Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид йæхимæ райста зынгæ журналист Руслан Гусаровы æмæ йемæ республикæмæ æрцæуæг Хуссар Федералон зылды фæдыл координацион совет «Афганистаны ветеранты уæрæсейаг цæдисы» сæрдар Магамед Хадулаев æмæ Республикæ Дагъыстаны бильярды спорты Федерацийы  президент Айдемир Алиевы. Уый тыххæй фехъусын кодта РХИ-йы Президенты пресс-секретарь Гана Яновская.

Райдианы Тыбылты Леонид банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны хорз хъуыды кæнынц, уæззау азты рæстæджы Руслан Гусаров йæ коллегæтимæ цас арæзтой нæ республикæйæн.

«Мæ адæмы ныхмæ хæстон агрессийы азты сымах уæ журналтистон ныхасæй фæлвæрдтат, нæ респуб-ликæйы алыварс цы информацион блокадæ уыд, уый атонын. 2008 азы та, куыд бирæ журналисттæ, афтæ сымах дæр фыстат уыцы бонты æвирхъау цауты тыххæй, дзырдтат уыдоны тыххæй  уæ цардæн тæссаг уавæрты. Уыцы тæссаг минутты хуссарирыстойнаг адæмимæ иумæ кæй уыдыстут, уый нæ рох кæнынц республикæйы адæм», – загъта Президент.

Президент радзырдта, Магамед Хадулаев Хуссар Ирыстонæн цы æххуыс бакодта гуманитарон уæзты хуызы, уый тыххæй дæр. Йæ сæрмагонд хайадистæй Хуссар Ирыстоны арæзт æрцыд æмæ кусын райдыдта «РХИ-йы Афганистаны ветеранты цæдис».

Руслан Гусаров дæр æрымысыд августы бонтæ æмæ радзырдта, Хуссар Ирыстоны йын цы хæлæрттæ фæзынд, афтæ ма ам йæ рæстæг æрвитын кæй уарзы, æппæт уыдæтты тыххæй.

«Мæн алы хатт дæр фæнды ам уæвын. Алы æрцыд дæр мын зынаргъ у. Хуссар Ирыстон мæ зæрдæмæ у æввахс, ам мын ис бирæ хæлæрттæ, бирæ æввахс адæм. Æз мæ хъус дарын, ам цы цаутæ цæуы, республикæ цы темптæй рæзы, уыдонмæ. Æхцон-дзинад æнкъарын нырыккон тъунелыл рацæугæйæ. Бæрæгæй зыны динамикæ – зынынц хорз фæндæгтæ рахисæрдыгæй дæр æмæ галиуæрдыгæй дæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, аразинаг нырма бирæ ис. Фæлæ, æз афтæ хъуыды кæнын, æмæ, ды куыд Президент, афтæ уыдон мæнæй хуыздæр зоныс. Уыцы здæхты цы æмæ куыд фæтагъддæр хъæуы, уый зоныс, æппæтыл дæр тыхсыс», – загъта Руслан Гусаров.

Фембæлды рæстæджы Руслан Гусаров Президентæн радзырдта, зæгъгæ, журналисты куыстæй дарддæр ис проекттæ, æмæ сæ йæ хæлæрттимæ райдыдтой реализаци кæнын. Уыцы проекттæй иу схуыдта «Маяки дружбы. Башни Кавказа», йæ автор у журналист йæхæдæг.

«Мæн фæндыд сæрмагонд проект саразын. Уый райрæзын кæнид хæлардзинад ам – Кавказы. Уый здæхт у Кавказы историон-культурон бынтæ бахъахъхъæнынмæ æмæ æхсæннацион бастдзинæдтæ æмæ фæсивæды ‘хсæн хæлардзинад сфидар кæнынмæ. Ивгъуыд аз мах равзæрстам дыууæ республикæ, се ‘хсæн нырма хæрзæрæджы дæр уыд вазыгджын ахас-тытæ. Цæгат Ирыстон æмæ Мæхъæлы фæсивæдæн уыцы проект у шанс сыхаг республикæйы тыххæй фылдæр базонынæн, æмæ ацы проекты официалон сайтыл цы боныгтæ арæзт цыд, уыдоны фæрцы махæн нæ бон уыдзæн нæхи тыххæй радзурын фылдæр адæмæн», – радзырдта Гусаров.

