Размæдзыд паддзахадты социалон-экономикон рæзтæн, амалиуæгадæн, бизнесæн æххуысы формæтæ æмæ амæлттæ хуыздæр кодтой дæргъвæтин реформæтæ уадзыны рæстæджы. Хуссар Ирыстоны истори та, Уæрæсейы Федераци йæ куы банымадта, уæдæй нырмæ у 8 азы. Фæстаг 4,5 азы республикæйы сæргъ лæууы Тыбылты Леонид Харитоны фырт.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ уыцы æмгъуыд Хуссар Ирыстоны æрцыд серьезон ивындзинæдтæ, кæцытæ позитивонæй зынынц йæ размæцыдыл. Хуссар Ирыстоны рæзты фарстатæ æрмæст йæ цæрджыты боны фæткы нæ, фæлæ Цæгат Ирыстон æмæ æппæт Уæрæсейы боны фæткты кæй сты, уый бахынцгæйæ, мæ бон фæндвидарæй зæгъын у: фæстаг азты Хуссар Ирыстоны къухдариуæгад кæны стыр куыст суверенон паддзахады размæцыды, политикон курс сбæрæг кæныны, æмбæстагон æхсæнады рæзты тыххæй.

Абон Тыбылты Леониды авторитет æххуыс кæны Республикæ Хуссар Ирыстоны инвестицион зæрдæмæцæуындзинад саразын æмæ йæ сфидар кæнынæн, науæд сомы боныл æнæууæнкæй, инвестортæ дæр уырдæм кæм æрцыдаиккой. Хуссар Ирыстонмæ нæ бирæнымæц балцытæ, бирæнымæц мадзæлттæ ауадзын мын бар дæттынц, цæмæй фидарæй зæгъон, Тыбылты Леонид республикæйы къухдариуæгадмæ куы æрцыд, уæдæй фæстæмæ æхсæнад æмæ хицауиуæгады ‘хсæн диалог кæй фæактивондæр æмæ конструктивонæй рæзы. Æппæт мадзæлтты дæр йæ хайадист дзурæг у цардархайды æппæт фадгуыты республикæйы къухдариуæгады цымыдисдзинадыл.

Фæстаг азты информацион фæрæзты æрмæджытимæ куы базонгæ дæн, уæд æрцыдтæн ахæм хатдзæгмæ: Хуссар Ирыстон тагъд рæстæджы аскъуыддзаг кæндзæн регионы социалон-экономикон рæзты хæслæвæрдты фарстатæй бирæты.

Дзыллон информацион фæрæзты æрмæджытæй æрхæсдзынæн цалдæр:

«Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путин Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонидимæ радон фембæлды рæстæджы банысан кодта: «Уавæр размæ цæуы тынг рæвдзæй. Интеграцийы, нæ ахастытæ фæарфдæр кæныны тыххæй бадзырдыл къухтæ æрфысыны фæстæ, цалынмæ бадзырд æмбæлон процедурæты рацыд, уæдмæ дæр хъуыддæгтæ размæ цæуын райдыдтой, æгæрыстæмæй махмæ – Паддзахадон Думæйы дæр. Куыд зонут, афтæмæй, æз радтон æмбæлон хæслæвæрдтæ нæ министрадтæн æмæ ведомствотæн, цæмæй кусой сæ коллегæтимæ Хуссар Ирыстоны».

2016 аз, март. «Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид йæхимæ райста уæрæсейаг инвесторты делегацийы… Фембæлд организацигонд уыд, æмгуысткæнынад æмæ Мæскуыйы уæрæсейаг инвестротимæ хуссарирыстойнаг Президент æрæджы цы бастдзинæдтæ сарæзта, уыцы контексты… Фембæлды æркастæуыд нырыккон реалиты республикæйы социалон-экономикон рæзты фарстытæм…»

2016 аз, март. «Алексей Миллер æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид æруынаффæ кодтой æмгуысткæнынады рæзты перспективæтыл. Фембæлды уынаффæ цыд газы фадыджы дыууæфарсон фарстытыл. Сæрмагонд хъусдард здæхт æрцыд республикæмæ уæрæсейаг газы æрластыл, æркастæуыд Хуссар Ирыстоны уæрæсейаг газы транспорты инфраструктурæйы рæзты перспективæтæм, республикæ-йы газификацийы генералон схемæты фæлгæтты, кæцы сарæзта «Газпром».

2016 аз, апрель. «Хуссар Ирыстоны дарддæры газификацийы фарстытыл уынаффæ цыд, Президент Тыбылты Леонид Æргом акционерон æхсæнад «Газпром»-ы Правленийы Сæрдары хæдивæг Валери Голубевимæ куы фембæлд, уыцы рæстæджы. Уый республикæмæ æрцыд кусæгон балцы. Президент банысан кодта, зæгъгæ, абоны фембæлд у республикæйы дарддæры газификацийы тыххæй бадзырдты реализацийы фæдыл дарддæры куыст, кæцы арæзт æрцыд Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путин æмæ Æргом акционерон æхсæнад «Газпром»-ы Правленийы Сæрдар Алексей Миллеримæ, ацы аз марты Мæс-куымæ Тыбылты Леониды кусæгон балцы рæстæджы. Тыбылты Леонид банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны газификацийы фарстытæ тынг ахсджиаг сты, йæ реализацийыл баст у социалон-экономикон æмæ политикон характеры бирæнымæц проблемæты аскъуыддзаг кæнын…

