Æрæджы Республикæ Хуссар Ирыстоны Национ музейы генералон директор Зассеты Мераб æмæ музейон баиугæнд «Музеи Москвы»-йы генералон директор Алина Сапрыкина Мæскуыйы централон равдыстыты зал «Манеж»-ы цытджын æгъдауæй сæ къухтæ æрфыстой æмгуыстады тыххæй сразыдзинадыл.

Ацы сразыдзинады фæлгæтты фадат уыдзæн алыгъуызон фадгуыты иумæйаг мадзæлттæ уадзынæн, сæрмагондæй, равдыстытæ, фестивалтæ, презентацитæ æмæ æндæр сæрмагонд мадзæлттæ. Уый æддейæ ма сразыдзинад ахъаз кæндзæн дыууæ бæстæты адæмты историон æмæ культурон потенциалимæ зонгæ æмæ популяризаци кæнынæн.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ ацы сразыдзинадыл къух æрфыссын къухты бафтыд 2016 азы 10-æм февралы Уæрæсейы Федерацийы Республикæ Хуссар Ирыстоны æххæстбарджын минæвар Гасситы Знауыр æмæ музейон баиугæнд «Музеи Москвы»-йы генералон директор Алина Сапрыкинайы фембæлды рæстæджы. Ацы инициативæ фадат ратдзæн æнтыстджын æмгуыстадæн, дыууæ паддзахады адæмты ‘хсæн хæларадон ахастыты рæзтмæ бахæсдзæн егъау хайбавæрд.

РХИ-йы Национ музейы генералон директор Зассеты Мераб банысан кодта: «Мах бацархайдзыстæм Хуссар Ирыстоны музейон баиугæнд саразыныл, кæцы æппæт республикæйы æххæст кæндзæн иугонд музейон архайд. Ацы сразыдзинад махæн фадат дæтты нæ культурæ, нæ археологон æрмæг популяризаци кæнынæн, кæцытæ дзурæг сты нæ зынгæ культурон æмæ традицион æргъадтыл, цардуагон архайды алыгъуызон здæхтыты бæрзонд культурæйы рæзтыл. Махмæ ис бирæ æрмæг, артефакттæ, кæцытæ стыр цымыдисдзинад æвзæрын кæнынц æрмæст хуссарирыстойнаг æмбæстæгтæм нæ, фæлæ ма цымыдисон сты æндæр адæмтæн дæр. Сразыдзинады фæлгæтты мах план кæнæм Мæскуыйы музейты иумæйаг мадзæлттæ сорганизаци кæнын, алыгъуызон артефакттæ УФ-йы столицæмæ аласгæйæ æмæ сæ афтæмæй мæскуыйæгтæн равдисгæйæ. Фæнд кæнæм Мæскуыйы Хуссар Ирыстоны бонтæ сорганизаци кæнын дæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, уырдыгæй Хуссар Ирыстонмæ дæр ласт цæудзысты алыгъуызон æрмæджытæ, кæцыты Мæскуыйы фенын алкæмæн йæ къухты нæ бафты. Хайад исдзыстæм алыгъуызон иумиаг проектты. Къухтыбафтгæ бадзырдты фæлгæтты хуссарирыстойнаг национ музейæн мæскуыйаг коллегæтæ кæндзысты методикон, консультативон æмæ практикон æххуыс. Зæгъæм, абон нæ музейы ис бирæ нывтæ æмæ æндæр цымыдисон дзаумæттæ, кæцыты хъæуы сæ реставраци кæнын. Нæ уавæрты æмæ нæхи тыхтæй махæн нæ бон нæу ахæм куыстытæ бакæнын, уымæ гæсгæ мах стыр ныфс ис нæ уæрæсейаг коллегæтæ æмæ специалистæ нын кæй баххуыс кæндзысты, уымæй, кæцытæм ис стыр фæлтæрддзинад. Консультациты руаджы æмæ нын сæ фæлтæрддзинад бацамонгæйæ махæн бакæндзысты стыр æххуыс. Музейон хъуыддаджы раззагон технологитæ æмæ ног методтæ хынцгæйæ, уæрæсейаг коллегæтимæ æнгом æмгуыстад кæнгæйæ, цыбыр рæстæгмæ нæ республикæйы Национ музейы куысты нæ къухты бафтдзысты хорз фæстиуджытæ. Уый æддейæ ма уыдон равдыстой сæ цымыдисдзинад Хуссар Ирыстонмæ æрцæуыны тыххæй дæр. Мах сын балæвар кодтам Хуссар Ирыстоны тыххæй чиныг, кæцы сæм сæвзæрын кодта уæлдай цымыдисдзинад.

