Нæ республикæйы æхсæнад, афтæ æппæт дунейы адæм дæр æрхæндæг зæрдæимæ сæмбæлынц сæрды фæстаг мæйы æрбалæудыл… ног æмæ ногæй схæлбурцъ кæнынц уыцы фыдрæстæжы мысинæгтæ æмæ кæд уæдæй 11 азы рацыд, уæддæр нæ гас кæнынц зæрдæйы хъæдгæмттæ.

2008 азы 7 августы  куы ‘ризæр ис, уæд нæ республикæйы адæмæй бирæтæ телеуынынады Гуырдзыйы фæлитой къухдариуæггæнæджы фæлывд раныхасы фæстæ æрсабыр кодтой сæхи, ома, ныр кæд уавæр фæхуыздæр уаид, фæлæ, хъыгагæн, хъуыддаг афтæ нæ рауад. Хæрзчысыл рæстæджы фæстæ знаг райдыдта Цхинвалы фынæй адæмы куынæг кæнын. Уыцы рæстæджы кæд адæм æххæстæй не ‘мбæрстой, цы аразын сæ хъуыд, уый, уæддæр алчи дæр архайдта йæхи бааууон кæныныл, кæмæн куыд йæ бон уыд, афтæ ардта æдасдæр бынæттæ. Гъе, фæлæ Цхинвалы психиатрион рынчындоны цы 16 рынчыны уыд, уыдон сæ низы хатмæ гæсгæ, уыцы рæстæджы  уыдысты не ‘хсæнады æппæты æвæгæсæгдæр хай.

Хъуылымбегты Светланæ йæхæдæг дæр нырма æрыгон чызг уыд, куыста психиатрион рынчындоны медхойæ. Уыцы фыдбоны æхсæв уыд йæ куысты уæлхъус. Йæ мысинæгты нын куыд радзырдта, афтæмæй уый æппындæр нæ ауæрста йæ удыл, кодта æрмæстдæр æвæгæсæг рынчынты мæт, йе ‘мкусджытæй иу цалдæримæ арæзтой æппæт дæр, сæ бахъахъхъæныны тыххæй.

«Кæд рæстæг æндыгъд уыд æмæ мæ мæ мад куыстмæ дæр нал уагъта, уæддæр  уыцы ‘хсæв мæн æрæййæфта рынчындоны. Мемæ ма уыдысты мæ коллегæ, Бибылты Иринæ æмæ цалдæр санитары. Рынчынты, изæры процедурæтæ сын саразыны фæстæ, схуыссын кодтам, фæлæ уайтагъд райдыдта массивон æхст. Райдайæны мах æнхъæлдтам, æхст уыдзæн æрмæст чысыл рæстæг, фæлæ кодта тынгæй тынгдæр, æмæ кæй зæгъын æй хъæуы, фæтарстыстæм. Фæтарстыстæм, фæлæ нæхицæн нæ – нæ рынчынтæн. Уыдон нæм кастысты тынг тæригъæд, сæ низы хатмæ гæсгæ сæ бон нæ уыд сæхи фыдбылызæй  бааууон  кæнын,  уымæ  гæсгæ  сæ хъуыд хъусдард. Иринæимæ ракодтам рынчынты къæлидормæ æмæ уым фестæм суанг райсоммæ. Рынчынтæ æнкъардтой, цы цæуы уый æмæ знæт кодтой, тарстысты, чи та сæ архайдта алидзыныл. Фæлæ кæдæм?» – дзырдта йæ мысинæгты Хъуылымбегты Светланæ.

Бибылты Иринæ у бирæсывæллонджын мад, уыцы рæстæджы уый йе ‘хсæз сывæллонæй æппындæр ницы хабар зыдта, фæлæ йе ‘мбæстагон хæс æрæвæрдта царды æппæты ахсджиагдæр бынаты. Иу уысм дæр йæ хъуыдыйы нæ уыд, цæмæй ныууадза рынчынты æмæ атагъд кæна йæ хъæбултæм. Æнкъардта, рынчынты бахъахъхъæнын ын кæй у ахсджиагдæр, кæд сын, йæ бон бирæ ницы уыд, уæддæр. 8 августы куы ‘рбабон ис, уæд æхст чысыл рæстæджы фæлæууыд æмæ та Светæ æмæ Иринæ сæ рынчынтæн чысыл цыдæртæ ахæрын кодтой. Светæ цард рынчындонмæ хæстæг, йæ рынчын мад хæдзары иунæгæй уыд æмæ йæм æхсайдта йæ зæрдæ.

