Мæ хорз хæларæн йæ хæстæг амарди Хуссар Ирыстоны. Ацыдысты зианæн йæ фæстаг фæндаг сæ къахвæллойæ срæсугъд кæнынмæ. Æвæццæгæн, рагæй нал уыдис мæ хæлар Чъребайы ахæм хъуыддаджы фæдыл, æмæ куы æрыздæхт, уæд мын йæ сагъæстæ ракодта. Цымыдисаг æм фæкастысты, не ‘гъдæутты цы бирæ хицæндзинæдтæ фæзынд, уыдон. Йæхинымæр сын агуырдта мидис, æмæ йæ не ссардта.

Æвæццæгæн, раст уыдзæн, куы уын зæгъон æз дæр мæ хъуыдытæ. Уайдзæфæн æй мачи айсæд, – мæнæн цæгаттагæй, хуссайрагæй хъауджы ницы ис. Нæхи мидæг цы æркæсинаг фарстатæ ис, уыдоныл дæр хъуамæ дзурæм æргом, æфсымæр æфсымæримæ куыд фæдзуры, афтæ. Кæсын, æмæ куыд дарддæр, афтæ нæ Ирон Æгъдаумæ алыгъуызон цæстæнгас дарын райдыдтам, хизæм иуварс йæ мидисæй, æмæ мæ уый тынг тыхсын кæны. Афтæмæй, дзыхæй ирон адæмы иудзинадмæ тырнгæйæ, не ‘рвылбоны царды та фæйнæрдæм хæцæм. Уый у дæргъвæтин ныхас, æмæ йыл фидæны æнæмæнг иумæ адзурын хъæудзæн иу стыр æмбырды. Ныр та уал мæм ис цалдæр фиппаинаджы, нæ мард æвæрыны æгъдæутты фæдыл.

Фыццаджыдæр, Цæгат Ирыстоны незамантæй нырмæ мæрддзыгой иумæ дæрддзæфæй æрбацæуынц сыхбæстæн æмæ бинонтæн тæфæрфæс ракæнынмæ дыгæйттæй кæнæ цыппæргæйттæй иу рæнхъы. Хистæр (тæфæрфæсгæнæг) фæлæууы рахисæрдыгæй, цыппарæй куы цæуой, уæд та рахисæрдыгæй – дыккаг. Иугæйттæй зианмæ цæуын не’мбæлы, хæстæг хион фæдисы цæуæг куынæ уа, уæд.

Сыхбæсты, хъæубæсты хистæртæ фæбадынц зианджынты дуармæ, галиу фарс, æмæ мардмæ æрцæуæг адæмæн лæугæйæ арфæ фæкæнынц. Зианджынтæ сæркъулæй лæууынц сæ разы. Уый у уæздандзинады фæтк, ис дзы æвæрд арф мидис. Æнæ уæздандзинад та нæй Æгъдау.

Цæуылнæуал кæнæм афтæ Хуссары, кæд æй фыдæлтæ хæхбæсты (Ручъы, Дзомагъы, Къуыдаргомы æмæ иннæ кæмтты цæргæйæ) кодтой, уæд? Цæмæн цæуæм мардмæ куыдфæндыйæ?

Иннæ фарста. Цæгат Ирыстоны хæр-нæджы фынгыл (мард æвæрæн бон), фыдæлтæ куыд амыдтой, афтæмæй не ‘вæрынц бирæ хæринæгтæ æмæ нозтытæ. Уæлдайдæр – хъарм хæринæгтæ. “Æнхъæлмæ йæм нæ кастыстæм. Цы æрæййæфта, уый йын хæлар кæнæм,”- дзырдтой-иу фыдæлтæ. Цæхх, дыууæ кæрдзыны, сæр, бæрзæй, дзул, фыдызгъæл, дон – æндæр фынгыл ницы æвæрдтой. Мæгуыр уыдысты, уый тыххæй нæ, фæлæ æмбæлгæ афтæ кодта. Зиан-иу цы хæдзарыл æрцыди, уым-иу йæ æвæрæн боны онг арт дæр нæ кодтой.

Фæстæдæр зæронды зианы фынгыл райдыдтой æвæрын халсæрттæ карстæй, плæу. Уый Ирыстонмæ æрхастой Астæуккаг Азийæ чи здæхтис, уыцы шабашниктæ. Гуырдзы дæр нæм хорз фæкастысты. Уыдонмæ дæр кæнынц плаумæ æввахс хæринаг сæ зианты. Ныр уыдоныл райдыдтой æфтауын гуырдзиаг лобиа æмæ ноджы æндæр хъарм хæринæгтæ, халсæрттæ, дыргътæ, адджинæгтæ. Афтæ куы ацæуа, уæд зианы фынгыл фæзындзысты цъыс-цъысгæнгæ физонджытæ æмæ фыдджынтæ дæр.

