25-æм октябры РХИ-йы Генералон прокуратурæйы уагъд æрцыд тымбыл фынджы рабадт, УФ-йы Генералон прокуратурæйы иртасыны æмæ оперативон фæдагуырдон архайды кондады фæдыл, управленийы хайады хистæр прокурор Аленушкина В., УФ-йы Генералон прокуратурæйы коррупцийы ныхмæ архайды тыххæй закъондæттынадыл хъусдарды фæдыл управленийы хайады хистæр прокурор Венецкий М., УФ-йы Генералон прокуратурæйы уæлдай ахсджиагдæр хъуыддæгтæ раиртасыны хъусдарды фæдыл управленийы хайады хистæр прокурор Калугин В.-йы хайадистæй. Уыдон Хуссар Ирыстонмæ æр-цыдысты 2015-2016 азтæн УФ æмæ РХИ-йы Æдасдзинады Советты аппаратты ‘хсæн æмгуыстады фæдыл къухтæ цы планыл æрфыстой, уый фæлгæтты.

Тымбыл фынджы куысты ма хайад райстой республикæйы прокуратурæйы органты кусджытæ. Докладтимæ дзы ралæууыдысты уæрæсейаг коллегæтæ, афтæ ма РХИ-йы Генералон прокуратурæйы кусджытæ Плиты Алан, Хетæгкаты Лианæ, Поляков Василий. Мадзалы рæстæджы конструктивонæй æруынаффæ кодтой Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы Федерацийы прокуратурæты æмгуыстад баххæст кæныны, æмархайды сæйрагдæр здæхтыты, фарстыты æмæ проблемæтæ сбæрæг кæныны фарстытыл, цæмæй иумæ скъуыддзаггонд æрцæуой.

РХИ æмæ УФ-йы прокуратурæты органты дарддæры æмархайды рæзты нысанæн конструктивон пайдайы контактты нысаниуæджы ахсджиагдзинад банысан кæнгæйæ, коррупцийы ныхмæ архайды нысæнттæн практикон фæндæттæ бакусыны тыххæй, тымбыл фынджы хайадисджытæ банысан кодтой æхсæнведомствæйон дыууæварсон кусæгон консультацитæ адарддæр кæныны ахсджиагдзинад æмæ конкретон дæлхæйтты куысты фæдыл дарддæр æруынаффæ кæнын, сæрмагондæй РХИ-йы Генералон прокуратурæйы фæдагуырды управленийы кусджытимæ, фыдракæндтæ раргом кæныны хъусдарды фæдыл хайады, РХИ-йы Генералон прокуратурæйы уголовон æфхæрдты æххæст кæныны, проблемон фарстыты РХИ-йы Генералон прокуратурæйы барадон актты закъæтты æмæ закъондзинады æххæст кæныны хъусдарды фæдыл хайады, фыдракæндты æмæ коррупцийы ныхмæ архайды тохы проблемæты фæдыл кæрæдзийæн фæлтæрддзинад амоныны фарстытыл.

Кусæгон фембæлды рæстæджы фæрстæ кæрæдзийæн сæ хъуыдытæ загътой коррупцийы ныхмæ архайды уæвæг проблематикæйы фæдыл. Афтæ ма æруынаффæ кодтой бирæ æндæр фарстытыл, уыцы нымæцы коррупцийы ныхмæ архайды къабазы закъондæттынадон аспекттыл, коррупцион барадхæлдтыты профилактикæ, хъусдарды мадзæлтты организаци, службæгæнджытæ фæдзæхстытæ æмæ арæнæвæрдтæ куыд хъахъхъæнынц, уый басгарын, афтæ ма коррупцион архайдтытæ сбæрæг кæныны методологийы фæдыл.

Уый æддейæ ма, æркастæуыд организацигонд фыдракæндты ныхмæ тохы фадыджы оперативон-фæдагуырдон архайды закъондзинадмæ хъусдарды организацийы, оперативон-фæдагуырдон мадзæлттæ уадзыны рæстæджы æмбæстæгты бартæ куыд хъахъхъæд цæуынц, афтæ ма органты райс-гæ уынаффæты закъондзинады фарстытæм. Уынаффæ ма цыд раиртасыны кондады организацийы фæдагуырдон органты архайдыл хъусдарды фарстытыл, афтæ ма экономикон æмæ коррупцион здæхтыты фыдракæндты тыххæй уголовон хъуыддæгты растæй спайда кæныны фарстытыл.

Тымбыл фынджы хайадисджытæ банысан кодтой диалоджы пайда æмæ мидисджындзинад; аскъуыддзаг кодтой дыууæ бæстæты Генералон прокуратурæты æмгуыстад адарддæр кæнын иумæйаг интерестæ сын кæм ис, уыцы здæхтыты.

РХИ-йы Генералон Прокуратурæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.