22-æм августы РХИ-йы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар йæхимæ райста Республикæ Хуссар Ирыстоны Республикæ Абхазы æххæстбарджын минæвар Елбачиты Аланы.

Абхазаг дипломатон миссийы сæргълæууæг раарфæ кодта Джиоты Æхсарæн, Республикæ Хуссар Ирыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министрæй нысан кæй æрцыд, уый фæдыл, æмæ йын загъта  æнтыстджын куысты фæндиæгтæ Республикæ Абхазы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр И.Ардзинбайы номæй.

Йæ рады, Джиоты Æхсар банысан кодта Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы ‘хсæн традицион хæларадон ахастыты фидардзинады ахсджиагдзинад, уыцы нымæцы æддагполитикон ведомствоты хаххы фæдыл дæр, афтæ ма уый размæ къухы бафтгæ бадзырдты дарддæры    реализаци.

Фембæлды рæстæджы фæрстæ кæрæдзийæн сæ хъуыдытæ загътой дыууæварсон æмгуыстады актуалон здæхтыты фæдыл æмæ бафидар кодтой, дарддæры æмархайдмæ цæттæ кæй сты, уый.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.