Бæхты дугътæ уадзын у рагон ирон традицион æгъдау. Абон кæд бирæ рагон ирон æгъдæуттæ рохуаты зайынц, дзырд сыл цæуы æрмæстдæр бæрзонд бынæттæй, уæддæр не ‘хсæн разыны ахæмтæ, кæцытæн иу кæнæ иннæ æгъдау  æххæст кæнын свæййы  фæрнджын хъуыддаг.

Къæбулты Ренат у уыдонæй сæ иу. Ныр авд азы фæд-фæдыл организаци кæны ацы цымыдисон мадзал. Цы йæ баразæнгард кодта ацы хъуыддагмæ? Йæ æбæрæгæй сæфт фыд Къæбулты Павлик æмæ йæ дзæнæттаг æфсымæр Юрийы ном æнусон кæныны нысанæн æрæмбырд кæны республикæйы алы къуымтæй барджытæ.

Ацы аз дæр ацы традицион мадзал уагъд æрцыд Ренаты райгуырæн уæзæгыл – Джеры комы Хъуыриайы хъæуы. Бæхты дугъты хайад райстой фондз барæджы. Барджытæ сæ бæхтыл æзфæраздæронæй дугъ кодтой æртæ километры дæрддзæгмæ. Фыццаг бынат бацахста Знауыры районы Дзагъинайы хъæуы цæрæг Хъæцмæзты Алексей, дыккаг бынат та Кокойты Ролик æмæ æртыккаг та Плиты Аслан.

Мадзалы фæлгæтты ма уагъд æрцыдысты спортивон ерыстæ. Уым фæсивæд активон хайад истой уæзтæ исынæй æмæ армспортæй. Армспортæй фыццаг бынат бацахста Бететы Алан, гиритæ исынæй та – Бестауты Альберт. Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ ацы мадзæлтты фæсивæд æхсызгонæй кæй истой хайад.

Бæхты дугъы уæлахиздзау райста æхцайы преми æмæ ирон æгъдаумæ гæсгæ та – кусæрттаджы сгуы. Уый нысан кæны афтæ, æмæ иннæ аз ацы дугътæ Знауыры районы уагъд кæй цæудзысты.

Турниры хайадисджытæ се ‘ппæт дæр хорзæхджын æрцыдысты Кады грамотæтæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæй. Армспорт æмæ гиритæ исынæй ерысты уæлахиздзаутæ та призы хуызы райстой «къæбæлдзыг» фыстæ.

Мадзалы организатор Къæбулты Ренат нын куыд радзырдта, уымæ гæсгæ хъæуы размæ кæнын дарддæр ацы традици. Нæ хъарутæ, нæ фадæттæ нæ куыд амоной, афтæ дарддæр дæр архайдзыстæм ацы традици Ирыстоны алы къуымы дæр сæндидзын кæныныл.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ ацы дугъты хайадисæг барджытæ æмæ бæхтæ кæй не сты профессионалон æгъдауæй ацы хъуыддагыл хæст, нæдæр сæрмагонд ипподромы ерыс кæнынц дугътæй. Фæлæ сæ цымыдисдзинад, тых æмæ хъарутæ разæнгард кæнынц ахæм ерысты хайад исынмæ.

Спортивон мадзæлттæ уадзæг, Цхинвалы районы администрацийы физикон культурæ æмæ спорты хайады сæргълæууæг Туриты Тенгиз ерысты хæдразмæ бафæдзæхста алы хайадисæджы дæр, зæгъгæ, «хъазæм олимпаг фæткойтæм гæсгæ  – фембылды дæ,  уæд æппындæр мацæмæй ныфс æвæр».

Мадзалы кæрон хайадисджытæ æмæ æрбацæуджыты æрбахуыдтой дзаг фынгтæм. Уым бузныджы ныхæстæ зæлыдис йæ организатор Къæбулты Ренат æмæ йæ бинонты номыл.

Бузныг ноджыдæр, ацы мадзал организаци кæнын æмæ уадзынæн алы аз дæр чи баххуыс кæны, чи йæм æрбацæуы, уыдонæн. Ацы аз мадзал уадзыны фарс балæууыдысты парти «Иугонд Ирыстон», фæсивæдон политикæйы фæдыл комитет æмæ æндæртæ.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.