РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик кусæгон балцы уыд Дзауы районы æмæ базонгæ ис, цы арæзтадон куыстытæ дзы æххæст цæуынц, уыдонимæ. Йемæ ма уыдысты Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон арæзтады министр Зæгъойты Эдуард, Дзауы районы администрацийы сæргълæууæг Джиоты Андрей, цæстдарæн органты æмæ арæзтадон организациты минæвæрттæ.

Хицауады Сæрдар æмæ йе ‘мбæлццæттæ бацыдысты, Дзауы поселочы цы бирæфатерон цæрæн хæдзар арæзт цæуы, уымæ.

Ам ныртæккæ аразджытæ кусынц дыккаг уæладзыджы, аразынц спортзал дæр, кæцыйы райдыдтой мæйы размæ. Куыстытæ цæуынц хорз темптæй.

Джиоты Андрей куыд банысан кодта, афтæмæй астæуккаг скъолайæн спортивон зал аразынц районы бюджеты фæрæзтæй æмæ администраци контроль кæны, куыстытæ дзы куыд цæуынц, ууыл. Бæстыхайы проектмæ бахастæуыд ивындзинæдтæ, цæвиттон, ам аразынц хинайæнтæ, кæцытæ проектмæ хаст нæ уыдысты.

Хицауады Сæрдар цымыдис кодта, бæстыхай сейсмикон æдасдзи-нады домæнтæн цас дзуапп дæтты, уымæ. Аразджытæ куыд загътой, афтæмæй дзы хынцыд æрцыдысты уыцы домæнтæ дæр.

Пухаты Эрик куыд загъта, афтæмæй район сейсмикон æдасдзинады активон зонæйы кæй ис, уымæ гæсгæ дзы алы арæзтад дæр хъуамæ цæуа æдасдзинады нормæтæм гæсгæ. Уый ма куыд банысан кодта, афтæмæй цæрæн хæ-дзары хъæуы саразын донифтонгады дырыс архайæг системæ.

Къуайсайы горæты хицауадон делегаци федта, Хетæгкаты Къостайы уынг куыд хæрзарæзт цæуы, уый. Ам ныртæккæ аразынц донуадзæн къанаутæ, æвæрæныц бордюртæ, реконструкци цæуынц зæронд коммуникацитæ. Аразджытæ куыд баныфс æвæрдтой, афтæмæй уынг асфальт кæнынмæ цæттæ уыдзæн 10 октябрмæ.

Бацыдысты Къуайсайы сывæллæтты цæхæрадонмæ дæр, цыран цалцæг цæуынц хицæн хатæнтæ. Куыстытæ куыд цæуынц, уыдонимæ зонгæ кæнгæйæ, Хицауады сæргълæууæг банысан кодта, уыдон æххæст кæй хъуамæ цæуой ахæм æмвæзадыл, цæмæй алы аз уыцыиу куыстытæ ма кæной.

Къуайсайы рынчындонмæ бацæугæйæ, Пухаты Эрик цымыдис кодта медперсоналы куысты уа-вæртæм æмæ хъæуæг медицинон аппаратæй куыд ифтонг сты, уымæ. Куыд банысанчындæуыд, афтæмæй куыстыты уавæртæ ам сты хорз. Ифтонг сты медикаменттæй дæр, ис сæм антирабикон вакцинæ.

Пухаты Эрик ма бацыд Везуры хъæумæ хæстæг донæмбырдгæнæн станцмæ, кæцы Къуайсайы горæты ифтонг кæны нуазыны донæй. Инвестпрограммæйы фæлгæтты станц хъуамæ реконструкци æрцæуа, цалцæг æрцæуа доны резервуар, фæуæрæхдæр кæной, объектмæ цы фæндаг цæуы, уый.

Азылды рæстæджы Хицауады Сæрдар профилон министрадтæ æмæ ведомствоты къухдариуæггæнджытæн, афтæ ма районы администрацийы сæргълæууæгæн дæр радта хæслæвæрдтæ, цæмæй æрвылкъуыри дæр контроль кæной æппæт арæзтадон куыстыты цы-дыл.

***

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик контролон азылд сарæзта, Ленингоры районы цы объекттæ арæзт цæуынц, уыдоны фæдыл. Йемæ ма уыдысты профилон службæты къухдариуæггæнджытæ æмæ Ленингоры районы администрацийы сæргълæууæг Мамытаты Витали.

Фыццаджы уал бабæрæг кодтой автомобилон фæндаг Гром-Цъина-гар, кæцыйæн йæ дæргъ у 14,5 километры æмæ арæзт цæуы 2019 азы социалон-экономикон рæзтæн    ахъазгæнæг Инвестицион програм-мæйы фæлгæтты. Проект сæххæст кæныны тыххæй хицæн æр-цыд 260 милуан сомы бæрц.

