Ис ахæм ирон хъæу – Лабæ (йæ официалон ном – Хетæгкаты Къостайы хъæу). Кæд Ирыстоны зæххыл нæй, Хъæрæсе-Черкесийы республикæмæ хауы, уæддæр ирон хъæу у, уымæн æмæ дзы ирон адæм цæрынц. Ирон адæмæн зынаргъ у ацы хъæу, чидæртæ йæ «Чысыл Ирыстон» дæр схуыдтой. Зынаргъ нын æрмæст уый тыххæй нæу, ирæттæ дзы кæй цæры, уæлдай зынаргъ нын уымæн у, ацы хъæуы нæ номдзыд хъæбул Хетæгкаты Къоста кæй цард, йæ сыджыты хайыл дæр фыццаг уым кæй сæмбæлд…

Ацы хъæуы æвæрд ис Советон Цæдисы хъæбатыр Козаты Александры цырт дæр. Цырт бынæттон хицауады фæрæзтæй æвæрд æрцыд æви амы цæрæг ирæтты, уый бæлвырд нæу, фæлæ ирон адæмæй Советон Цæдисы Хъæбатыры нæмттæ кæмæн ис, уыдонæй Плиты Иссæйы фæстæ ахæм егъау цырт стæмтæн ис. Афтæмæй та, цæмæдæр гæсгæ, нæ иннæ ирон хъæбатырты уæлдай рохуаты аззадис, йæ кой йын скæнæм ныдзæвæггагæй, Ирыстоны зæххыл кæй нæ райгуырд, Ирыстоны кæй нæ цард, уый тыххæй. Фæлæ уый дæр ирон лæг уыд æмæ махæй чысыл дарддæр кæй уыд, уый тыххæй йын рохуаты уадзæн нæй.

Стыр Фыдыбæстæйон хæсты истори хицæн фадгуытыл куы ныддихтæ кæнæм, уæд дзы сæйрагдæртæй разындзысты «Мæскуыйы сæрыл тох», «Сталинграды тох», «Курскы къæлæтау», æмæ афтæ дарддæр. Фæлæ уыдоны æмрæнхъ ахсджиаг нысаниуæг уыдис Кавказы сæрыл тохæн дæр. Растæндæр уыцы тохы хъайтартæй сæ иу у Советон Цæдисы Хъæбатыр, булкъон Козаты Александр.

Уый, куыд ма загътам, афтæмæй райгуырд Хъæрæсе-Черкесийы, Хетæгкаты Къостайы хъæуы. Ам каст фæцис астæуккаг скъола, скъолайы фæстæ йæ ахуыр адарддæр кодта Сухумы техникумы. Æртын æвдæм азы Абхазы фæскомцæдисонты иу къордимæ барвæндонæй ацыд Сырх Æфсады рæнхъытæм. Фæстæдæр йæ ахуыр адарддæр кодта æфсæддон хаххыл – 1939 азы каст фæцис Орджоникъидзейы Сырхтырысаджын фистæгæфсæддон ахуыргæнæндон, 1941 азы та – Киевы уæлдæфон тыхты ныхмæ тохы уæлдæр командон курсытæ. Фыдыбæстæйон хæст дæр æй уым æрæййафта, уырдыгæй йæ акодтой фронтмæ. Хайад иста Одессæ æмæ Севастополь ссæрибар кæныны карз тохты. Ам уæззау цæф фæуыны фæстиуæгæн бахауд госпиталмæ. Госпиталы йын хос кодтой æрдæг азы бæрц, куыддæр йæ къахыл слæууыд, афтæ йæ снысан кодтой хи-цæн зенитон-пулеметон ротæйы командирæй.

Уыцы сæрд Цæгат Кавказ бахауд уæззау хæстон уавæры. Фашистон æрдонгтæ сæхи цæттæ кæнын райдыдтой нæ хæстон тыхтæн Пятигорск, Прохладный æмæ Прикумскы районты тыхджын танкон цæф фæкæнынмæ. Иуæндæсæм гвардийы æхсæг корпусы разведкæйы къухдариуæггæнæг хистæр лейтенант Козаты Александрæн йæ разы сæвæрдтой бæрнон хæс, цæмæй сбæрæг кæна, уыцы цæф кæдæм здæхт у, уый. Уыцы ахсджиаг хæс сæххæст кæныны тыххæй Козайы-фырт йæхи барвæндонæй сарæзта сæрмагонд развæдсгарæн къорд. Уыцы развæдсгарæн операци æххæст кæныны рæстæджы иу немыцаг дæлбулкъон, оберлейтенант æмæ цалдæр хæстоны скуынæг кæнгæйæ, Козайы-фырты развæдсгарæг къордæн бантыст немыцæгты штабæй ахсджиаг документтæ, картæтæ рахæссын. Афтæмæй ирон развæдсгарæгæн бантыст сбæлвырд кæнын, ныхмæ-лæууæг сæйраг цæф ныккæнынмæ кæй хъавы 1942 азы 15 августы – Мæздæг, Малгобек, Грознæ, Махачкала æмæ Бакойы фæдыздæхты, размæбырст кæй райдайдзæн Пятигорск æмæ Прохладнæйæ. Æппæт уыцы зонæнтæ Козайы-фырт фехъусын кодта корпусы штабæн. Рæзвæдсгарджытæ сæ хæслæвæрд кæй сæххæст кодтой, уый тыххæй Козаты Александр æмæ йæ хæстонтæ дыууæйæ хорзæхджын æрцыдысты Сырх Тырысайы орденæй, иннæтæ та – «Æхсардзинад равдисыны тыххæй» медалтæй. Сæ къухы бафтгæ зонæнты фæрцы не ‘фсæддон командæкæнынадæн фадат радтой ахсджиагдæр фадгуыты æфсæддон позицитæ фæтыхджындæр кæнынæн.

