Президент бахæс кодта, зæгъгæ, хъуамæ зындгонд спортсментæ  хъомыл кæнат.

Районы æнæниздзинад хъахъхъæныны системæйы фæдыл æмбырды хыгъд сарæзта рынчындоны сæйраг дохтыр Джиголаты Людмилæ. Уый банысан кодта, зæгъгæ, районы фельдшерон-акушерон пунктты æнтыстджын куыст бирæбæрцæй бандæвта районы æнæниздзинады уавæрыл, фæкъаддæр рынчынты ны-мæц, уымæн æмæ уагъд цæуы æмбæлон про-филактикон куыст.

«Низы ныхмæ развæлгъау тох æнцондæр у хос кæнынæй. Районы 13 фельдшерон-акушерон пунктæй æхсæз сты ног, уым исынц хъæуты цæрджыты. Поселочы рынчындоны æдзух кусы исæн хайад. Фæстаг дыууæ азимæ абаргæйæ, фæкъаддæр «Тагъд æххуысмæ» бадзурыны нымæц дæр», – дзырдта Людмилæ.

Æнæниздзинад хъахъхъæныны фæдыл президентон программæ бирæбæрцæй баххуыс районæн. Уыцы программæмæ гæсгæ медиктæн æнцондæр кусæн у, уымæн æмæ куыд æмбæлы, афтæ фыст у медицинон æххуыс бакæныны фæтк, уыцы нымæцы ФАП-ты куыст дæр.

Рынчындоны сæйраг дохтыры ныхæстæм гæсгæ ФАП-ты медицинон кусджытæ Цхинвалы медицинон ахуыргæнæндоны базæйыл райсдзысты æмбæлон ахуырад.

Дарддæр уый радзырдта поселочы рын-чындоны куысты тыххæй дæр: «Рынчындоны рентгены кабинет æрцыд цалцæг, ныридæгæн йæ куыст кæны. Фæлæ æнæмæнг хъæуы хатæны къултæн æмбæлон экспертизæ саразын. Æмæ ма хорз уаид, æвзонг дохтыр нæм куы æрæрвитиккой министрадæй, уæд.

Ныртæккæ нæм кусы дыууæ æвзонг специалисты –  хирург æмæ гинеколог. Æвзонг медицинон хотæ бацæттæ кодтам рентгенон кабинетмæ æмæ операцион блокмæ»,  – дзырдта уый.

Районы администрацийы культурæйы хайад æнгом куыст кæны республикæйы Культурæйы министрадимæ. Хайады сæргълæууæг Дудайты Динæйы ныхæстæм гæсгæ, районы уæвынад кæнынц культурæйы хæдзæрттæ, библиотекæтæ, музыкалон скъола æмæ музей. Хайад кусы азы нывæстмæ гæсгæ. Республикон масштабыл бæрæгбонон мадзæлттæ уагъд цæуынц поселочы Культурæйы хæдзары.

Президент цымыдис кодта, поселочы Культурæйы хæдзар рæзгæ фæлтæримæ цахæм куыст кæны, уымæ. Динæ куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ сæ разы цы сæйраг хæс ис – нæ национ культурæ райрæзын кæнын æмæ бахъахъхъæныны, ууыл куыст цæ-уы иузæрдионæй. Сæйраг у, зæгъгæ, цы æмвæзадыл стæм, уый нæ, фæлæ размæ кæй цæуæм.

«Алыгъуызон фестивалтæ, культурон мадзæлтты хайад исынц районы сывæллæт-тæ. Фæстæмæ æрыздæхынц æмбæлон хорзæхтимæ.

Библиотекæты куысты тыххæй дзырд куы цæуа, уæд фылдæр цæуы нырыккон чингуыты фондæй», – дзырдта Динæ.

Ленингоры район рагæй фæстæмæ зындгонд уыд йæ æркæнгæ хъæууонхæдзарадон продукцийæ. Ныртæккæ уыцы хъуыддаджы раппæлинаг нæу, фæлæ уымæ нæ кæсгæйæ, хъæуы мадзæлттæ исын, цæмæй та цадæггай хъæууон хæдзарад йæ къахыл слæууа.

Районы хъæууон хæдзарады хайады сæргълæууæг Тыджыты Зауыр банысан кодта техникæйы хъуагдзинад. Президент Тыбылты Леонид баныфсæвæрдта, фадæттæ амонгæйæ кæй аскъуыддзаг кæндзысты ацы фарст.