Подрядон организаци «Дорэкспострой»-йы директор Лалыты Мурат куыд банысан кодта, афтæ-мæй арæзтад цæуы графикмæ гæсгæ, æвæрд цæуы фæндаджы бындур, аразынц æнцойгæнæн къултæ, æвæрынц донцæуæн трубæтæ. Куыстыты архайынц техни-кæйы 10 иуæджы. Аразджыты ныхæстæм гæсгæ, азы кæронмæ ног фæндаг лæвæрд æрцæудзæн эксплуатацимæ.

Хицауады Сæрдары фарстæн, цы зындзинæдтыл сæмбæлынц, зæгъгæ, аразджытæ банысан кодтой, таможнæйон пост «Дæллаг Зæрæмæджы» ссæдз егъау æфсæнбетонон конструкциты фæстиаты проблемæ, кæцытæ æнæмæнгхъæуæг сты арæзтадæн. Пухаты Эрик ныфс бавæрдта, проблемæ аскъуыддзаг кæнынмæ æвæстиатæй кæй æркæсдзæн.

«Куыст ма хъуамæ æрлæууа ницы аххосагмæ гæгсæ, æвзæр боны гъæдты йеддæмæ. Мах бацархайдзыстæм, цæмæй дарддæр дæр таможнæйон посты ахæм ныхдуртæ ма æвзæра», – банысан кодта  Пухаты Эрик.

Хицауады Сæрдар ма бабæрæг кодта Цъинагары скъолайæн цы спортивон зал аразынц, уый дæр, кæцы арæзт цæуы районы фæ-рæзтæй. Куыстытæ æрлæууыдысты, æхцайы фæрæзтæ хицæн кæй нал æрцыдысты, уый тыххæй, кæцы баст у подрядон организацийы хыгъддæттынад фехалынимæ. Æртæ мæйы размæ арæзтады тыххæй бæрндзинад йæхимæ райста Ленигоры районы администраци, фæлæ куыстытæ нырма нæ райдыдтой.

Пухаты Эрик æрдомдта, цæмæй арæзтадмæ æрæвналой æмæ ма цы куыстытæ баззад, уыдон ног  ахуыры азы райдианмæ фæуой.

«Саразут бæстон график æмæ мын алы бон дæр хъусын кæнут,  цы арæзт æрцыд, уый тыххæй», – загъта Хицауады сæргълæууæг.

Чиновниктæ базонгæ сты хъæууон амбулаторийы арæзтадимæ, кæцы арæзт цæуы районы бюджеты æхцайы фæрæзтæй. Проекты аргъ у 4 милуан сомы, йæ фæзуат у 100 кв.м. Куыстытæ нырма сты бындур æвæрыны стадийы. Араз-джытæ ныфс бавæрдтой ацы азы фæззæгмæ объект арæтад кæй фæуыдзæн.

Азылды рæстæджы Пухаты Эрик бабæрæг кодта Монастеры хъæуы архайæг амбулатори, кæцы æхгæд уыд кусгæ рæстæджы. Хъæуы цæрджытæ банысан кодтой, дохтыр фыццаг июлæй кæй ис улæфты, афтæ ма фехъусын кодтой хуымæтæг хосты цухдзинæдтæ кæй æййафынц.

Хицауады Сæрдар бахæс кодта районы къухдариуæггæнæгæн, цæ-мæй профилон министрадтæн фе-хъусын кæна уавæры тыххæй æмæ хосты ифтонгадыл контроль кæна, æмæ банысан кодта, дохтыр бынаты куы нæ уа, уæд æй æндæр дохтыр кæй хъуамæ баива.

Басгæрсты кæронбæттæны пункт ссис Ленингоры сабидон, кæцы эксплуатацимæ лæвæрд æрцыд 2016 азы сентябры мæйы. Подрядон организаци «Союзстройпроект» цы цухдзинæдтæ æруагъта, уыдон фадат нæ дæттынц уагдонæн нормалон режимы кусын. Афтæ, спортзалы пол арæзт у, гом тыгъдадтæн цы резинæйæ пайда кæнынц, уымæй æмæ  дзы цæуы  хуыдыггæнæн тæф, уымæ гæсгæ дзы уроктæ уагъд нæ цæуынц.

Сабидоны директор Гæбæраты Дзерассæйы ныхæстæм гæсгæ ма хуыссæнты цъæрттæ æфснайæн бынат дæр пайда кæнынæн нæ бæззы.

Бынаты проблемæтимæ базонгæ уæвгæйæ сæ  Пухаты Эрик  йæ контролы бынмæ  райста, уыдон дарддæр аскъуыддзаг кæныны тыххæй.

РХИ-йы Хицауады Пресс-службӕ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.