«Уымæй дарддæр ма нæ фæнды, куыд туристон объекттæм, афтæ Цæгат Кавказы фенддаг бынæттæм фылдæр хъусдард аздахын», – дарддæр бахахх кодта проекты автор.

«Уый уыд пилотон проект, кæцыйы фæлгæтты мæскуыйаг æвзонг активонтæ дыууадæс боны дæргъы хайад истой архитектурон объектты  Цæгат Ирыстон æмæ Мæхъæлы мыггæгты мæсгуыты   реставрацион куыстыты. Мах фæндыд, цæмæй нæ проекты хъайадисджытæ федтаиккой, Кавказы регионы æдас æмæ комфортон кæй у. Проект адарддæр æмæ ауæрæх уыдзæн Стыр Кавказы æндæр субъектты дæр. Мах бацархайдзыстæм йæ ауæрæх кæныныл – Дербентæй Сочийы онг.  Мах фæнды, Леонид Харитоны фырт, ацы проекты хайадисæгæй фенын Республикæ Хуссар Ирыстоны дæр. Ахæм фæндон бахæсдзыстæм Абхазмæ дæр», – йæ ныхасмæ бафтыдта Гусаров.

Уый лæмбынæг радзырдта æмæ, æгæрыстæмæй, презентацион буклеттыл фенын кодта, проекты организатортæ цы æмæ куыд фæнд кæнынц кусын æмæ Президентмæ радта, фыццаг пилотон проект «Маяки дружбы. Башни Кавказа»-йы реализацийы фæстæ арæзтæрцæуæг   хыгъдон æрмæг.

Тыбылты Леонид æхцондзинадимæ райста Руслан Гусаровы фæндон æмæ бахахх кодта, зæгъгæ, ныры онг дæр уый хæслæвæрдтæ радта æмбæлон ведомст-вотæн, сæрмагонрдæй, Культурæйы министрадæн.

«Æцæг уым дзырд фылдæр цыд нæхи архитектурæйы культурон цыртдзæвæнты реставрацийыл. Уыдонмæ хауынц  Хуссар Ирыстоны дæсгай аргъуантæ. Уыдонмæ хауынц мыггагон мæсгуыты реставраци дæр. Уæ проектмæ алы регионтæй фыл-дæр фæсивæд бакæныны хъуыдыйæн уыдзæн æцæгæй дæр æвæрццаг эффект нæ бæстæтæ æмæ адæмты ‘хсæн хæлардзинады хидтæ фидар кæнынæн. Афтæ банымайут, æмæ Президент радта разыйы ныхас. Ныр та хъуыддаг баст у, ды æмæ дын мах æрдыгæй ацы проекты реализацийæн чи æххуыс кæна, уыдон куыд бакусой, ууыл», – загъта Президент.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ проект «Маяки дружбы. Башни Кавказа»-йы партнер уыдзæн Цæгат Кавказы федералон зылды Уæрæсейы Федерацийы Президенты æххæстбарджын минæвары аппарат æмæ Мæскуыйаг кавказаг клуб.

Журналист, проект «Маяки дружбы. Башни Кавказа»-йы автор æмæ къухдариуæггæнæг Руслан Гусаровы  биографийы Хуссар Ирыстон стыр бынат ахсы. Уый фыццаг хатт нæ республикæмæ æрцыд 2004 азы июлы æмæ уæдæй нырмæ НТВ-йы Цæгаткавказаг бюройæн, йæ директор уæд уыд Руслан Гусаров йæхæдæг, Цхинвал  ссис бæрндзинады зонæ. Августы хæсты æвирхъау цауты фæстæ дæр, Гусаров  сæ йæхиуыл бавзæрста хуссарирыстойнаг цæрджытимæ иумæ, журналист ноджы бирæ фысдзæн нæ республикæйы тыххæй: хæстæй скъуыддзæгтæ, мысинæгтæ мыхуыр цæудзысты уæрæсейаг, хуссарирыстойнаг æмæ ноджы æндæр дзыллон информацийы фæрæзты фæрстыл. Руслан Гусаров 2008 азы хæсты фæстæ хорзæхджын æрцыд «Хæлардзинады орден»-æй (Хуссар Ирыстон).

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.