КОМПОЗИТОР ПЛИТЫ ХРИСТОФОРЫ РАЙГУЫРДЫЛ ÆХХÆСТ КÆНЫ 95 АЗЫ

Ацы бонты Ирыстоны музыкалон аивады фидауц Плиты Христофоры райгуырдыл æххæст кæны 95 азы. Уыдонæй цæргæ фæкодта 72 азы. Уыцы азтæй 55 азы та схай кодта Ирыстоны музыкалон аивадæн.

Хæдзарвæндагæн егъау нысаниуæг ис. Канд Рукъгомы нæ, æгас Цъалагомы дæр Мандыйы (афтæ сæ хуыдтой сæ фыдæл Мандыйы номæй) хæдзарвæндаг нæргæ хæдзарвæндагыл нымад уыдысты.

Дзæвгар бинонтæ кæд искæйы хæдзары змæлыд, уæд уыдоны фыццæгтæй иу уыд Мандыйы хæдзарвæндаг.

Хæдзарвæндаджы нæлгоймæгтæ Сослан, Сардо, Арчил, Петя, Геса æмæ Граф æрæджыйы  онг дæр иумæ цардысты хæлар æмæ адджынæй, схъомыл кодтой цот – Ирыстон сæ цæст кæуыл æрæвæрдта, ахæмты. Сæ цоты цотыл куы дзурæм, уæд нæ ныхас адаргъ уыдзæн. Цæвиттонæн дзы æрхæсдзынæн дыууæйы – сæ иу Бэллæ – кардиолог, адæмæн уарзон дохтыр; Жаннæ – нæ рæстæджы зынгæ композитор, канд Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы нæ, фæлæ ма фæсарæнты дæр.

Сæхи цæуæтæй дæр бирæ зынгæ адæймæгтæ рацыд. Уыдонæй у Христофор, абон нæ ныхасы сæр кæуыл у, уый – композитор, музыкант, æхсæнадон кусæг, Советон Цæдисы Композиторты цæдисы уæнг, Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат, Уæрæсейы Федерацийы аивæдты сгуыхт кусæг.

Христофор уыдис Уæллаг рукъаг, уым райгуырд 1923 азы рæстæмбис цæрæг бинонты ‘хсæн. Йæ фыд Сослан уыдис йæ дуджы куырыхон лæгтæй иу, Ирыстоны рæзгæ фæлтæры раз уырдыг бирæ чи фæлæууыд, ахуыр-хъомыладон куыстæн йæ цард чи снывонд кодта, ахæм лæг, ахæм ахуыргæнæг.

Сосланы фырттæ Христофор æмæ Уасил сæ царды фæндæгтæ сæрысуангæй сбастой национ аивадимæ, ирон кæлæнгæнæг музыкæимæ. Ансамбль «Симд»-ы историйыл чи дзура, уымæн нæй ахизæн Уасилы иувæрсты, Галаты Барисы фарсмæ æнгом чи æрбалæууыд, «Симд»-æн дзæвгар азты разамынд чи лæвæрдта. Ахæм фæндаг равзæрста Христофор дæр.

Плиты Христофор райдианы аст фæцис Ручъы скъола, стæй, 1940 азы та каст фæцис Сталиниры педагогон техникум. Уым ахуыргæнгæйæ, активон хайад иста зард æмæ кафты кружокы.

1937 азæй ссис Хуссар Ирыстоны кафт æмæ зарды оркестры активон хайадисæг.

Рæсугъд фæндтæ уыд æвзонг лæппумæ йæ дарддæры ахуыры фæндæгты тыххæй, фæлæ йын сæ Фыдыбæстæйон хæсты уæззау зæй йæ быны фæкодта.

Ралæууыд тугуарæн тохты дуг, фæраст уырдæм æвзонг Христофор дæр æмæ йæ бавæрд бахаста Уæлахизы хъуыддагмæ. Æфсæддон хъуыддæгты арæхстджын кæй уыд, уый тыххæй ма баззад уым фæсхæсты азты дæр, æрыздæхт 1947 азы.

Æрыздæхт æмæ дарддæр бавнæлдта ахуыры хъуыддагмæ, ныллæууыд ногæй музыкæйы рæсугъд фæндæгтыл æмæ уал нырма каст фæцис Мæскуыйы Чайковскийы номыл паддзахадон консерватори, стæй та композиторты факультет (уый дæр уыцы консерваторийы) 1957 азы.

Христофор æгæрон уарзтæй уарзта йæ равзаргæ дæсныйад, цайдагъ ыл кодта Иры фæсивæды, архайдта Ирыстоны музыкалон скъолатæ сбирæ кæныныл, райдыдта царды асинтыл хæрдмæ хизын.

1968-1984 азтæм уыдис Цæгат Ирыстоны Композиторты цæдисы правленийы сæрдар. 1973 азæй суанг йæ амæлæтмæ та уыдис Уæрæсейы композиторты правленийы сæрдары хæдивæг.

Уæрæсейы музыкалон аивады æмрæнхъ Христофор бавнæлдта Иры зæлланггæнаг музыкалон аивадмæ. Нырма уал уый, æмæ Христофор тынг хорз зыдта йæ адæмон сфæлдыстады музыкалон æвæрæнты. Цъалагомы Иры хъæзныг фольклор кæд хорз исчи зыдта, уæд уыдонæй иу уыд Сослан. Фыд уыцы хорз хæзнатæй схайджын кодта йæ фыртты дæр – Уасил æмæ Христофоры.