1942 азы Козаты Александры дæлбаруæвæг развæдсгарджыты къорды æрвыстой Цæгат Ирыстонмæ. Къорд дих æрцыд æртæ къордыл, афтæмæй апырх сты Хъæдгæрон, Ногхъæу æмæ Хæтæлдоны хъæутыл. Ацы операци æххæст кæнгæйæ, сæ къухы бафтыд фашистты иу къорды уацары райсын æмæ Джызæлы уæвæг корпусы штабмæ ныккæнын. Уыцы уацайрæгтæй корпусы командæкæнынады къухы бафтыд бирæ ахсджиаг зонæнтæ.

Уыцы фæззæг ноябры мæйы знаг авиацион цæф фæкодта Цæгат Ирыстоны столицæйы. Иуæндæсæм гвардион æхсæг корпусы штабмæ бахауд зонæнтæ, Гæмæх хох æмæ Рухсдзуары районмæ кæй баирвæзтысты немыцаг развæдсгарджытæ. Козаты Александр æмæ йæ къордæн хæсгонд æрцыд, цæмæй сбæлвырд кæной уыцы зонæнты æцæгдзинад. Æхсæвы Козайы-фырты отряд æнтыстджынæй сæххæст кодта, командæкæнынады штаб ын цы хæс бакодта, уый. Развæдсгарæн операци сæххæст кæныны фæрцы куынæг æрцыд знаджы развæдсгарджыты стыр къорд, байстой 17 хæдæхсы, 4 нæмыгзгъалы, 7 ракетæхсæны, 5 радиостанцы, картæтæ æмæ алыгъуызон схемæтæ. Знаджы развæдсгарджытæй байсгæ документтæм гæсгæ Козайы-фырт сбæлвырд кодта, немыцæгтæн кæй уыд Терчы сæрты ахизын æмæ Тарскæйы районы æрбынат кæнын. Зонæнтæ иууылдæр лæвæрд æрцыдысты корпусы штабмæ. Йæ уæлвæд Козаты Александр йæ къорды уæнгтимæ æрæвнæлдта радон хæс æххæст кæнынмæ. Æрхъулайы бахауæг, Джызæлы хъæумæ баирвæзгæйæ, Козайы-фырт картæмæ бахаста знаджы танкон, артиллерион æмæ æндæр позицитæ. Фæстæмæ здæхгæйæ сыл амбæлд бынæттон сылгоймаг æмæ сын фехъусын кодта, йæ хæдзары ныккæнды немыцæгтæ кæй сæвæрдтой телефон æмæ радио алыгъуызон бастдзинады фæрæзтимæ. Козайы-фырт бузныг загъта сылгоймагæн æмæ æвæстиатæй, рæстæг, иу уысм дæр æнæхъуаджы нæ фесафгæйæ, йæ развæдсгарджытимæ фæстæмæ баздæхт хъæумæ æмæ спырх кодтой уыцы хæдзар, немыцæгтæ йæ мидæг, афтæмæй.

Джызæл немыцаг тыхæйисджыты æрхъулайæ ссæрибар кæныны фæстæ Козаты Александрæн бахæс кодтой, 300 хæстоны бæрц кæм хъуамæ уыдаид, ахæм бæрзондманеврон, механизацигонд отряд саразын. Йе скондмæ хъуамæ бацыдаиккой минæхсджытæ, артиллеристтæ. Отряд 1942 азы 15-16 декабры æхсæвы Козайы-фырты командæмæ гæсгæ бабырста Æрыдонмæ, 30 декабры – Дигорæмæ, 31 декабры – Сырх-Дыгурмæ, 1943 азы 1 январы æхсæвы та – Цыкъоламæ. Отрядæн бантыст ныхмæлæууæджы фæсчъылдыммæ баирвæзын æмæ йын йæ колоннæты ахъаззаг цæф фæкæнын. Уыцы хæстон операцийы фæстиуæгæн отряды  къухы бафтыд знаджы ахсджиаг позицитæ бацахсын æмæ сын корпусы сæйраг тыхты фæзындмæ сæ размæбырст æруромын. Афтæ ма горæт Пятигорскмæ дæр æнæнхъæлæджы æхсæвыгон бабырсты фæстиуæгæн Козаты Александр æмæ йæ отрядæн бантыст горæты бирæ ахсджиаг объекттæ ныппырх æмæ скуынæг кæнынæй бахизын, Сырх Æфсады хæстонты хæстон уацайрæгты  лагерæй ссæрибар кæнын, нæ бауагътой не ‘мбæстæгты фашистон цагъарадмæ акæнын. Уыцы ныббырсты рæстæджы  ссæрибар кодта дыууиссæдз цæрæн пунк-ты, знагæй байста бирæ хæстон техникæ æмæ фæсауæрцтæ. 1943 азы отряды хæстонтæ дихгонд æрцыдысты æндæр æмæ æндæр хæстон баиугæндтыл. Козаты Александр нысан æрцыд 32-æм гвардион æхсæг дивизийы развæдсгæрсты хистæрæй.

