Æмгары мысгæйæ

Мысинæгтæ алыгъуызæттæ вæййынц. Зæрдæрухсы хъуыддæгтæ куы мысай, уæд зæрдæ хурвахсы фæбады, зæрдæрысты хъуыддæгтæм куы бавналай, уæд та зæрдæ йæхи къултыл бахойы.

Мæ ныхасы сæр у, цардæй чи нæ бафсæст, хосдзæутты рæгъы йæ уис æрдæгыл кæмæн баззад, йæ фæндагыл кæронмæ ацæуын кæмæн нæ бантыст, худгæбыл æмæ сæрбæрзондæй Ир æмæ Ирыстонæн йæ уд чи хъардта, уыцы Козаты Авксенти.

32 азæй фылдæр фæкуыстам иумæ нæ институты, уый — философийы кафедрæйы, æз та — ирон æвзаг æмæ литературæйы кафедрæйы.

Бæргæ йæм æмбæлд цæрын. Куы цардаид, уæд ыл ацы аз сæххæст уыдаид 80 азы. Цæргæ фæкодта 67 азы, уыдонæй 45 азы снывонд кодта егъау æхсæнадон, ахуыр-хъомыладон æмæ сфæлдыстадон куыстæн.

Йе ’мгæрттæ, чи йæ зыдта, уыдон æй иууылдæр хуыдтой Аксо. Уыдис хæларзæрдæ, æмгæртты уарзон, Ирыстоны сомбоны сæрыл æвæллайгæ тохгæнæг, йæ адæмы патриот, зынгæ ахуыргонд æмæ æхсæнадон кусæг, æвзонгæй схызт зонады бæрзæндтæм, уыд философон зонæдты доктор, кадджынæй хаста профессоры ном. Уый æмрæстæджы нæ университеты (пединституты) кодта ахуырхъомыладон куыст.

Авксенти райгуырдис 1936 азы 13 декабры, Лагодехы районы Понайы хъæуы, зæхкусæг бинонты хæдзары. Йæ сабион бонтæ уæззау уыдысты, йæ фыд Илья Стыр Фыдыбæстæйон хæсты быдыры куы уыд, уæд æвзонг Авксенти та хæдзардарæг ссис.

Йе ’взонджы бонтæй фæстæмæ Авксенти уыдис цардбæлон, æвзыгъд -алцæмæдæр, канд зæххы куыстмæ нæ, фæлæ ахуырмæ дæр.

1942 азы ахуыр кæнын райдыдта Лагодехы районы Байсубаны хъæуы астæуккаг скъолайы. Каст æй фæцис 1953 азы. 1953 азы ссис Тбилисы университеты философон факультеты студент. Æмæ йæ æнтысгæйæ каст фæцис 1958 азы.

Авксенти кæд Къахеты райгуырд, Къахеты схъомыл, уæддæр йæ зæрдæ Ирыстоны уыд кæддæриддæр. Уымæ гæсгæ университет каст фæуыны фæстæ æрцыд Цхинвалмæ æмæ уæдæй йæ амæлæты бонмæ куыста бирæ бæрнон бынæтты.

1958-1959-æм азты куыста Цхинвалы районы Культурæйы хæдзары директорæй. Уый фæстæ та — райæххæсткомы культурæйы хайады инструкторæй, Цхинвалы районы фæскомцæдисы райкомы инструкторæй. 1961-1965 æм азты уыд Хуссар Ирыстоны паддзахадон педагогон институты философийы кафедрæйы хисдæр ахуыргæнæг.

Ахуырмæ æвзыгъд лæппу йæ сомбоныл хъуыды кодта кæддæриддæр, тырныдта зонæдты бæрзæндмæ. 1965-1968-æм азты уыдис Ростовы университеты философийы кафедрæйы аспирант.

1968-1970-æм азты куыста нæ институты философийы кафедрæйы доценты хæстæ æххæстгæнæгæй. 1968 азы Аксо æнтысгæйæ бахъахъхъæдта кандидатон диссертаци, ссис философон зонæдты кандидат. 1974-æм азы æвзæрст æрцыд философи æмæ политэкономийы кафедрæйы сæргълæууæгæй. Уый уыдис курдиатджын философ, йæ лекцитæм канд студенттæ нæ, зонадон æхсæнад дæр хъуыстой стыр цымыдисæй.

Бирæ куыста йæхиуыл, кодта зонадон æмæ педагогон куыст. Ууыл дзурæг у уый дæр, æмæ Аксо 1981 азы кæй бахъахъхъæдта ногæй диссертаци æмæ кæй ссис философон зонæдты доктор. Ссис профессор дæр, уæхскуæзæй фæкуыста нæ университеты. Цалдæр азы уыдис нæ институты проректор. Рæхст кусынмæ, разамынд кæнынмæ. Аксо уыдис стыр ахуыргонд. Ныффыста 100 зонадон куысты бæрц, йæ ном хъуыстгонд у канд нæ Ирыстоны нæ, фæлæ ма Гуырдзыстон, Сомихстон, Азербайджан, Цæгат Кавказы республикæтæ æмæ æнæхъæн Уæрæсейы дæр.

Бирæ хæттыты райста хайад Æппæтцæдисон зонадон конференцитæ æмæ симпозиумты æмæ-иу кæддæриддæр йæ раныхæстæ стыр цымыдис равзæрын кодтой зонадон дзыллæйадмæ.

Мыхуыры цы чингуытæ рауагъта, уыдоны зынгæдæртæ сты: «Адæмты æфсымæрдзинад, куыд æхсæнады прогрессы ахсджиагдæр фактор», «Анахарсис — нæ эрæйы агъоммæ æхсæзæм æнусы скифаг философ».

