24 марты, Женевæйы, ИНО-йы Адæймаджы барты фæдыл Советы 34-æм сессийыл райст æрцыд «Гуырдзыстонимæ æмгуысткæнынады»  резолюци, цыран æвдыст æрцыд бынтон æнæбындур тыхстдзинад «Хуссар Ирыстоны адæймаджы барты фадыджы уавæры æмæ гуманитарон уавæры фæдыл», афтæ ма йæ территоримæ æхсæнадæмон цæстдарджытæ кæй нæ бафтыдысты, уый  тыххæй. Документ бацæттæ кодта æмæ йæ хъæлæсдæттынмæ бавдыста Гуырдзыстон.

Райстæрцæуæг резолюцийы бындурыл, Адæймаджы барты фæдыл ИНО-йы Сæйраг Комиссары управлени сидт арвыста Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадмæ, цыран нысан æрцыд домынад  Республикæ Хуссар Ирыстоны территоримæ Адæймаджы барты фæдыл ИНО-йы Сæйраг Комиссары управленийы ми-нæвæртты бауадзыны тыххæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад æмбæлон фыстæг арвыста Адæймаджы барты фæдыл ИНО-йы Сæйраг Комиссары управленимæ, цыран, сæрмагондæй дзырдæуы:

«Женевæйы дискусситы мандатмæ хауæг проблемæ Гуырдзыстон иуварсонæй кæй раразмæ кæны, цыран куыд Республикæ Хуссар Ирыстон, афтæ Республикæ Абхаз дæр хайад нæ фæисынц, ахæм дунеон фæзуæттæм, уыцы нымæцы ИНО-йы дæр, уыдæтты тыххæй Республикæ Хуссар Ирыстон бирæ хæттыты сарæзта протесты докладтæ. Ахæм практикæйы аххосæй дунеон æмæхсæнадæн фадат нæй, æцæг хъуыддæгты уавæры тыххæй объективон æмæ раст информаци райсынæн. Гуырдзыстоны минæвæртты демонстративон активондзинад, кæцытæ аккредитацигонд сты алыгъуызон дунеон организациты, Республикæ Хуссар Ирыстоны интерестæн  йæ зианхæссæг архайдтытæ ныри-дæгæн æрурæдтой лигъдæтты проблемæтыл Женевæйы уынаффæ кæнын. Ахæм политикæйы адарддæр кæнын, гæнæн ис, æмæ фехала Женевæйы дискусситы формат æмæ кæронмæ æрæхгæна Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны ‘хсæн ахастытæ æрнывыл кæныны разæууæлты.

Бæрæг куыд у, афтæмæй Республикæ Хуссар Ирыстон нæу ИНО-йы уæнг æмæ бæрнджын нæу, ИНО цы резолюцитæ райса, уыдон æххæст кæнын.

Республикæ Хуссар Ирыстон нæу Гуырдзыстоны хай дæр.

Республикæ Хуссар Ирыстон у суверенон хæдбар паддзахад, уæвынад кæны 25 азы дæргъы демократийы æмæ адæймаджы бартæ æххæст кæныны принципты бындурыл æмæ æппæт дунейы нымад дунеон барады нормæтæм гæсгæ. Уый у факт, æмæ йæ Гуырдзыстоны политикон интересты пайдайæн, дунеон æмæхсæнад ма банымайа, уый бар сын нæй. Гуырдзыстон та архайы, регионы реалон уавæры тыххæй дунеон фæзуæтты мæнг информаци парахат кæныныл.

Республикæ Хуссар Ирыстон  дунеон организацитимæ официалон контакттæ æмæ æмгуысткæнынады, уыцы нымæцы Адæймаджы барты фæдыл ИНО-йы Сæйраг Ко-миссары управленийы ныхмæ никуы уыд. Уыимæ иумæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауад бирæ хæттыты  дзырдта хъæуæг контакттæ саразыны тыххæй. О, фæлæ уыцы æм-агуысткæнынад æхгæд цæуы номхуындæй дунеон организациты фарсæрдыгæй, кæцытæ Республикæ Хуссар Ирыстоны уынынц Гуырдзыстоны хайæ æмæ Хуссар Ирыстонимæ контактты фадæттæм кæсынц  Гуырдзыстоны хицауиуæгадимæ æм-архайды контексты, кæцыйæн уæвæн нæй.

Республикæ Хуссар Ирыстон цæттæ уаиккой Адæймаджы барты фæдыл ИНО-йы Сæйраг Комиссары управленийы минæвæртты райсынмæ уыдонимæ æмкуысткæнынады перспективæтыл æруынаффæ кæныны тых-хæй,  регионы æцæг уавæр хынцыд кæм цæуы, уыцы сидт арæзт куы уаит Республикæ Хуссар Ирыстоны суверенитетæн кад кæныны бындурыл, афтæ ма  арæзт куы уаит иумиагæй нымад дунеон нормæтæм гæсгæ, афтæмæй йæ куы æрбарвитиккой Республикæ Хуссар Ирыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадмæ, уæд».

г. Цхинвал,

2017 азы 19 апрель

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.