Уый ирон æгъдау нæу, æмæ зул фæндагыл цæуын нæ хъæуы. Ирон адæм сæ зиæнтты фынг æвæрынц хæрын æмæ нуазынæн нæ, фæлæ хæлар кæнынæн æмæ рухсаг зæгъынæн.

Гуырдзымæ ис æндæр цæстæнгас. Уыдонмæ цас фылдæр æмæ дзадж-джындæр фынг сæвæрай, цас хуыздæр æрцæуæг адæмы фæхынцай, уыйас фылдæр кад кæныс, чи амарди, уымæн.

Уадзæм алы адæмæн дæр се’гъдау сæхи бар, нæхион та ма халæм.

Зианы фынгыл ирон адæммæ незамантæй нырмæ бирæ бадын уыдис худинаг. Цæгат Ирыстоны ахæм бадты хистæр фæкæны бæрцæй 8-10 рæгъы, æмæ адæм фылдæр-фылдæр сахат æмæ ‘рдæгмæ сыстынц. Уыимæ алы рæгъæн дæр ис йæхи рад, йæхи фæтк æмæ мидис.

Раздæр ДЫУУÆ КÆРДЗЫНÆЙ бинонты Хуыцауыл бафæдзæхсынц. Хуыцаумæ зианы КУВГÆ НÆ КÆНЫНЦ – кувын циндзинады æгъдау у. Уыцы дыууæ хъуыддаджы ирон уырнынады æмæ дунембарынады сты здæхт хицæн дунетæм. Кувгæ уæлæрвтæм кæнæм, хæлар та – мæрдты бæстæм. Нæй сын æмхæццæгæнæн. Нæй Хуыцауы зианы фынгыл æвæрд æртæ кæрдзынæй сайæн. Уæхимæ йæ фыдæх ма исут.

Дыккаг рæгъæй чи амарди, уымæн рухсаг зæгъынц. Уый фæстæ – бинонты цæрæнбон. Дарддæр рухс фæзæгъынц, йæ размæ уыцы бæстæм йæ бинонтæй чи ацыд, уыдонæн. Æнæмæнг рæгъытæ рауадзынц фыдæбонгæнджыты: мардмæ æрцæуæг адæм, сыхбæстæ æмæ кæстæрты тыххæй. Вæййы афтæ дæр – сæ ном сын ссарынц иу рæгъæй. Хистæр арæх ссары, Стыр Хæсты чи фесæфт, уыдоны ном дæр. Уыцы æгъдау раджы нæ уыди, рацыди Хъæдгæронæй хæсты фæстæ.

Цыппар-фондз рæгъы фæстæ зиан-джынтæ фынгмæ иу сыхаг æмæ иу кæстæримæ рацæуынц, дзидзайы хай рахæсгæйæ, арфæ кæнынмæ. Нуазæнтæ нæ хæссынц æмæ нæ дæттынц (уый циндзинады æгъдау у). Æрмæстдæр ракæнынц арфæ æрцæуæг адæмæн æмæ сыхбæстæн.

Бадты кæронмæ хистæр ралыг кæнын кæны сæрæн йæ галиу хъус, цæххыл айзæрынц æмæ йæ сæрыл æрæвæрынц. Бæркады рæгъы фæстæ иууылдæр фынгæй сыстынц æмæ зианджыны кæртмæ, кæнæ уынгмæ рацæуынц. Уым æрлæууынц дыууæ фарс: хиуæттæ æмæ сыхæгтæ хæдзары ‘рдыгæй, æрцæуæг адæм – сæ ныхмæ. Афтæмæй бадты хистæр æмæ æрцæуæг адæмы хистæр кæимæ сты, уыдоны номæй кæрæдзийæн арфæ ракæнынц. Уый дæр у ирон уæздандзинад. Æддагон адæмы дисы бафтауы йæ арф мидисæй. Уæд нæ Хуссары цæмæн ферох ис?

Чи æрхъуыды кодта, кæй ранымадтон, уыцы рæгъытæй уæлдай ма ноджы 12-15 рухсаджы рæгъы фæкæныны æгъдау? Цæмæн халæм, нæ фыдæлтæ хæрнæджы бадты цы арф мидис æвæрдтой, уый? 25 агуывзæйы чи баназа зианы фынгыл, уый цы хуызæнæй хъуамæ сыста уырдыгæй?

Зианы фынгыл цы нозт æмæ хойраг æрæвæрынц, уыдон сцæттæ кæнынц, сæрмагондæй чи амарди, уыцы адæймагæн. Уымæн сæ ныххæлар кæнынц, “мах раз куыд сты, афтæмæй йæм сыгъдæгæй хæццæ кæнæнт”, зæгъгæ. Фынгмæ, рухсаг зæгъгæйæ, уый тыххæй æртадзынц нозтæй – уымæй бабæттынц хæлар кæныны æгъдау, фынгыл цы ис æвæрд, уыдонимæ.

