Хуссар Ирыстон йæ ногдæр историйы кæддæриддæр æнкъардта Уæрæсейы æххуыс. Кæд йæ райдианы, ома, Советон Цæдисы ныппырхы фæстæ Уæрæсе йæхæдæг хицæн паддзахад ссис æмæ иннæ цæдисон республикæтау йæ адæмы цард гæвзыкк уавæрмæ æрхауд, уæддæр нæм йе ‘ххуысы къух лæвæрдта, архайдта, цæмæй нæ зæххыл цы хæсты арт сивæрзт, уый тагъддæр ахуыссыдаид. Æмæ фидауынгæнджыты руаджы уый къухты бафтыд. Æрбалæууыд сабырад, кæд сæртæг уыд, уæддæр.

Уæрæсеимæ ахастыты мидис уæлдай тынгдæр фæивта 2008 азы августы хæсты фæстæ, Уæрæсейы Федераци нын нæ паддзахадон хæдбардзинад куы банымадта æмæ куыд дыууæ æмбар паддзахады, афтæ уыцы аз сентябры мæйы Хæлардзинад, æмгуысткæнынад æмæ кæрæдзийæн æххуыс кæныны тыххæй бадзырдыл сæ къухтæ куы æрфыстой, уый фæстæ. Нæ республикæ дунеон барады фæлгæтты æппæтфарсон æххуыс исын райдыдта, цæмæй гуырдзыйы агрессийы фæстиуæгæн нæ сыгъд æмæ пырх горæт æмæ хъæутæ раууатмæ, æрцæуæг экономикæ сæ къахыл слæуыдаиккой. Æмæ кæд алцы нывыл нæ цыд, кæд республикæйæн рахицæгонд фæрæзтæ алы хатт сæ нысаниуæгмæ гæсгæ хардз нæ цыдысты æмæ ма абон дæр бирæтæн сæ ныппырхгонд хæдзæрттæ æндидзыд дæр не ‘рцыдысты, уæддæр нæ алы цæрæг дæр æвдисæн у, цард азæй азмæ хуыздæрæрдæм куыд ивы.

Республикæйы царды хицæн рæстæджыты адæм бæттынц, чи йын разамынад кодта, уыцы адæймæгтимæ. Тагъд афæдз æххæст кæны, республикæйы сæргъ Бибылты Анатоли куы слæууыд, ууыл. Афæдз афтæ стыр æмгъуыд нæу æмæ арф, лæмбынæгæй æрдзурай, адæмы цардыл куыд бандæвта йæ архайд, фæлæ уæддæр чысыл афæлгæст саразæн ис. Бирæвæрсыг у паддзахады сæргълæууæджы архайд. Социалон-экономикон фадыг у, адæм иууыл тынгдæр сæ æрвылбонон царды сæхи-уыл кæй æнкъарынц, уыцы къабаз. Президентон æвзæрстыты фæуæлахиз уæвгæйæ, Бибылты Анатоли фыццаг бонты фехъусын кодта, сæйраг хæстыл кæй нымайы республикæйы экономикæ рæзын кæнын, цæрджыты кусæн бынæттæй сифтонг кæнын. Уæрæсе не стратегион партнер кæй у, йæ егъау æххуыс ын æдзух кæй æнкъарæм, уый хынцгæйæ, йæ президентон хæстæ æххæст кæнын-мæ æрывналынæй бæрцæй цалдæр къуырийы фæстæ Бибылты Анатолийæн фембæлд уыд Уæрæсейы Президент Владимир Путинимæ, цыран ноджыдæр бафидар кодтой дыууæ бæстæйы интеграци æмæ æмцæдисады рæзты фæндондзинад. Уынаффæ кодтой политикон æмæ социалон-экономикон фарстытыл.Хъуыддагон бастдзинæдтæ æрмæст Мæс-куыимæ нæ цæуынц арæзт. Куыд Президент, афтæ республикæйы разамынады æндæр минæвæрттæ дæр хайад райсынц экономикон форумты, кæцытæ ахъаз кæнынц экономикон бастдзинæдтæ рауæрæх кæнынæн, республикæмæ инвестицитæ æрбакæнынæн. Цæвиттон Санкт-Петербурджы дунеон экономикон форумы уæвгæйæ Бибылты Анатоли фембæлд Татарстаны президент Рустам Миннихановимæ æмæ уынаффæ кодтой æмгуыстады фарстытыл. Хъуыддагон бастдзинæдтæ арæзт цæуы Уæрæсейы æндæр регионтимæ, афтæ ма Абхаз, Донецк, Луганск, Приднестроваг Молдоваг Республикæ æмæ æндæр бæстæтимæ.