Бæстæйы сæргълæууæг ма цымыдис кодта, фермертæ куыд кусынц, районы фосы низты ныхмæ цахæм профилактикон мадзæлттæ уагъд цæуы, æппæт уыдæттæм.

Ленингоры районы администрацийы сæргълæууæджы хæдивджытæ Гулиты Владимир æмæ Бараташвили Александр дæр иумæйагæй æрдзырдтой районы уавæрыл, бакæнгæ куыст æмæ фидæны плæнттыл.

Республикæйы Генералон прокурор Дзæгъиаты Уырызмæг куысты æнтыстытæй дарддæр районы Ахуырады хайадмæ бахатыд, цæмæй хистæркъласонтæн прокуратурæ æмæ мидхъуыддæгты хайад уадзой профилактикон мадзæлттæ – хæрзæгъдаудзинадыл сæ цалх кæнын æмæ  сæ æнæуаг митæй бахизын.

Æмбырдæн хатдзæгтæ аразгæйæ, бæстæйы сæргълæууæг банысан кодта, зæгъгæ, къухдариуæгад цы куыст кæны, уый ма уынæм, уый раст нæу. Республикæйы уæлдæр къухдариуæгады архайдæн аргъ хъуамæ цæуа.

«Уымæн æмæ мах не ‘ппæт дæр, стæм нæ бæстæйы патриоттæ. Критикæ дæр хъуа-мæ нысанмæздæхт уа, уæд ын ис бынат», – дзырдта Президент. Уый ноджыдæр банысан кодта, Уæрæсейы Федерацийы уæлдæр къухдариуæгады стыр æххуыс нæ республикæйы сæндидзын кæныны фæдыл. Банысан кодта, не ‘мзæххонты егъау куыст дæр нæ республикæйы территорийыл, уымæн æмæ уымæй дæр уавæр бирæ фæхуыздæр куысты бынæттæй ифтонг кæныны хъуыддаджы.

***

Нæ республикæйы Президенты Æх-сæнадон химæисæнмæ æрбацæуы бирæ куырдиæттæ, уыдоны нымæцы Ленингоры районы цæрджытæй дæр. Ацы районæй дзæвгар куырдиæттæ кæй уыдис, уымæ гæсгæ Тыбылты Леонид Ленингоры районмæ йæ кусæгон балцы рæстæджы йæхимæ райста, Æхсæнадон химæисæнмæ цы куырдиæттæ æрбацыдис, уыдоны хицæутты.

Фембæлды ма хайад райстой РХИ-йы Генералон прокурор Дзæгъиаты Уырызмæг, Президенты Контролон управленийы сæргълæууæг Къодоты Таймураз, Æхсæнадон хи-мæисæны сæрдар Сергей Липин, Ленингоры районы администрацийы сæргълæууæг Бо-сыкты Алексей æмæ æндæртæ.

Цæрджытимæ фембæлды рæстæджы Президент Тыбылты Леонид загъта, зæгъгæ, Ленингоры районмæ æрцæугæйæ, мæн фæнды бынаты уæ куырдиæттæм æркæсын æмæ сæ фæдыл аныхас кæнын.

Куырдиæттæн сæ фылдæр уыдысты арæныл ахизыны бары гæххæттыты тыххæй, зæххы фадгуытæ хиуыл сфидар кæныны, æрыгон адæймæгты куыстæй сифтонг кæ-нын, хицæн уынгтæ донæй хъуагдзинад кæй æййафынц æмæ ноджы бирæ æндæр ахæм проблемæтыл, кæцытыл æмбæлынц Ленингоры районы цæрджытæ сæ æрвылбонон царды. Цæрджытимæ фембæлды рæстæджы Президент Тыбылты Леонид æркаст ацы районы цæрджытæ Бечидзе Майя, Аулохты Таймураз, Дзанайты Розæ, Никъолаишвили Тамилæ, Дорешвили Медея, Козаты Тамаз, Чертхъоты Тамилæ, Елошвили Барис æмæ ноджы бирæ æндæр адæймæгты куырдиæт-тæм. Базонгæ ис сæ хицæутты домæнтимæ. Уый фæстæ Президент бынæттон разамынадæн дæр бакодта хæстæ, цæмæй сын сæ проблемæтæм ноджы уæлдай хатт сæ хъус æрдарой æмæ сын сæ аскъуыддзаг кæной. Вазыгджындæр фарстытæ та скъуыддзаг кæндзæн Президент йæхæдæг æмбæлон структурæтимæ.

