РХИ-йы Паддзахадон æдасдзинады комитетæн цы оперативон, техникон æмæ æндæр фадæттæ ис, уыдоны фæрцы лæмбынæг йæ хъус дары Украинæйы хæстон архайдтыты Гуырдзыстоны æмбæстæгты, АИШ, Стырбритани æмæ НАТО-йы æндæр бæстæтæй хæстон æххуырстыты афтæхуыйнæг «Гуырдзиаг национ легион»-ы сконды хайадисты факттæм, афтæ ма террористон хæсты цахæм формæтæ æмæ методтæй пайда кæнынц, уымæ.

Бацамынд архайды рæстæджы комитеты къухы бафтыд информаци Украинæйы территорийыл, дзыллон куынæггæнæг хæцæнгарзæй спайда кæнгæйæ, провокаци сæххæст кæныны фæдыл АИШ-ы плæнтты тыххæй.

Сæрмагондæй, ис зонæнтæ АИШ æмæ Украинæйы специалон службæты фæндты тыххæй, чысыл гуырахсты ядерон хæстон зарядæй спайда кæнгæйæ, украинæйаг территорийыл егъаумасштабон провокаци сæххæст кæныны тыххæй, æмæ æрцæугæ фыдракæнды фæдыл бæрндзинад Уæрæсейы Федерацийыл сæвæргæйæ.

Хæстон æрмæг Ныгуылæн Украинæйы территоримæ æрбаластой АИШ-ы специалон службæты кусджытæ авиацион транспортыл конвенциалон (хуымæтæджы) хæцæнгарз ласыны хуызы.

РХИ-йы Паддзахадон æдасдзинады комитет æппæт хæларадон бæстæты спецслужбæ-ты, афтæ ма дунеон æхсæнады хъусдард дæр, здахы, цæмæй ма бауадзой Украинæйы америкæйаг сценаримæ гæсгæ цауты рæзт æмæ бацамынд паддзахады территорийы ма фестын кæной биологон æмæ ядерон хæцæнгарзæй спайда кæныны тæссагдзинадимæ æнæпрецендентон хæстон эксперименттæ æххæст кæныны бынат.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.