Уæд нын чи радта бар уыцы сæрмагонд зианæн хæларгонд хойраг æмæ нозтæй æндæр кæмæндæрты хай кæнын, уыдонæй сын рухсаг зæгъын æмæ уыдонæн фынгмæ нозтæй тадзын? Нæдæр искæй зиæнттæ, нæдæр – Ирыстоны хъайтартæ, нæдæр – цытджын Сталин æмæ йæ маршалтæ, цы сæрмагонд зианы фынгыл фæбадæм, уымæ ницы бар дарынц. Нæй нын бар уыцы фынджыдзагæй уыдонæн хай кæнын.

Ма кæнæм афтæ, ма фæзмæм æндæр адæмты, ма халæм нæ фыдæлты рæсугъд æмæ мидисджын æгъдау.

Цæгаты ма æрæджы дæр сылгоймæгтæ хæрнæджы фынгыл нæ бадтысты. Фæстаг 10-15 азы райдыдтой. Фæуæд афтæ. Фæлæ цæмæн хъæуы сылгоймæгты фынгыл водкæ æмæ æндæр карз нозтытæ æвæрын? Кæй фæзмæм уымæй, хуссайраг æви цæгаттаг сыхæгты? Цæмæн бабар кæнæм сылгоймæгтæн зианы лывзæ æмæ æндæр ахæм хæрзад хæринæгтæ фыцын?

Цæгаты дæр æмæ Хуссары дæр фидарæй зæрдыл бадарын хъæуы иу тынг ахсджиаг хъуыддаг. Нæ фыдæлтæ, сæ дунембарынадмæ гæсгæ тынг хицæн кодтой цин æмæ зианы æгъдæуттæ, кæд физикон цæстæнгасæй сæ архайд иу уыдис, уæддæр. Уымæн сæм уыдис цины хонæг, зианы та – хабаргæнæг, хъæргæнæг. Цины – кусæрттаг (кусартгæнæг), зианы – æргæвдинаг (æргæвдæг). Цины кодтой кувгæ, уагътой сидтытæ, гаджи-дæуттæ, зианы та – æрмæстдæр рæгъытæ. Цины – æнæкъæйттæй нымад, зианы – æнæмæнг къæйттæй. Цины алцы дæр рахисырдæм, зианы та – галиуырдæм (галиу – фыдохы, æвзæр хъуыддаджы нысан). Уырдыглæууæг дæр лæууы фынгæн йæ галиу фарс. Цины кувынц худаистæй, зианы лæгтæ бадынц худты.

Бирæ ахæм дæнцæджытæ ис æрхæссæн. Уыдоны цы арф хъуыды ис æвæрд, уый нæ нæ уадзы цин æмæ зианы æгъдæуттæ æмхæццæ кæнын. Цин æмæ зианы фынгæй гуыбындзæлтты фæндæй иухуызон кепигæнæн бынат аразын у Хуыцауы раз стыр фыдракæнд. Æвæццæгæн ныл йæхи дæр фæстаг рæстæг уый тыххæй атигъ кодта. Раздæхæм Хуыцаумæ, ныууадзæм буары æхсызгондзинады фæдыл цæуын æмæ слæууæм фæстæмæ Ирон Æгъдауы фидар бындурыл.

Иры «Стыр Ныхас»-ы сæдæгай хистæртæ цалдæр азы размæ нæ адæмæн бацæттæ кодтой чысыл бæрæгуат (справочник) “Чындзхаст, чызгæрвыст æмæ марды æгъдæуттæ”. Уым фыст сты не ‘гъдæутты сæйраг домæнтæ æмæ сæ мидис. Мах æй æрæджы рауагътам ногæй. Кæй хъæуа ацы чиныг, уыдонæн дзы æз зæрдиагæй балæвар кæндзынæн.

Ирон адæмæн сæ ирондзинад се’взаг æмæ се ‘гъдауы ис. Уыдонæй иу дæр куы бауадзæм сæфын, уæд ирæттæ нал уыдзыстæм, нæ уды хъару скуынæг уыдзæн. Цæмæй фидар æмæ тыхджын уæм, уый тыххæй нæм хъуамæ уа иу зонд, иу æгъдау. Айдагъ политикты сидтытæй æмæ арæнтæ сисынæй адæмы иудзинад не стыхджын уыдзæн.

Иудзинадæн хъæуы фидар, иумæйаг зондахасты бындур. Хуыцауы цæст нын æй бауарзæд!

КУЧИТЫ Руслан

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.