Тыбылты Леонид ма йæ фембæлды рæстæджы ноджыдæр банысан кодта, зæгъгæ, мах бакусдзыстæм, уæ куырдиæтты цы проблемæтæ æвдыст æрцыдис, уыдоны фæдыл. «Мæ зæрдæмæ фæцыд, фæсивæды сæ районы кусын кæй фæнды, уый æмæ уыцы фарстмæ дæр нæ хъус æрдардзыстæм», – загъта Президент.

Иннæ цæрджыты фарстыты тыххæй дæр дзырд радта, сæ проблемæтæ сын кæй аскъуыддзаг кæндзысты, уый тыххæй.

Афтæ ма ацы фембæлды Тыбылты Леонид бирæ хæстæ радта æмæ карзæй бафæ-дзæхста Ленингоры районы къухдариуæггæнджыты.

Цæрджытимæ фембæлды фæстæ Президент æмæ Хицауады иннæ уæнгтæ Ленингоры районы разамынадимæ иумæ  дидинджытæ сæвæрдтой ацы районы Фыдыбæстæйы хъахъхъæнджыты цырты раз.

Уый фæстæ та бацыдысты, Ленингоры районы центры цы сывæллæтты цæхæрадон арæзт цæуы, уырдæм. Ацы арæзтады иумæйаг уавæримæ Президенты базонгæ кодтой РХИ-йы Арæзтады министр Зæгъойты Эдуард æмæ компани «Главстройинвест»-ы техникон директор Алексей Шишлов.

Ацы сывæллæтты цæхæрадоны арæз-тад фæхæццæ кæны кæронмæ. Аразджытæ куыд фæнд кæнынц, уымæ гæсгæ хъуамæ фæуа 15 февралмæ. Сывæллæтты цæхæрадон у дыууæуæладзыгон бæстыхай, йæ иумæйаг фæзуат – 2040 кв. м., цыран уыдзæнис 100 сывæллоны бынат. Арæзт  æрцæудзæн нырыккон домæнтæм гæсгæ æмæ ахъаз кæндзæн сывæллæтты иумæйаг рæзтæн. Ацы арæзтадон объекты ныртæккæ кусы 58 кусæджы.

Фæлæ Тыбылты Леонид, сывæллæтты цæхæрадоны азилгæйæ, банысан кодта, зæгъгæ дзы нырма дзæвгар куыстытæ ис бакæнинаг, уымæ гæсгæ хъæуы кусджыты нымæц фæфылдæр кæнын. Ныртæккæ дзы  мидæгæй цæуы цалцæггæнæн куыстытæ, хъармгæнæн системæ дæр у цæттæ, æппæт ифтонггæрзтæ дæр сты бынаты, куыддæр цалцæг фæуа, афтæ сæ сæвæрдзысты. Йæ алфæмблай æмбæлон уагмæ æркæныныл дæр цæуы куыст.

Нæ республикæйы Президент ма бацымыдис кодта, скъолайы арæзтад цы уавæры ис, уымæ дæр.

Ацы скъолайы арæзтадон объекты дæр куыстытæ сты сæ тæмæны. Арæзт цæуы 176 сывæллонæн. Скъолайы ма уыдзæнис егъау спортивон зал дæр.

Дарддæр нæ Президент æмæ делегацийы иннæ уæнгтæ бабæрæг кодтой, Ленингоры районы цы базар арæзт æрцыд, уый дæр. Ацы объекты куыстытæ кæронмæ фесты æмæ тагъд рæстæджы лæвæрд æрцæудзæнис эксплуатацимæ.

Тыбылты Леонид æхсызгонæй банысан кодта, зæгъгæ, ахæм уавæрты кусын æмæ базар кæнын æхцондзинад хæсдзæнис бынæттон цæрджытæ æмæ фермертæн, уымæ гæсгæ фæтагъд кæнын хъæуы йæ байгом кæныныл.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ Тыбылты Леонид афтид къухæй кæй нæ ацыдис Ленингоры районы Сывæллæтты хæдзары хъомылгæнинæгтæм. Уыдонæн уый бакодта Ногазон лæвæрттæ

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

ТУАТЫ Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.