Æндæр æмæ æндæр фарстыты фæдыл Бибылты фыртæн Мæскуыйы фембæлдтытæ уыд Уф-йы Генералон прокурор Юри Чайка, уæлвæткон уавæрты фæдыл министр Владимир Пучков, «Газпром»-ы правленийы сæрдар Алексей Миллер, Уæрæсейаг æмæ Мæскуыйаг партиарх Кирилл æмæ æндæр бæрнон адæймæгтимæ, кæцыты дзырд цыдис нæ адæмæн ахсджиаг фарстытыл. Цæвиттон, скъуыддзаг æрцыд, цæмæй нæ республикæйы хъæутæ газификаци æрцæуой. Уый тыххæй «Газпром» цæттæ у 2,5 миллиард сомы рахицæн кæнынмæ.

Ивгъуыд аз мах æвдисæн уыдыстæм, горæты уынгтæ дарддæр хæрзарæзт куыд цыдысты. Æдæппæт бантыст 13 уынджы сасфальт, схæрзарæзт кæнын. Уыдон арæзт цыдысты 2016-2017 азтæн Инвестпрограммæйы фæлгæтты. Ацы программæмæ гæсгæ арæзт æрцыдысты 36 объекты.

Нæ республикæйы иууыл стырдæр арæзт-цæуæг объекттæ уыдысты паддзахадон драмон театры æмæ университетон комплексы бæстыхæйттæ. Сæ дыууæйы арæзтад дæр рахызтис ацы азмæ. Университетон комплекс ныр кæронмæ арæзт фæцис, ифтонг æрцыдис хъæуæг ифтонггæрзтæ, инвентарæй æмæ æрæджы студенттæ æмæ ахуыргæнджытæн байгом кодта йæ дуæрттæ. Куыстытæ кæронмæ фæхæццæ кæнынц театры бæстыхайы дæр.

Фæстаг азты стыр куыст цæуы æнæниздзинад хъахъхъæныны объектты арæзтады фæдыл. Уыцы хъуыддаг æнтысгæйæ адарддæр ивгъуыд азы. Эксплуатацимæ лæвæрд æрцыд операцион-хирургион корпус. Ам уыдзæн гемодиализы хайад дæр. Сывæллæттæ æмæ сæ ныййарджытæн хорз лæвар у сывæллæтты бирæпрофилон рынчындон дæр. Горæты скæсæн хайы арæзт фæуд кæны зæрæдтæ æмæ инвалидты пансионат. Рæзы Гуырæн хæдзары ног бæстыхай дæр.

Цæрæнуаты арæзтадыл дзургæйæ, зæгъын хъæуы, реконструкци æмæ капиталон цалцæг кæй æрцыдысты Октябры уынджы фарастуæладзыгон хæдзæрттæ. Эксплуатацимæ радтынмæ бирæ нал хъæуы Хъайтарты уынджы кæрон цæрæн хæдзæртты дæр. Гуыбаты æфсымæрты уынджы та аразын райдыдтой цæрæн хæдзæрттæ. Ам банысан кæнын хъæуы, Инвестицион программæйы фæлгæтты æттейæ стыр куыст кæй цæуы, цæрджыты хæдзæртты æмбæрзтытæй чи нал бæззы, уыдоны раивыныл. Ацы куыстытæ кæнынц, президент кæй сарæзта æмæ Парламенты сæйраг чи у, уыцы парти «Иууон Ирыстон»-ы фæрæзтæй. Ивгъуыд аз ацы партийы фæрæзтæй Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайадисæг Гатыгкоты Романæн сарæзтой ног хæдзар дæр. Уыдæттæй дарддæр ма парти æххуыс кæны бирæ æндæр фарстыты æххуысхъуаг цæрджытæн.

Кæд нырма афтæ арæх нæ, уæддæр нæм фæзынынц, æндæр æмæ æндæр хуыз продукци кæм уадзынц, ахæм куыстуæттæ. Республикæйы цæрджытæ æхсызгонæй сæмбæлдысты горæтмæ цæгатæрдыгæй æрбахизæны дзидзагуыстгæнæн комбинаты байгомыл. Ам æвæрд æрцыдысты нырыккон ифтонггæрзтæ, уадзынц гъæдджын продукци куыд стуры, афтæ хуыйы, фысы æмæ гогызы фыдæй дæр æмæ йæ æхсызгонæй агурынц фæлхас-гæнджытæ.

Фæстаг рæстæджы нæ магазинты тæрхытыл фæзындысты æндæр æмæ æндæр минералон æмæ нуазыны дæттæ, кæцытæ уагъд цæуынц бынаты. Сæ иу – минералон дон «Осетинская» æрæджы ссис дунеон конкурс «Лучший продукт – 2018»-йы лауреат. Уый дзурæг у æрмæст йæ гъæдыл нæ, фæлæ нæ рауадзгæ продукттæ сæхицæн фæндаг кæй гæрдынц уæрæсейаг æмæ дунеон базармæ.

