Ныры дуг нын нæ размæ хæссы йæ уавæртæ æмæ æхсæнадон-политикон процессмæ кæны стыр æмæ чысыл паддзахадты.

Хуссар Ирыстон цы историон фæндагыл рацыд фæстаг азты, уый республикæйы аздæхта, нæ фыдæлтæн раздæр цы паддзахады ном уыдис, уымæ – Хуссар Ирыстон-Паддзахад Аланимæ. Республикæйы æнтысгæйæ, æдыхст уавæрты ацыдысты Президентон æвзæрстытæ.

Фæнды мæ бафиппайын, Бибылты Анатолийы размæ Тыбылты Леониды разамынады фыццаг азтæ æнцон кæй нæ уыдысты. Æндидзынад райдыдта уæззау уавæрты – Цхинвалы пырх уынгтæ, тынг нæ фаг кодтой финансон фæрæзтæ. Афтæ зынд, цыма бахъæудзæн бирæ азты æнхъæлмæ кæсын, фæлæ райдыдта цæрæн фонды æндидзыны куыст. Райтынг фæндæгты арæзтад, æрбæстон æхсæнадон цард æмæ а.д. Абон адæмы æвзæрст Президент Бибылты Анатолийы раз рæстæг æвæры йæхи уавæртæ. Æнхъæл дæн æмæ уыцы ивындзинад уыди æнтыстджынæй, куыд къухдариуæггæгæнæг æмæ куыд паддзахады сæргълæууæг, афтæ. Йæ архайды райдианæй бæрæг у йæ паддзахадон концепци,. Мæ хъуыдымæ гæсгæ Тыбылты Леониды фæстæ республикæ æмæ йæ адæм сты, ныфс æвæрын кфæмæй ис, ахæм къухты.

Президентæн йæхи ныхæстæм гæсгæ йæ куысты фыццаг бонтæ æмæ мæйтæ уыдысты «арæзтады, размæцыды, адæмæн аккаг царды уавæртæ саразыны» фæндондзинадимæ. Уыцы сæйрагдæр критеритæ систы бындур экономикон, социалон æмæ удварны, хъомысады иумиагæй сисгæйæ, цардархайды дарддæры рæзтæн. Се скъуыддзаг кæнын, сæйраджыдæр, кæнгæ у,  Уæрæсе нын цы стыр æххуыс кæны, уымæй.

Бибылты Анатоли йæ архайды ахсджиагыл нымайы, кæй сбæлвырд кодта, уыцы арæзтадон программæ дарддæр æххæст кæныны хæс. Æмæ йын сæйраг у адæмы æууæнчы аккаг разынын. Ам зыны йæ моралон принцип –  адæмы фыдæнхъæл ма фæкæнын.

Кæй зæгъын æй хъæуы, Президентæн бирæ ахсджиаг хæстæ ис, фæлæ уыдон ‘хсæн ахсджиаг сты горæты, районты æмæ хъæуты цæрджытимæ фембæлдтытæ. Республикæйы дзыллон информацийы фæрæзтæ фехъусын кæнынц уыцы фембæлдтыты тыххæй, æххуысхъуаг æмбæстæгтæ æмæ бинонтæн материалон, кæмæн хъæуы, уыдонæн медицинон æххуыс бакæныны тыххæй. Йæ куысты 100 боны дæргъы паддзахады сæргълæууæг йæхимæ райста 900 адæймаджы бæрц. Æдзух ын вæййы æмбæстæгтимæ фембæлдтытæ. Фæлæ уæддæр паддзахады сæргълæууæджы фыццаг къахдзæфты ‘хсæн ахсджиаг у паддзахадон хицауиуæгады органы кæронмæ æрбиноныг кæныны проблемæ. Уый æмбары, сæ квалификаци æмæ профессионалондзинад сын хынцгæйæ, кадртæ равæрыны æруадзгæ рæдыд гæнæн ис мæгуырау фæстиуджытæм æркæна, уымæй кæнгæ у Президентæн йæхи авторитет дæр. Уымæ гæсгæ ахсджиаг у хъуыддагæн ма разиан кæнын.

Паддзахадон лæггадгæнæг æппæт аппараты куыстæй кæнгæ у президенты æнтыст æмæ æмбæстæгты аккаг цард. Абон паддзахады сæргълæууæг цы зындзинæдтыл æмбæлы, уыдонæй иу у профессионалон æгъдауæй цæттæ квалификациджын кадртæй хъуагдзинад. Кадртæ та сты хицауиуæгады эффективон куысты бындур.

