15-æм марты уыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты æстæм сессийы æртыккаг рабадт. Уагъта йæ РХИ-йы Парламенты Сæрдар Гасситы Петр.

Закъондæттынад, закъондзинад æмæ бынæттон хæдразамынды фæдыл парламентон комитеты сæрдар Тедеты Нона æркæсынмæ рахаста РХИ-йы Уæлдæр тæрхондоны тæрхонгæнджыты бынæттæй Къæбысты Иннæ, Тыбылты Мзия, Хæбæлаты Эммæйы ссæрибар кæныны тыххæй Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты æрбавдыстытæ, афтæ ма «РХИ-йы тæрхонгæнджыты статусы тыххæй»  РХИ-йы Конституцийы 50-æм статьяйы 21-æм пункт æмæ 18-æм статьяйы 4-æм пунктмæ гæсгæ РХИ-йы уæлдæр Арбитражон тæрхондоны сæрдары хæдивæджы бынатæй Хуыбылты Екатеринæйы ссæрибар кæныны тыххæй дæр, РХИ-йы Уæлдæр тæрхондоны сæрдары æмæ РХИ-йы тæрхонгæнджыты квалификацион коллегийы æрбавдысты бындурыл. Хъæлæс дæттыны рæстæджы парламентаритæ æмхъæлæсæй сфидар кодтой Президенты æрбавдыстытæ.

Уымæй дарддæр ма Тедеты Нона Парламенты сессимæ æркæсынмæ рахаста Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлдæр тæрхондоны Президиумы сконд сфидар кæныны тыххæй фарст. 2018 азы 16-æм февралы Парламенты райсгæ «Республикæ Хуссар Ирыстоны уæлдæр тæрхондоны тыххæй» Конституцион закъоны 5-æм статьяйы 1-аг æмæ 2-аг хæйттæм гæсгæ,  РХИ-йы Уæлдæр тæрхондоны Президиум арæзт цæуы Уæлдæр тæрхондоны сæрдар, йæ хæдивджыты æмæ Уæлдæр тæрхондоны тæрхонгæджыты скондæй, йæ  нымæц  ын бæрæг кæны Парламент Уæлдæр тæрхондоны сæрдары æрбавдыстмæ гæсгæ. «Уый фæдыл Уæлдæр тæрхондоны президиумы сконд сфидар кæныны тыххæй æрбавдыст цæуынц Уæлдæр тæрхондоны сæрдар Коцты Олеся æмæ уæлдæр тæрхондоны тæрхонгæнджытæ Биазырты Ларисæ, Джиголаты Альберт, Гæджиты Нана, Джиоты Заринæ, Тъехты Димитри, Хацырты Виолеттæ æмæ Цхуырбаты Каринæ», – загъта докладгæнæг. Банысанчындæуыд, зæгъгæ, ацы фарстмæ æркастысты профилон комитеты æмæ РХИ-йы Парламенты Президиумы дæр. Ацы кандидатурæты депутаттæ сфидар кодтой æмхъæлæсæй.

Бюджет æмæ хъалонты фæдыл парламентон комитеты сæрдар Коцты Жаннæ æрбавдыста «2018 азæн РХИ-йы Паддзахадон бюджеты тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъонмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъоны проект.

Ацы фарсты фæдыл раныхас кодта РХИ-йы Финансты министр Хæбæлаты Азæ. «2018 азæн РХИ-йы Паддзахадон бюджеты тыххæй» РХИ-йы Закъонмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъоны проект бакуыстæуыд 2018 азæн РХИ-йы Паддзахадон бюджеты хардзон хайы корректировкæйы æнæмæнгхъæуындзинады бындурыл, фыццаг рады, Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн Сразыдзинад среализаци кæныны тых-хæй Республикæ Хуссар Ирыстоны мидхъуыддæгты органты материалон-техникон ифтонгад, республикæйы мидхъуыд-дæгты органты кусджыты æхцайы æмæ социалон гарантитæ этапгай фæбæрзонддæр кæныны фæдыл хæрдзты финанскæнынады тыххæй. Афтæ ма дзырд цæуы Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæейы Федерацийы ‘хсæн мидхъуыддæгты органты Иумиаг информацион-коорди-национ центр саразыны æмæ йæ архайды фæткы тыххæй. Иумиагæй Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон бюджеты хардзон хай хъуамæ фæфылдæр уа 53 милуан 738,48 мин сомы», – загъта Хæбæлаты Азæ.

Банысанчындæуыд, зæгъгæ, ма Закъоны проекты  хынцыд æрцы-дысты хæрдзтæ 21 милуан 603,22 мин сомы бæрц, «РХИ-йы чысыл амалиуæгады субъекттæн льготон кредиттæ дæттыны тыххæй» РХИ-йы Закъон йæ тыхы кæй бацыд, уымæ гæсгæ. Фæрæзтæ плангонд æрцыдысты РХИ-йы чысыл амалиуæгадæн льготон кредиттæ дæттыны æххуысы фондæн æхсæнбюджетон трансферты формæйы Хуссар Ирыстоны паддзахадон бюджеты сплангонд афæдзон хисæрмагонд æфтиæгты 2% бæрц. Уымæй дарддæр ма, хæрдзтæ фæфылдæр кæнын хынцыд цæуы æнæниздзинад хъахъхъæныны æмæ социалон политикæйы фадыджы дæр.