«Æхст куы фæлæууыд, уæд æппæты фыццаг мæ хъуыдыйы сæвзæрд мæ рынчын мады абæрæг кæнын, æмæ Ирæйæн фæстæмæ æрбаздæхынæй ныфс бавæрыны фæстæ, атагъд кодтон нæхимæ. Хæдзармæ куы бацыдтæн, раст уыцы рæстæджы æхст сытынг ис æмæ «Град»-ы нæмыг сæмбæлд нæ сыхæгты хæдзарыл. Æз æмæ мæ мад лæууыдыстæм иу ран, фæлæ нæ нæмыджы уылæн аскъæфта фæйнæрдæм, – мæн аппæрста уынгмæ. Иу цасдæр  рæстæджы ницыуал бамбæрстон, нал æмбæрстон, цы ‘рцыд, уый дæр. Стæй райдыдтон мæ мады агурын, хъæр æм кодтон. Уый мын нал дзуапп кодта. Уыцы уысм мæ хъуыдыты цы уыд, уыдон фыдызнаг дæр макуы бавзарæд… Пырхæнты сæрты чердæмдæрты бахызтæн нæ хæдзармæ æмæ уым ссардтон мæ мады – сæрæгасæй» – зæгъы Светланæ.

Уыцы рæстæджы Светæйы сыхæгтæ цалдæрæй аууæтты ралыгъдысты сыхаг хæдзары ныккæндмæ сæхи баууон кæнынмæ. Светæ дæр сын йæ мады семæ баиу кодта æмæ кæд дунейыл арт сыгъдис, алыгъуызон хъомысджын мигæнæнты гыбар-гыбурæй хæдзæрттæ згъæлдысты, уыд тынг тæссаг куыд нæмыгæй, афтæ пырхæнты бын фæ-уынæй дæр, уæддæр Светæ раздæхт фæстæмæ рынчындонмæ.

«Мæ развæндаг дæр рæстмæ нæ уыдтон, фæлæ цыдтæн, цы цыд, уыдæттæм нæ кæсгæйæ. Мæ хъуыдытæ уыдысты æрмæстдæр Иринæ æмæ нæ рынчынтимæ. Пырхæнты сæрты хизгæйæ иуафон мæ къæхты бын банкъардтон цавæрдæр фæл-мæн, æркастæн æм  æмæ мæнæ… нæ сыхаг сылгоймаджы мард буар».

Фæстæдæр куыд рабæрæг ис, афтæмæй не ‘мбæстаг Къудухты Левæйы цардæмбал, æртæ æнахъом сабийы мад Цхуырбаты Мальвинæ æнæрхъæцæй æнхъæлмæ каст, цыппæрæм хъæбулы райгуырдмæ, уый та уыд лæппу. 7 æм августæй 8-æм августмæ ‘хсæвы уый дæр, нæ горæты бирæнымæц цæрджытау, арвыста ныккæнды. Райсомæй уавæр куы фæсабыр ис, уæд ратагъд кодта хæдзармæ йæ сабитæн аходæн аразынмæ, фæлæ ба-хауд пырхæнты бын. Светæ куыд загъта, афтæмæй сылгоймагæн пырхæнты схъистæй алыг йæ риу æмæ йæ гуыбын. Æрыгон чызг ахæм ныв фенгæйæ бынтондæр нал æмбæрста, цы ми бакæна… Цалынмæ Уæрæсейы æфсад не ‘рбахызтис горæтмæ æмæ знаг тард не ‘рцыд, уæдмæ никæйы бон бацис æнамонд сылгоймаджы йæ сыджыты хайыл сæмбæлын кæнын.

Светæ рынчындонмæ бæргæ бахæццæ ис, фæлæ йæ баййæфта пырх æмæ пиллон арты судзгæйæ. Æнхъæлдта, Иринæ æмæ рынчынтæй иу дæр нал баззад…

 “Уавæр куы скарз ис, рынчындоны агъуыст куы ссыгъд, уæд рынчынтимæ балыгъдыстæм не ‘мкусæг Сланты Роланды хæдзармæ æмæ уым иу чысыл ныккæнды баууон кодтам нæхи. Рынчынтæ тыхстысты, домдтой хæрд æмæ дон, фæлæ… “ – радзырдта Иринæ.

Сланты Роланд рынчындонмæ хæстæг кæй цард, уымæ гæсгæ Светæ Иринæ æмæ рынчынты агурæг бацыд йæ коллегæйы хæдзармæ æмæ нæ фæрæдыд.  «Æнхъæл дæр нæ уыдтæн, уым дæр ма исгæй фенон сæ-рæгасæй, фæлæ мæ ныфс нæ мард æмæ бацыдтæн. Ссардтам кæрæдзийы, фæлæ иу тыхстдзинад ивта иннæйы. Рынчынтæ кодтой агрессивонæй агрессивондæр, сæххормаг сты, æндæвта сыл уавæр. Нæ нын уыд, цы сын бахæрын кодтаиккам, уый. Иринæ та ам дæр разынд ныфсхаст, цыдæр амæлттæй бахызтис сыхæгты цæхæрадонмæ æмæ дзы рахаста дыргътæ. Уымæй уал сæхи фæсайдтой рынчынтæ», – радзырдта Светæ.