Æнæзæгъгæ нæй, Цхинвалы районы территорийыл 70 гектары фæзуатыл цы дыргъдон ныккалдæуыд, уый тыххæй дæр. 5 хуыз сорты талатæ æрластæуыд Сербийæ æмæ тыллæг дæттын куы райдайой, уæд, æнæмæнг, фæахъаз уыдзæн нæ экономикæйы рæзтæн.

Уæрæсейаг æххуыс стыр у нæ республикæйæн, фæлæ хи фæрæзтæ агурын кæй хъæуы, уый рох нæу республикæйы разамынадæй æмæ ивгъуыд аз бантыст ис миллиард сомы бæрц паддзахадон бюджетмæ бахæссын.

Республикæйы разамынад сæрмагонд хъусдард здахы хъæууон цæрджыты проблемæтæ скъуыддзаг кæнынмæ. Хъæутæм дарддæр хæрзарæзт кодтой фæндæгтæ, нуазыны доныл кæм тыхстысты, уырдæм уагътой донуадзæн хæтæлтæ. Республикæйы цæрджыты бирæ проблемæтæ скъуыддзаг æрцæуынц куыд Президентмæ, афтæ Хицауады Сæрдар æмæ Парламенты Сæрдармæ рæстæгæй рæстæгмæ цы химæрайстытæ вæййы, афтæ ма бынæтты цæрджытимæ цы фембæлдтытæ вæййы, уыдоны фæстиуæгæн.

Цæрджыты царды æмвæзад фæбæрзонддæр кæнынæн фæахъаз, ивгъуыд азы кæрон бюджетон кусджыты куыстмызд кæй фæфылдæр. 1 январæй та 2000 сомы æрвылмæйон æххуыс лæвæрд цæуы дыккаг æмæ уый фæстæ райгуыргæ сывæллоны тыххæй, цалынмæ йыл 1,5 азы сæххæст уа, уæдмæ.

Нæ республикæйы хорзæрдæм цы ивындзинæдтæ цæуы, уыдон, кæй зæгъын æй хъæуы, баст сты Уæрæсеимæ арф, æппæтварсон æмгуыстад кæнынимæ. Уæрæсейаг-хуссарирыстойнаг ахастытæ дарддæр рæзын кæныныл æдзух кусын, уынаффæ сыл кæнын кæй хъæуы, ууыл дзурæг у, Бибылты Анатолийæн Владимир Путинимæ ивгъуыд аз ноябры официалон æгъдауæй цы фембæлд уыдис, уый дæр.  Дзырд, сæйраджыдæр, цыдис уæрæсейаг базармæ ластцæуæг хуссарирыстойнаг товарты номхыгъд рауæрæх кæныныл, ног кусæн бынæттæ бакæныныл, социалон къабазы рæзтæн æххуыс кæныныл æмæ нæ адæмæн æндæр ахсджиаг фарстытыл.

Ивгъуыд азы фæудимæ фæцис 2016-2017 азтæн Республикæ Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæ дæр. Ног, 2018-2019 азтæн, Инвестпрограммæ райсыны нысанæн Цхинвалы ауагъд æрцыд Æхсæнхицауадон къамисы радон рабадт УФ-йы Хицауады Сæрдары хæдивæг А. Хлопонины хайадистæй. А. Хлопонин æнтыстджыныл банымадта, раздæры Инвестпрограммæ куыд æххæст æрцыд, уый. Ног Инвестпрограммæ реализаци кæнынæн рахицæн æрцыд 4 миллиард сомы. Уыдонæй 3 миллиард сомы хардз æрцæудзысты инфраструктурæйы объектты арæзтадыл, 1 миллиард та республикæйы территорийыл инвестицион проекттæ æххæст кæныныл. Арæзт цæудзысты ахæм ахсджиаг объекттæ, куыд Уанат-Цхинвалы донуадзæн, Хъемулта-Къуайса æмæ Гром-Цъинагары фæндæгтæ, нæ горæты хæрзарæзт уынгтæм ма бафтдзысты ноджы-дæр 10 уынджы…

Республикæйы политикон царды ахсджиаг цау систы Уæрæсейы Федерацийы президентон æвзæрстытæ. Хуссар Ирыстоны цæрæг уæрæсейаг æмбæстæгтæ дзы райстой иууыл активондæр хайад æмæ фенын кодтой, нæ республикæйы разамынад, йæ адæм фидарæй кæй хæцынц, Уæрæсе Путины разамынадæй цы курс æххæст кæны, уый æвварс.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.