24-æм июны Хуссар Ирыстоны Паддзахадон архивы сырæзтыл сæххæст 90 азы. Паддзахадон архив йæ куыст райдыдта 1926 азы. Бирæ зындзинæдтæ æмæ проблемæтыл сæмбæлдысты архивы кусджытæ сæ рæзты фæндагыл. Абон архивон управлени у информацийы равзæрæн. Ам æфснайд сты æхсæнадон-политикон архайды уникалон æр-мæджытæ, историон цауты факттæ. Архивы кусджытæ сты ивгъуыды æфснайджытæ. Архивты нысаниуæг азæй-азмæ рæзы.

Ивгъуыд къуыри РХИ-йы Паддзахадон архивы кусджытæ цытджын æгъдауæй банысан кодтой сæ юбилейон бæрæгбон. Мадзалмæ æрбацыдысты куыд архивы ныры кусджытæ, афтæ архивон службæйы ветерантæ дæр. Юбилейон мадзалмæ æрбацыд РХИ-йы Хицауады Сæрдары хæдивæг Пухаты Эрик. Уый зæрдæбын арфæтæ ракодта Паддзахадон архивы кусджытæ æмæ ветерантæн йæхи æмæ Президент Тыбылты Леониды номæй. Цытджын мадзалы раныхас кодта Паддзахадон архивы директор Тадтаты Хетæг. Уый банысан кодта, зæгъгæ, растдæр 90 азы размæ 1926 азы 24-æм июны Хуссар Ирыстоны Централон æххæстгæнæн комитеты президиумы рабадты ист æрцыд уынаффæ областы рухсады Адæмон къамисариаты цур архив саразыны тыххæй æмæ йæ схуыдтой «Рухсады Адæмон къамисариаты цур Хуссар Ирыстоны сæйраг архив». Номхуындæй, 1926 азы 24-æм июнæй уæвынад кæнынц архивон уагдæттæ Хуссар Ирыстоны территорийыл.

Паддзахадон архивы бындурæвæрджытæ уыдысты Цоциты Николай æмæ Гаглойты Тото. Райдианы сæйраг архивы куыстой æрмæстдæр æртæ адæймаджы. Уыдоны ’хсæн нæ уыд иунæг зонадон кусæг кæнæ специалист дæр. Уыдонæн сæ сæйраг куыст уыд алыгъуызон уагдæттæ æмæ организацитæй документалон æрмæджытæ исын æмæ сæ архивы æфснайын. Областы архивон организаци йæ рæзты азты уыд цалдæр ведомствойы дæлбар. Æмæ æрмæстдæр 1931 азы 12-æм апрелы архив лæвæрд æрцыд Хуссар Ирыстоны бæстæзонæн зонад-иртасæн институты дæлбармæ æмæ хуыйнын райдыдта «Хуссар Ирыстоны бæстæзонæн зонад-иртасæн институты цур областон архив». 1936 азы та лæвæрд æрцыд Хуссар Ирыстоны централон æххæстгæнæн комитеты дæлбармæ. Ацы реорганизаци бирæбæрцæй фæуæрæхдæр кодта архивы бартæ, функцитæ æмæ хæстæ. Уыцы аз арæзт æрцыдысты районон паддзахадон архивон службæтæ. 1938 азы архивон управлени раконд æрцыд Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты Адæмон къамисариаты управленийы дæлбармæ. Уыцы азты сæ куыст фæактивондæр. 1960 азты Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты архивон хайад рацарæзт æрцыд Хуссар Ирыстоны Облæххæсткомы цур архивон хайадмæ. 1965 азмæ арæзт æрцыд паддзахадон архивты хызæг, йе сконды уыдысты паддзахадон архив, Дзауы, Знауыры, Ленингоры, Цхинвалы районон архивон цæгтæ. 1964 азы эксплуатацимæ лæвæрд æрцыд, бирæ рæстæджы кæмæ æнхъæлмæ кастысты, областон ар-хивы уыцы бæстыхай, кæцы арæзт æрцыд типон проектмæ гæсгæ.