Светæ куыд зæгъы, афтæмæй Иринæ уыд тынг ныфсхаст,  иу  æмæ  дыууæ хатты не ссардта алыгъуызон амæлттæ, рынчынтæн хæрд самал кæнынæн, афтæ ма æвæрдта ныфсытæ æмæ йæ дзыхы ныхасæй сабыр кодта рынчынты. 

 Изæры ‘рдæм фысымтæм æрбацыд сæ хион æмæ загъта, горæт гуырдзыйы агресортæй кæй байдзаг æмæ уавæр кæй фæкарздæр ис. Хъуыд уырдыгæй дæр хи баууон кæнын, фæлæ кæдæм? Иринæ æмæ Све-тæйы рынчынты, æввахсдæр цы ныккæндтæ уыд, уырдæм нæ уагътой, чи дзы уыд, уыдон тарстысты. Медхотæ та сæ рынчынты ныууадзыныл хъуыды дæр нæ кодтой. Афтæмæй чердæмдæрты баирвæзтысты магазин «Фарн»-ы ныккæндмæ.

«Ныккæнды уыд фынддæс адæймаджы бæрц, уыдон кæд тынг тарстысты, ома психиатрион рынчынтæ сын ма разнаггад кæной, уæддæр сын ныфс бавæрдтон, уыдон æдас кæй сты æмæ рынчынты бакодтам уырдæм. Уыдон дæргъвæтин рæстæджы нæ бахордтой, куыд æмбæлд, афтæ, хъуыд сæ баулæфын æмæ медикаменттæ дæр, фæлæ кæм уыд ахæм уавæртæ.  Нæ амондæн нын 11 æм августы хæцæг лæппутæй иу цалдæрæй æрбахастой «сухпайоктæ», спирты таблеткæтæ æмæ дон. Ахæм уавæрты фестæм 13 августмæ» – радзырдта Иринæ.

Медхотæ куыд радзырдтой, афтæмæй рынчындоны уæды кусæг Гуыбаты Азæ дæр уæды онг уыд семæ, фæлæ фæстæдæр аирвæзт Цæгат Ирыстонмæ. Уырдæм ныфтгæйæ бацархайдта, йæ коллегæтæ æмæ рынчынтæн баххуыс кæнын. Уый æххуысы руаджы цхинвайлаг рынчынты сæхимæ райсыныл сразы сты цæгаттаг психиатрион рынчындæттæй сæ иуы.  Æрæрвыстой тагъд æххуысы машинæтæ æмæ Светæ æмæ Иринæ 13 августы аластой сæ рынчынты Дзæуджыхъæумæ.

Фондз боны дæргъы Светæ æмæ Иринæ сæ удтыл науæрдгæйæ арæзтой æппæтдæр сæ рынчынтæн баххуыс кæныны тыххæй, фæлæ сæхи бинонтæй æппындæр ницы бæрæг зыдтой. Иринæйы дыууæ æнахъом чызджы,  фондз боны дæргъы уыдысты хæдзары, цардысты æмæ сæхи хызтой мæлæтæй, сæ бон куыд уыд, афтæ. Йæ дыууæ фырты та йын бааууон кодтой хъахъхъæнынады министрады кусджытæ. Рынчынты бабæстон кæныны фæстæ Светæ йæ уарзон горæтмæ куы æрыздæхт, уæд йæ хæдзар æрæййæфта сыгъд æмæ пырхæнтæй, йæ бинонтимæ баззадысты гом арвы бын, фæлæ ма ууыл чи мæт кодта. Бинонтæ сты сæрæгас æмæ уый у сæйрагдæр…

Хъайтардзинад æрмæст къухмæ хотых райсын, знаджы раз ныхæй-ныхмæ æрлæууын нæу. Бæстыл арт судзгæйæ алы адæймаг дæр фæхъуыды кæны æрмæстдæр йæхи уд бахъахъхъæныныл, йе ‘ввахсдæр адæмы фыдбылызæй бахизыныл.  Иринæ æмæ Светæйæн психиатрион рынчындоны рынчынтæ нæ уыдысты хиондзинадæй æввахс, фæлæ уыдон сæ архайдæй куыд равдыстой, афтæмæй сын уыдысты æппæтæй зынаргъдæр. Бакодтой сын удуæлдай лæггад æмæ æххæстбæрцæй сæххæст кодтой, куыд медиктæ, афтæ сæ разылæууæг хæс. Ахæм архайд у хъайтардзинад рахоныны аккаг, фæлæ хъыгагæн, абоны онг дæр Светæ æмæ Иринæйæн, нæй иунæг аккаг хорзæх дæр. Уый та у ахъуыдыйаг фарста.

ХУЫГАТЫ Миленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.