Кадрон политикæйы тыххæй йæ интервьютæй сæ иуы фехъусын кодта Президенты Администрацийы сæргълæууæг Козаты Игорь. Йæ хъуыдымæ гæсгæ «æппæт къабæзты дæр республикæйы модернизацийы фæдыл президенты раз æвæрд хæс»… домы «специалисттæ бæстондæрæй агурын»… «уыдонмæ уыдзæнис ног идеятæ».

Ис ахæм хъуыды дæр, æмæ ацы ахсджиаг проблемæ æвæрын хъæуы ХИПУ-йы раз. Растдæр ам биноныг цæуы дæсныйады, гоймаджы гъæд, йæ квалификацийы æмвæзад.

Ахсджиагдæр цы у, уыдон ‘хсæн Бибылты Анатоли сæрмагонд хъусдард здахы тыхджын экономикон, социалон къабазы хъомысад, мидæггагон æмæ æддагон политикæ саразынмæ, иумиагæй сисгæйæ республикæйы рæзт сифтонг кæнынмæ.

Республикæйы царды æппæт къабæзты дæр закъон æмæ фæтк хъахъхъæнын сты ахсджиагдæр дзыгуыртæ паддзахады сæргълæууæгæн.

Æнæ ракойгæнгæ нæй, 2008  азы августы Цхинвалы уынгты карз тохтæ куы цыд, уæд Бибылты Анатоли сæ цæхæры кæй уыдис. Нæ зонын, кæцы уынджы уыдис, фææ телевизоры æз федтон йæ тугæйдзаг цæсгом. Уæд æз базыдтон, йæ мыккаг кæмæй у, уый. Уыцы æнæферохгæнгæ цау баззад мæ зæрдæйы æмæ йæ абон дæр нæ рох кæнын.

Уыцы азты Бибылы фырт æппындæр нæ хъуыды кодта Президенты къæлæтджыныл, æз та йæм уæд бакастæн æцæг хæстоны, йæ Фыдыбæстæйы патриоты цæстæнгасæй.

Президент Бибылты Анатоли хорз æмбары, рæстæг кæй ивы дунейы ахсджиаг цы у, уыдон. Планетæйы картæйыл æвзæры ног дунеон фæтк, цæуынц ахæм процесстæ, раздæры националон автономитæ тох кæнын куы райдыдтой сæхи ахицæн кæныныл, хи сæрибарæй сбæлвырд кæнын, æмæ хи паддзахад саразыныл.

Иугонд Штаттæн Кавказ æнцой нæ дæтты… 2008 азы Саакашвилийы æххуысæй Гуырдзыстоныл Кавказмæ бабырсыныл АИШ-ы бафæлвæрдæй ницы рауад… Хуссар Ирыстонмæ Гуырдзыстоны гарзджын бабырст цæттæ цыдис АИШ-имæ иумæ. Хуссар Ирыстонæн уыцы трагикон бонты дуне федта агрессийы æцæг аххосджынты. Дунейы æндæр æмæ æндæр бынæттыл æндавыны тыххæй абон цы хæстытæ æмæ конфликттæ цæуынц, уыдонæн дæр, æмæ Украинæйы цаутæн дæр комкоммæ ахаст ис Хуссар Ирыстонмæ. Уымæ гæсгæ Президент Бибылты Анатоли æфсымæрон Кæсæг-Балхъары республикæйы кæй уыд, уый знаджы зæрдыл лæууын кæны, Кавказ нæ иумиаг хæдзар кæй у æмæ æгас регионы иумæйаг æдасдзинад æмæ хъахъхъæнынад иумæ кæй уыдзæнис.

Æнæнхъæлæджы нæ уыд, 2008 азы уыцы 5 боны Хуссар Ирыстон кæй æнкъардта Цæгат Кавказы æфсымæрон адæмты æххуыс. Æз мæхи цæстæй уыдтон, Уæрæсейы стыр æххуысимæ нæм хæлцадон æмæ сæудæджерадон товартæ ласæг машинæтæ  куыд цыдысты Кæсæг-Балхъарæй, Цæцæнæй, Дагъыстанæй æмæ æндæр рæттæй. Абон Президенты политикæйы æмæ йæ хъуыддæгты прагматизм, адæмы æууæнк æмæ уыцы æууæнчы аккаг разынын нысан кæны республикæйы дарддæры рæзт æмæ дидин рафтыд у Республикæйы Президент Бибылты Анатолийы сæйрагдæр стратегион этап, йæ архайды бындур.

ДЖИОТЫ Евгения, профессор

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.