Тынг ахсджиагыл нымайын нæ музейы кусджыты куысты цæттæдзинады æмвæзад. Сразыдзинады нысан у ацы ахсджиаг фарст дæр. Уæрæсейаг коллегæтæ сæ фæлтæрддзинад амондзысты сæ хуссарирыстойнаг коллегæтæн, иннæ ахæм нæ музейы кусджытæ квалификаци бæрзонддæргæнæн курсытæ цæудзысты Мæскуыйы. Ныфс мæ ис ацы фарст среализаци кæныны тыххæй нæ фарсмæ кæй балæудзæн РХИ-йы къухдариуæгад.

Мах стыр разæнгардимæ кусдзыстæм, цæмæй нæ музей нымад цæуа нæ республикæйы уæлдай ирддæр æмæ цымыдисондæр зонадон-ахуырадон уагдæттæй сæ иуыл. Тынг æхсызгонæй мæ фæнды банысан кæнын: абон Хуссар Ирыстонмæ чи æрцæуы, уый æнæмæнгæйдæр бацæуы нæ музеймæ, уымæн æмæ музей у нæ истори, культурæйы æмæ цымыдисон, алыгъуызон артефактты, национ цивилизаци æвдисæг уагдон. Уыдоны руаджы музеймæ бацæуæг уазджытæ базонгæ вæййынц Ирыстонимæ, нæ традицитæ æмæ не ‘гъдæуттимæ. Банысан кæнын мæ фæнды уый дæр, æмæ нырма нæ уыд афтæ æмæ музеймæ бацæуæг райгондæй ма раздæха. Нæ музейы ис тынг хорз куыстытæ хъæдæрмæгæй, афтæ ма диссаджы нывтæ дæр. Ахæм куыстытæ нæм абоны бон дæр æрбахæссынц.

Махмæ радтой фарст, зæгъгæ, кæм æвдыст цæуы уæ музейы абоны бон. Ныртæккæ куыст цæуы экспозици саразыныл, цыран æвдыст æрцæудзысты хуссарирыстойнаг адæмы геноцид æмæ 20 азы дæргъы гуырдзиаг-ирон ныхмæлæуды факттæ, афтæ ма ивгъуыд æнусы 20-æм азты трагикон æрмæджытæ дæр. Æппæт ацы æрмæджытæй арæзт æрцæудзæн иу экспозици. Сараздзыстæм геноциды хайад. Цæстуынгæ æрмæджытæ радтынæй нын ныфс бавæрдтой республикæйы Генералон прокуратурæ æмæ Мидхъуыддæгты министрад. Уыдонмæ тынг бирæ æрмæг ис æмæ сæ музеймæ ратдзысты æвæрынмæ.

Бузныг зæгъын мæ фæнды нæ цæгатирыстойнаг коллегæтæн, кæцытæ уæззау хæстон азты бахъахъхъæдтой Хуссар Ирыстоны музейы æрмæджыты, уæлдайдæр та – Тлийы зæппадзы æрмæджыты. Ахæм æрмæджытæ алкæцы музейы не сты. Уавæрæй спайда кæнгæйæ ма мæ бузныг зæгъын фæнды РХИ-йы къухдариуæгад æмæ Культурæйы министрадæн. Уыдон цыбыр рæстæгмæ сорганизаци кодтой Мæскуымæ нæ балц, уымæн та, мæнмæ гæсгæ, уыдзæн хорз фæстиуджытæ. Хъуыды кæнын афтæ, æмæ ног гæнæнтæ ахъаз фæуыдзысты æнтыстджын æмгуыстадæн, Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы ‘хсæн хæларадон ахастытæ сфидардæр кæнынæн», – радзырдта генералон директор.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.