Валери Голубев бахахх кодта, зæгъгæ, ацы проблемæ аскъуыддзаг кæнын у Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн уавæртæ саразыны фæдфæдылон æмæ конструктивон хæслæвæрд аскъуыддзаг кæныны фæстиуæг, цæмæй газ бафтыдæуа уыцы продукцийы скондмæ, кæцытæй ист нæ цæуы таможнæйон фиддон, уый тыххæй Уæрæсейы Федерацийы Хицауады Сæрдары хæдивæг Александр Хлопонинмæ дæ фарст, Леонид Харитоны фырт, аскъуыддзаг кæнынæн уыдзæн ахсджиаг нысаниуæг. Уый фæстиуæгæн 30 проценты фæасламдæр уыдзæн газы продукцийы аргъ…

Тыбылты Леонид банысан кодта, зæгъгæ, ахсджиаг къахдзæф арæзт æрцыд Хуссар Ирыстоны дарддæры газификациты фарстыты хъуыддаджы æмæ бузныджы ныхæстæ загъта Æргом акционерон æхсæнад «Газпром»-ы къухдариуæгадæн, Хуссар Ирыстоны къухдариуæгады куырдиатмæ кæй æркаст æмæ йын дзуапп кæй радта, уый фæстиуæгæн».

2016 аз, апрель. «Мæс-куымæ йæ балцы рæстæджы Тыбылты Леонид фембæлд уæрæсейаг стыр агрофирмæ «Белая дача»-йы президент Виктор Семеновимæ æмæ æндæр уæрæсейаг бизнесментимæ. Уыдон сæ цæттæ-дзинад равдыстой хъæууонхæдзарадон сегментмæ фæрæзтæ бахæссынмæ. Бизнесментæ æмæ инвесторты ныфс ис æнтыстджын æмкуысткæнынадæй.

«Мах цæттæ стæм радон этапыл дзурынмæ, цæмæй æрцæуæм, нæ экономикæйæн æххуысы фæдыл цы хæслæвæрдтæ æрæвæрдтам, уыдон практиконæй аскъуыддзаг кæныны фарстмæ, – загъта Тыбылты Леонид.

«Бузныг уæ абоны фембæлды тыххæй. Ныр мах æппæтыл дæр активонæй кусдзыстæм. Нæ плантæ реализацийæн уынæм стыр адæймагон æмæ климатон потенциал. Ныфс нæ ис дæ фарсхæцынадæй, æз афтæ хъуыды кæнын, æмæ нæ бон у уыцы планты среализаци кæнын», – хатдзæг сарæзта Виктор Семенов.

2016 аз, август. «Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид йæхимæ райста Цæгат Кавказы хъуыддæгты фæдыл министр Лев Кузнецовы.

«Президенты бынаты æр-лæугæйæ, мæ разы æрæвæрдтон хæс: Уæрæсейы Федерацийæ Хуссар Ирыстонмæ цы фæрæзтæ цæуы, уыдонæй эффективонæй спайда кæнын. Финансон фæрæзты нысанмæздæхтæй спайда кæныны фæстиуæг Хуссар Ирыстоныл бæрæгæй зыны. Æппæт структурæты æмархайд æмæ раст равæрд куыст æвæрццагæй æндавынц республикæйы процесстыл», – загъта Леонид Харитоны фырт…

Лев Кузнецов Тыбылты Леонидæн радзырдта, зæгъгæ, арæзтадон фæзуæттыл азилгæйæ, цыран арæзт цæуынц социалон нысаниуæджы объекттæ, уый райгондæй баззад бынæттон подрядон организациты куыстæй…

Министр куыд хъуыды кæны, уымæ гæсгæ, æндидзынады процессы фæстæ радон ахсджиаг этап уыдзæн экономикæйы рæзт.

Цæгат Кавказы хъуыддæгты фæдыл министры фидарæй уырны, зæгъгæ, Хуссар Ирыстон кæддæриддæр хъæууонхæдзарадон республикæ кæй уыд, уый бахынц-гæйæ, уыцы сферæйæн раттæн нæй дыккаградон роль, фæлæ дзы спайда кæнын хъæуы экономикæйы фадыг бæрзонд, фидар позицитæм сисыны хъуыддаджы»…

Сусæггаг нæу, РХИ-йы къухдариуæгад цыбыр рæстæгмæ цы бакуыста, уымæн газеты фæрстыл ныффыссæн кæй нæй. Æмбæрстгонд у уый, æмæ Республикæ Хуссар Ирыстон раст фæндагыл лæуд у. Федералон къухдариуæгадимæ, федералон министрадтæ æмæ ведомствотимæ Леонид Харитоны фыр-ты сразыгонд архайдтытæ ныфс дæттынц, ома, Хуссар Ирыстоны æгуыстдзинад фæкъаддæр уыдзæн,  цырд темптæй райрæздзæн экономикæ, реализацигонд цæу-дзæн уæрæсейаг специалисттимæ иумæ бацæттæгонд Инвестицион программæ. Æввахс азты Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзты фæдыл ныридæгæн цы къорд сразыдзинады арæзт æрцыд, уый бахынцгæйæ, бæрæг æрцыдысты чысыл æмæ астæуккаг бизнесы райрæзты, хъæууон хæдзарады фарстытæ, ныфс мæ ис Республикæ Хуссар Ирыстон цыбыр рæстæгмæ суыдзæн зæрдæмæдзæугæ регион.

26 августы Хуссар Ирыстоны адæм банысан кодтой Уæрæсейы Федерацийы ‘рдыгæй республикæйы хæдбардзинады банымайыны бон, кæцыйыл сæххæст  8 азы. Республи-кæйы адæмæн, сæрмагондæй Леонид Харитоны фыртæн мæ фæнды дарддæры æнтыс-тытæ.

Дарчиты Еленæ,

Политолог Газет «Свободный взгляд»

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты официалон сайт

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.