Ирон фольклорон музыкалон аивад Христофорæн ссис йе сфæлдыстадон фыццаг рахæцæн. Зæгъæн ис фидарæй, кæй уыд ирон адæмон сфæлдыстады музыкалон æвæрæнты дæсны иртасæг. Ууыл уал, сæйраджыдæр, дзурæг сты йæ фæллæйттæ: «Ирон сюитæ»,  «Зарæг Тауычейы темæйы фонтази», скрипкæ æмæ фортепианойæн цы мелодитæ райста, уыдон.

Ацы фадыджы Христофоры схонæн ис ирон адæмон зарджыты æмбырдгæнæг. Афтæ кæй уыд, уый та бæлвырд у йæ бацæттæгонд чиныг «Народная музыка Се-верной Осетии в обработке для аккордеона или баяна».

Христофор нымад æрцыд ирон музыкалон аивады фыццаг ирон профессионалон опереттæйы авторыл. Уый та уыд «Уалдзыгон зарæг». Фыццаг бынаты æрлæууыд, Христофор Къостайы иуактон оперæ «Къоста» куы ныффыста, уæд дæр.

Ир æхсызгонæй сæмбæлдысты йæ оперæтæ «Фатимæ», «Уалдзыгон зарæг», «Æртæ æрдхорды» æмæ «Нæ усгур алыгъди»-йыл дæр.

«Æрттив мæ Ирыстон» йæ фæзындæй фæстæмæ нæ аивадуарзджыты зæрдæтæм уæрæх фæндаг ссардта. Стæй уæд цæстæвæрæн фæцис Кавказ æмæ æндæр нациты цæсты дæр.

Йæ музыкалон-аивадон бынтæ бæрзонд æмвæзадмæ систой Ирыстоны кæлæнгæнæг аивады. Уыдон та сты: «Дунейы уалдзæг», «Колхозон фæсивæд», «Зарæг Къостайыл», «Авдæны зарæг», «Мæ Ирыстон», «Ирыстон», «Ногазон зарæг», «Зарæг партийыл, Лениныл, Райгуырæн бæстæйыл».

Уæлдæр ранымадгонд куыстытæ мыхуыр æрцыдысты алыгъуызон музыкалон журналты.

Христофорæн бантыст цал-дæр чиныджы рауадзын. Уыдон та сты: «Ирон зарджытæ», Ордж. 1978 аз, «Цины зарджытæ», Мæскуы 1992 аз.

Ацы чингуытыл кусгæйæ, бирæ ахсджиаг хъуыддæгтæ бакодта Христофор. Нырма уал уый, æмæ æртымбыл кодта ирон зарджыты, сфæлыста сæ музыкæйæ, ирон зард æмæ оркестрты къух дзæвгар фæрæуæгдæр кодта.

Дыккаг та уый, Христофор бавдæлд æмæ æртымбыл кодта Цæгат Ирыстоны композиторты зарджытæ, æркодта сæ бæрæг системæмæ. Уымæй та сарæзта музыкæйы ахуыргæнджыты къух, музыкалон аивад нæ кæстæртæн чи амоны, уыдоны къух.

Вазыгджын у йæ оперæ «Къоста» мидисæй дæр æмæ гуырахстæй дæр. Конд у 6 эпизодæй. Либреттойы автортæ та сты Цæгæраты Максим æмæ И.Шорайы фырт.

Цæстуарзон куыст фæкодта Христофор, цы фæндаг равзæрста, ууыл. Кæд йе ‘фсымæр Уасил дæр ацы хъуыддагыл хæст уыд, уæддæр Христофоры фæллæйттæ фылдæр æмæ зынаргъдæр сты. Уасилæн ансамблы егъау æххуыс уыдысты йе ‘фсымæры куыстытæ. Нæ ном нын кæуылты ныхъхъæр кодта Уасилы чызг Жаннæ. Уыцы хъуыддаджы дæр Христофоры æххуыс егъау уыд.

Хорз зыдтон ацы хæдзарвæндаджы, зонын сæ абон дæр. Æцæг, нæртон, номдзыд, куырыхон хæдзарвæндаг уыдысты æмæ уыцы фарн абон дæр дарддæр кæнынц сæ кæсдæртæ.

Хуссар Ирыстоны музыкалон аивад хæсджын сты, цæмæй сæ адæмы размæ хæссой Христофор, Уасил æмæ Жаннæйы нæмттæ. Лæггад нæ, сæ нæмттæ дæр сын нæ зонынц нæ абоны фæлтæр, уымæн æмæ сæ номыл ницы ис.

Уайдзæфы аккаг сты Цæгат Ирыстоны культурæйы министрад, Христофоры æдзæллаг бюстмæ куыдфæндыйы цæстæй чи кæсы абон дæр. Æниу ыл ивгъуыд аз газет «Рæстдзинад» фæдисы хъæргæнæгау фыста, фæлæ цы…. абон Христофоры бюст афтæ нызгъæлæнтæ æмæ йын базонæн дæр нал ис. Ам зæрдыл æрлæууынц Къостайы ныхæстæ. «Цæмæй дын фиддзыстæм дæ хæрзтæ, цæмæй дын ратдзыстæм æгъдау?»

ПЛИТЫ Гацыр, профессор,

Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.