2008 азы августы хæстон цауты фæстæ Хуссар Ирыстонæн æгæрон æххуыс бакодтой Уæрæсе æмæ УФ-йы субъекттæ. Хуссар Ирыстоны Архивы кусджытæн дæр стыр консультативон æмæ практикон æххуыс бакодтой сæ уæрæсейаг коллегæтæ. 2009 азы архивон хъуыддаджы фæдыл æппæтуæрæсейаг зонад-иртасæн институты сæйраг специалисттæ горæт Дзæуджыхъæуы ауагътой масштабон фадыгон семинар Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны архивты кусджытæн. 2009 азы декабры УФ-йы Федералон архивон агентад æмæ РХИ-йы архивон управленийы ’хсæн къухтæ фыст æрцыдысты æм-гуысткæнынады тыххæй Меморандумыл. Уæдæй фæстæмæ Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыс-тоны архивты кусджыты ’хсæн дарддæр кæнынц хъуыддагон æмæ хæларадон коллегиалон контакттæ, скъуыддзаг цæуынц цæугæ фарстытæ, уагъд цæуынц консультативон фембæлдтытæ.

Тадтаты Хетæг уæлдай бузныджы ныхæстæ загъта РЦИ-Аланийы Архивон службæйы къухдариуæггæнæг Нина Чиплаковайæн. Уый 2008 азы августы цауты фæстæ уайтагъд æрцыд Цхинвалмæ, цæмæй уыцы уæззау бонты балæууыдаид йæ хуссарирыстойнаг коллегæты фарсмæ. Номхуындæй, ацы сылгоймаг балæвар кодта фыццаг компьютер архивы кусджытæн.

Къухтæ цы Меморандумыл æрфыстой, уымæ гæсгæ Хуссар Ирыстоны архи-висттæ периодикон æгъдауæй ацæуынц Уæрæсемæ семинарты, квалификаци бæрзонддæргæнæн курсыты хайад райсынмæ.

Алкæцы æмбæстаг дæр хъуамæ æмбара, æнæ ивгъуыд фидæн кæй нæй, уый. Паддзахад, гæнæн ис, фесафа материалон æргъадтæ, фæлæ уыдонæн гæнæн ис ссарæн. Фæлæ нæй гæнæн чи фесæфа, уыцы архивон æрмæджытæ сæндидзын кæнын. Уымæ гæсгæ мах хъуамæ аудгæ ахаст дарæм архивон фонды документтæм. Скифтæ, Сæрмæттæ æмæ Аланты фæдонтæ — ирæттæн ис хъæздыг истори æмæ уыцы историон æрмæджытæ хъуамæ æфснайд цæуой цæсты гагуыйау. «Мах стыр оптимизмимæ кæсæм фидæнмæ æмæ нæ ныфс ис, Хуссар Ирыстоны архивон хъуыддаг дарддæр дæр кæй рæздзæн нырыккон стандарттæ æмæ норæмтæм гæсгæ. Нæ кусджытæ сæ уавæртæм гæсгæ бæрзонддæр кæндзысты сæ куысты æмвæзад, кæд нырма нæ куысты зындзинæдтыл æмбæлæм, уæд-дæр», — загъта организацийы директор.

Архивы сырæзты 90 азы цытæн мадзалы æрæмысдысты архивы фыццаг кусджыты нæмттæ. Иу уысм æмырæй алæугæйæ ссардтой сæ хистæр коллегæты нæмттæ, кæцытæ нал æрæййæфтой ацы юбилей. Архивы ветеранты номæй раныхас кодта æмæ йæ коллегæ-тæн раарфæ кодта Хæбæлаты Аслан. РХИ-йы Паддзахадон архивы сырæзты 90-азы цытæн РХИ-йы Президент Тыбылты Леонид архивон кусджыты иу къорды схорзæхджын кодта Кады грамотæтæ æмæ æндæр паддзахадон хорзæхтæй.

Паддзахадон архивы директор уæлдай бузныджы ныхæстæ загъта архивы раздæры кусджытæ Хæбæлаты Аслан, Зæгъойты Валентинæ, Кокойты Луизæ, Кокойты Зинаидæ, Æлборты Дзерассæ, Бигъуылаты Иринæ, Мæргъиты Луизæ, Плиты Зинаидæйæн бирæ азты цæсгом-джын куысты æмæ архивон хъуыддаджы рæзтмæ сæ сæрмагонд хайбавæрды тыххæй. Бирæ азты дæргъы архивы цæсгомджынæй кусынц Ростомова Джульеттæ, Сиукъаты Нателæ, Кæсæбиты Венерæ, Бигъаты Лейлæ, æмæ бирæ æндæртæ, кæцытæ сæ фæлтæрддзинад æнæвгъау амонынц се ’взонг коллегæтæн. Мах цæст дæр сын бауарздзæн бирæ азты æнæнизæй цы лæггад кæной хуссарирыстойнаг цæрджытæн, уый.

Джиоты Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.