Ацы закъоны проекты фæдыл раныхас кæнгæйæ, профилон комитеты сæрдар Коцты Жаннæ бамбарын кодта, зæгъгæ, хъахъхъæд æрцыдысты æппæт процедурæтæ, кæцытæ æнæмæнгхъæуæг сты сессимæ йæ æркæсынмæ рахæссыны тыххæй. Закъоны проект депутаттæ райстой æмхъæлæсæй.

Уымæй дарддæр ма сессийы рабадты рæстæджы депутаттæ сфидар кодтой «РХИ-йы Парламенты Президиум сфидар кæныны тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Уынаффæ, кæцыйы фæстиуæгæн Президиумы скондмæ баконд æрцыдысты Нымайæн къамисы сæрдар Туаты Алан æмæ Парламенты мандатон къамисы сæрдар Тасойты Барис.

Хъуылымбегты Тъорезы майдан сфидар кæныны тыххæй фарст депутаттæм æркæсынмæ йæм рахаста РХИ-йы Парламенты Сæрдар Гасситы Петр. Куыд загъта, уымæ гæсгæ майдан у ведомствойон нысан æмæ дзы хорзæхджын цæудзысты РХИ-йы æмбæстæгтæй паддзахаддзинад æмæ конституцион арæзт сфидар кæнынмæ, парламентаризм æмæ демократимæ йе стыр сæрмагонд хайбавæрд чи бахаста, уыдон. Майданæй схорзæхджын кæныны тыххæй  РХИ-йы Парламенты Президиуммæ куырдиатимæ сæ бон у бахатын РХИ-йы Парламенты Сæрдар, Парламенты комитет, парламентон фракци æмæ депутатты къордæн. Уынаффæйы рæстæджы ист æрцыд уынаффæ, цæмæй фарст кæронмæ сфидар кæныны тыххæй хаст æрцæуа сессийы радон рабадтмæ æппæт фиппаинæгтæ æмæ фæндæттæ бахынцгæйæ.

Сессийы рабадты боны фæткы кæройнаг хайы депутатон корпус æркаст Уæрæсейы Федерацийы Федералон Æмбырды Федерацийы Советы Хъусынгæнинагмæ, «Донецкы æмæ Луганскы областты рæстæгмæ оккупацигонд территориты Украинæйы паддзахадон суверенитет сифтонг кæныны фæдыл паддзахадон политикæйы хицæндзинæдты тыххæй» Украинæйы закъон йæ тыхы кæй бацыд, уый фæдыл.

Хъусынгæнинаг парламентариты хъусдардмæ рахаста Парламенты Сæрдар Гасситы Петр. Уынаффæйы рæстæджы депутаттæ æппæрццаг аргъ скодтой Киевы хицауады архайдтытæн Донецкы æмæ Луганскы Адæмон Республикæты ныхмæ, афтæ ма Украинæйы уагъдцæуæг национализмы политикæйæн дæр.

Уынаффæйы фæстиуæгæн ист æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Уынаффæ. Уым, сæрмагондæй, дзырдæуы, зæгъгæ, бацамынд закъон æвдисы, официалон Киев кæй фæлвары йæхицæй бæрндзинад сисыныл Донецкы æмæ Луганскы гуманитарон æмæ социалон-экономикон уавæры фæстиуджыты тыххæй, афтæ ма æмбæстæгты ныхмæ гарзджын тыхтæй спайда кæныны фæдыл йæ архайдтытæ сраст кæныны тыххæй, кæцытæ не сразы сты 2014 азы Украинæйы паддзахадон фæфæлдæхт саразыны æвварс рахæцыныл.

Уынаффæйы ма банысанчындæуыд, зæгъгæ, Украинæйы райсгæ закъон иумиагæй у, Украинæ 2015 азы 12-æм февралы йæхимæ кæй райста, уыцы дунеон хæсты ныхмæ. Уæд  къухтæ фыст æрцыдысты Минскы бадзырдтæ сæххæст кæныны фæдыл мадзæлтты комплексыл æмæ хорзыл нымад æрцыдысты 2015 азы 17-æм февралы ИНО-йы Æдасдзинады Советы резолюцийæ. Хуссар Ирыстоны Парламент йæ Уынаффæйы æвзæрыл банымадта русофобийы æмæ Украинæйы территорийыл цæрæг национ къаддæр хаймæ ахасты политикæйы æмæ банысан кодтой, зæгъ-гæ, Украинæ йæхæдæг ссис,  украинæйаг хицауад бирæ азты дæргъы цы агрессивон паддзахадон политикæ уадзы, уый амæттаг.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламент ма хорзыл банымадта æмæ æххæстæй рахæцыд, Уæрæсейы Федерацийы Федералон Æмбырды Федерацийы Советы Хъусынгæнинаджы цы мадзæлттæ нысан æрцыдысты, уыдоны æвварс.

Сессийы куысты хайад райста РХИ-йы Финансты министр Хæбæлаты Азæ æмæ Парламенты РХИ-йы Хицауады æххæстбарджын минæвар Кокойты Зураб.

 

РХИ-йы Парламенты информацион-аналитикон управлени

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.