1943 азы октябры мæйы Козайы-фыртæн лæвæрд æрцыд гвардийы майоры цин. Уыцы рæстæджы уый развæдсгарджыты къордимæ хайад иста Керчы донбакæлæн сæдас кæныны фæдыл тохты. Уыцы хæстон операцийы рæстæджы Александр уæззау цæф фæцис, бахауд та госпиталмæ. Иу мæй йæхицæн схос кæныны фæстæ дарддæр кодта йæ хæстон фæндаг, фæлæ радон хæслæвæрд æххæст кæныны рæстæджы ногæй уæззау цæф фæцис, хъайтар-развæдсгарæгæн ахицæн сты йæ къæхтæ. Дохтыртæн, цыппар мæйы бæрц фæтох кæнгæйæ, бантыст йæ къахыл æй слæууын кæнын. Æмæ 1944 азы апрелы мæйы Козаты Александр фæстæмæ æрвыст æрцыд фронтмæ, активон хайад райста Севастополь ссæрибар кæныны тохты.

Хъырымы æрдæгсакъадах немыцаг фашисттæй ссæрибар кæныны фæстæ Козайы-фырт тох кодта Прибалтикæ, Скæсæн Прусси ссæрибар кæныны сæрвæлтау тохты. Марты мæйы йæ 1945 азы снысан кодтой Суворовы орденхæссæг Таманскы дыккаг гвардион Сырхтырысаджын дивизийы Севастополы Сырхтырысаджын фыццаг гвардион æхсæг полчы командирæй. Æмæ йæ бæрныуæвæг полк  цыбыр æмгъуыдмæ ныппырх кодта, æрдæгсакъадахыл знагæн цы хъомысджын æфсæддон баиугæнд уыдис, уый. 1945 азы 13-17 апрелмæ Козайы-фырт ссæрибар кодта 30 цæрæн пункты, уацары райста 600 салдат æмæ афицеры, 400 хæстоны та куынæг скодта, йæ къухы бафтыд знаджы бирæнымæц хæстон техникæ. Полк рахызт Балты денджызы цурмæ æмæ уымæй фехæлдта знаджы плæнттæ йе ‘фсæдтæ аирвæзын кæныны фæдыл.

Козаты Барисы фырт Александрæн 1945 азы 29 июны лæвæрд æрцыд Стыр Фыдыбæстæйон хæсты иууыл уæлдæр хорзæх – Советон Цæдисы Хъæбатыры ном. Хæсты фæстæ службæ кодта Гарзджын тыхты рæнхъыты, 1948 азы каст фæцис Фрунзейы номыл Æфсæддон Академи, йе службæйон азтæ батыдта ракетон æфсæдты. 1960 азы сæрибар æрцыд æфсæддон службæйæ, цард Мæскуыйы, активон хайад иста æхсæнадон хъуыддæгты, уыд Ветеранты советы сæрдар, бантыст ын Советон Цæдисы алы къуымты 670 хæстон кады музей бакæнын, æбæрæгæй сæфт хæстонты ссарынæн сорганизаци кодта цалдæр экспедицийы. В. Шпилевскиимæ ныффыста хæстон мемуарты чиныг – «Навечно в памяти народной».

Немыцаг тыххæйисджытимæ хъæбатырæй тох кæныны тыххæй булкъон Козаты Александр хорзæхджын æрцыд Ленины орденæй, дыууæ Сырх Тырысайы орденæй, дыууæ – Стыр Фыдыбæстæйон хæсты орденæй.

Козайы-фырт уазæгуаты арæх цыд йæ райгуырæн хъæу Лабæмæ. Алы хатт дæр-иу рæстæг ссардта фæсивæдимæ фембæлынæн, семæ зæрдиаг беседæтæ ауадзынæн, архайдта рæзгæ фæлтæры сæ хистæрты цардвæндæгтæ æмæ сгуыхтдзинæдтимæ зонгæ кæныныл, æфтыдта сæ царды раст фæндагыл.

1994 азы майы мæйы Козаты Александр ахицæн йæ цардæй. Ныгæд æрцыд йæ райгуырæн хъæуы Хъæбатырты Аллейæйы, ам ын æрцыд цырт æвæрд, йæ номыл ис уынг дæр.

 

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.