Горæт Чебоксарыйы уагъд æрцыд Уæрæсейы чемпионат рог атлетикæйæ. Уым паралимпийаг ерысты хайад райста хуссарирыстойнаг спортсмен Кобесты Вадим. Уый ахæм бæрзонд æмвæзады ерысты хайад райста фыццаг хатт, фæлæ уæддæр, уымæ æнæкæсгæйæ, йæхи равдыста хорз æмæ 23 азы онг кæуыл цæуы, уыцы спортсменты ’хсæн ерысты рамбылдта æртæ бронзæ майданы. Уый 3-аг бынæттæ бацахста 100, 200 æмæ 400 метрмæ згъорынæй.

«Вадим равдыста спорты дæснымæ кандидаты норматив. Мæ хъомылгæнинаджы архайдæй баззадтæн тынг райгондæй. Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ йæ ныхмæлæуджытæ кæй уыдысты бирæ хистæр. Вадимыл цæуы æрмæстдæр 15 азы», — загъта тренер Цъæхилты Игорь.

 

Хуриты Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.