Авксенти ма бацæттæ кодта æндæр чиныг, æндæр ирон рагон философыл, фæлæ йын баззад Цæгат Ирыстоны рауагъдады.

Уæндон къахдзæфтæ кодта зонады фæндагыл, фæлæ, хъыгагæн, хæлæггæнджытæ йæм уыдис, кæд бирæ нæ уыдысты, уæддæр ын рæстæггай йæ фæндаг æхгæдтой. Ууыл дзурæг сты дыууæ хъуыддаджы: Аксойы фæхуыдтой Кубæмæ, сæ университеты лекцитæ кæсынмæ. Нæ бафæндыд, сæ цæсты фиутæ кæмæн тадысты, уыдоны, ныффыстой йыл Тбилисмæ дæр æмæ Мæскуымæ дæр, æрымысыдысты йыл алывыдтæ æмæ ахуыргонды фæндаг æрæхгæдтой.

Уыдис ахæм хъуыддаг дæр: Аксо рауагъта чиныг Ирыстоны рæзт æмæ размæцыды фæндæгтыл, цыран стыр хъусдард аздæхта, абон цы фæндаджы руаджы цæрæм, уый сомбоны сырæзты хъуыддагмæ.

Ныккалдтой та йыл цъыф, Тбилисы дæр ма æндæр цы хъуыд, æмæ чиныг æхгæд æрцыд, Аксойы та дуарахæсты бакодтой.

Фæндаг куы байдыдтой аразын, тъунел — гæрдын кæнын, уæд-иу Аксо йæ мидбылты бахудт æмæ-иу загъта, гъеныр дæр æй ма бауадзут, зæгъгæ.

Йæ Ирыстоны патриот уыд Аксо. Демократон дуг куы базмæлын кодта адæмы, уæд нæ университетмæ æрбацыд стыр делегаци Тбилисæй.

Уыдон, сæйраджыджæр, уыдысты кинемотографийы кусджытæ. Бирæ былдауæн ныхæстæ фæкодтой ир æмæ гуырдзыйы тыххæй. Æмбырдæн сæрдариуæг кодта Аксо — куыд ахуыры хайады проректор. Фарстытæ бирæ уыд, фæлæ сæм Аксо цы фарст радта, уымæн дзы æмбал нæ уыд. Фарст та уыдис ахæм: «Историйы зонут ахæм хабар, æмæ иу наци иннæйы цард бахъахъхъæдта?».

Уазджытæ цæстæнгасæй кæрæдзи фарстой, фæлæ куыд сдзуапп кæной, уымæ сæ ныфс нæ хастой.

Радгай былдауæн ныхæстæ кодтой ир æмæ гуырдзыйы «хæлардзинады» тыххæй. Æгæрыстæмæй, сæ иу загъта, зæгъгæ, ир мах хъахъхъæнынц цæгаты ’рдыгæй дæр æмæ скæсæны (Къахет) рдыгæй дæр.

Аксо дзуаппытæй райгонд нæ уыд, домдта æргом дзуапп. Æппынфæстаг, сæ иу ногæй сыстад, кафедрæмæ рацыд дзургæ æмæ загъта: «Зæгъæм æй, нал нæ ныууадздзысты æнæ зæгъгæ».

Йæ дзуапп уыд: Ир нæ куынæ бахъахъхъæдтаиккой, уæд зæххыл иу гуырдзиаг дæр удæгас нал баззадаид.

Йæ ныхасы бæлвырдæй зынд, аланты истори кæй зыдта. Загъта: «Тæтæр-монгол алантæй домдтой астæувæндаг (къæлидор) Гуырдзыстонмæ ахизынæн, фæлæ, дам, алантæ ууыл не сразы сты, сæхи ныццæгъдын кодтой æмæ Гуырдзыстоны бахъахъхъæдтой».

Йæ ном, йæ мыггаг ын нæ хъуыды кæнын, фæлæ ма загъта афтæ дæр: «Къахеты зæххыл иры уымæн æрцæрын кодтой, цæмæй сæм ууылты мауал бырсой лекъ, мæхъæл æмæ æндæр нацитæ».

Аксо дзуаппæй райгонд уыд, бахудт йæ сау рихиты бынæй.

Аксо йæ раныхæсты иу æмæ дыууæ хатты нæ банысан кодта, ир кæй цæрынц сæ фыдæлты зæххыл, ир уазджытæ не сты, сты фысымтæ, стæй цъылынæй кæй амæрзай, ахæм ирæттæ дæр нæй Ирыстоны зæххыл.

Цы уæззау бонтæ æркодта Хуссар Ирыл, уыдæттæ уыдта Аксо, царды сæрвæлтау куыстам нæ зæххы гæппæлтæ Тъбеты зылды. Уым æрæййæфта Аксойы йæ мæлæт, фæцис æнæсдзырды бон. Уый уыдис 1993 азы сентябры мæйы.

Фидауынц ацы ныхæстæ дæр Аксойыл:

«Æз нал дæн карз дуджы азарæй
Нæдæр — хæстон, нæдæр — зæххон…
Цæрæд нæ Ирыстон хæдбарæй,
Цæмæй мæ адзалыл хъæцон».

Аксо гуыргæ Къахеты ракодта, фæлæ Ирыстоны бирæ уарзта, йæ райгуырæн къуым æй хуыдта…

Аксо фæцис ласгæ мард, ныгæд æрцыд Цæгат Иры, Михайловскы, уым ныгæд сты йæ ныййарджытæ дæр.

Рухс дзæнæты бад, Аксо. Æмгарджын уыдтæ, рох нæ дæ де ‘мгæрттæ, дæ хиуæттæй.

Плиты Гацыр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.