16 февралы уагъд æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты æстæм сессийы дыккаг рабдт.  Уагъта йæ РХИ-йы Парламенты Сæрдар Гасситы Петр.

Мандатон къамисы Сæрдар Тасойты Барис уынаффæ кæнынмæ рахаста депутаты ман-даттæ, РХИ-йы Республикон политикон партии «Иугонд Ирыстон»-ы æрбавдыст кандидатуратæ Гæбæраты Таймураз Павелы фырт æмæ Къасаты Ацæмæз Георгийы фыртæн радтыны тыххæй фарстатæ.

Депутаттæ æмхъæлæсæй сразы сты ацы фæндоныл.

Парламенты закъондæттынад, закъондзинад æмæ бынæттон хæдразамынды Комитеты Сæрдар Тедеты Нонæ уынаффæ кæнынмæ рахаста РХИ-йы Президенты бавдыст фæндæттæ Сæйраг Тæрхондоны Сæрдары хæдивæг Джиоты Виталий, Сæйраг Арбитражон тæрхондоны тæрхонгæнæг  Хъуылымбегты Азау, афтæ ма Ленингоры районы тæрхондоны тæрхонгæнæг Болататы Георгийы сæ куысты бынæттæй ссæрибар кæныны тыххæй, сæ бартæ кæй фесты, уымæ гæсгæ.

Президенты бавдыст фæн-дæттыл депутаттæ æмхъæлæсæй сразы сты.

Тедеты Нонæ ма уынаффæ кæнынмæ рахста РХИ-йы Президенты бавдыст фæндон РХИ-йы Конституцийы 50-æм статья 21-æм пунктмæ гæсгæ РХИ-йы Сæйраг тæрхондоны фыццаг скондмæ Бязырты Ларисæ, Мæргъиты Иринæ, Цхуырбаты Каринæ, Хацырты Виолеттæ æмæ Джиоты Заринæйы снысан кæныны тыххæй.

Куыд банысан чындæуыд, афтæмæй æппæт кандидатурæтæ дæр бавдыста РХИ-йы Тæрхонгæнджыты квалификацион коллеги.

Хъæлæс кæныны рæстæджы Сæйраг тæрхондоны тæрхонгæнджыты кандидатурæтæ фидаргонд æрцыдысты.

Сæйраг тæрхондоны Сæрдар Коцты Олеся бузныджы ныхæстæ загъта депутатон корпусæн, æмзæрдæйæ кæй сæвзæрстой æрбавдыст тæрхонгæнджыты кандидаурæтæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар Гасситы Петр дæр йæ рады раарфæ кодта тæрхонгæнджытæн.

Ацы Комитет ма бавдыста «Республикæ Хуссар Ирыстоны Сæйраг тæрхондоны тыххæй» РХИ-йы Конституцион закъоны проект.

«Ацы закъоны проект РХИ-йы Конституци æмæ «Республикæ Хуссар Ирыстоны тæрхондоны системæйы тыххæй» Конституцион закъонмæ гæсгæ бæлвырд кæны, РХИ-йы Сæйраг тæрхондоны сырæзты фæтк æмæ йæ архайд. РХИ-йы Сæйраг тæрхондоны Закъоны проекты фидар æрцыдысты РХИ-йы Сæйраг тæрхондоны сæйраг бартæ æмбæстагон хъуыддæгтæ, экономикон быцæутæ æмæ æндæр фарстатæ скъуыддзаг кæныны сæраппонд.

Ацы закъоны проектыл депутаттæ æмхъæлæсæй сразы сты, иу дзы фæхæцыд йæхиуыл.

Тедеты Нонæ ма уынаффæ кæнынмæ рахаста «Республикæ Хуссар Ирыстоны Сæйраг тæрхондоны цур Тæрхондонон департаменты тыххæй «Республикæ Хуссар Ирыстоны закъонмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъоны проект.

«Закъоны проекты нысангонд у департаменты архайд РХИ-йы Сæйраг тæрхондоны. Уыимæ иумæ департаменты паддзахадон орган æмæ РХИ-йы Сæйраг тæрхондон хъуамæ ифтонг кæной канд районты, горæты тæрхондоны органты æхсæнады нæ, фæлæ РХИ-йы ног Арбитражон тæрхондоны архайд дæр», – банысан кодта Коцты Олеся.

Профилон Комитет ма уынаффæ кæнынмæ рахаста «РХИ-йы районон (горæтон) тæрхонгæнджыты нымæц сфидар кæныны тыххæй» Закъоны   проект.

Тедеты Нонæ куыд банысан кодта, афтæмæй ацы закъоны проект райсыны æнæмæнгхъæуæгдзинад уый мидæг ис, цæмæй тæрхондонон системæ фæхуыздæр уа, тæрхонгæнджыты службæйон куыст фæткыл æвæрд æрцæуа.

«Хъæуы Ленингоры районы тæрхондоны тæрхонгæнджыты нымæц фæкъаддæр кæнын, кæцы конд у дыууæ тæрхонгæнæгæй æмæ уырдыгæй иу тæрхонгæнæджы штат рахæссын Цхинвалы горæтон тæрхондоны струкутрæ æмæ штатмæ», – банысан кодта Тедеты чызг.

Ацы закъоны проектыл депутаттæ æмхъæлæсæй сразы сты.

Тедеты Нонæ ма уынаффæ кæнымæ рахаста районон (горæтон) тæрхондæтты æмæ Арбитражон тæрхондоны аппараты кусджыты нымæц сфидар кæныны тыххæй фарстатæ, афтæ ма РХИ-йы Сæйраг тæрхондоны аппараты куысджыты нымæц сфидар кæныны тыххæй дæр.

Ацы фарстатыл РХИ-йы Парламенты депутаттæ æмхъæлæсæй сразы сты.

Экономикæйы, чысыл амалиуæгад æмæ хъæууон хæдзарады Комитеты Сæрдар Джиоты Инал уынаффæ кæнынмæ рахаста «Æнæзмæлгæ мулкы паддзахадон регистрации, уыимæ баст бадзырдтæ æмæ кадастрон хыгъды тыххæй» 2014 азы 28 февралы райст «РХИ-йы закъонмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» РХИ-йы закъоны проект. Уый банысан кодта, ацы закъоны проект кæй æрбавдыста РХИ-йы Хицауад. Ацы закъоны проектимæ ма ис æнæмæнгхъæуæг хъатдзæгтæ, афтæ ма финансон-экономикон хатдзæгтæ  дæр.

«Проект æхцайы хæрдзтæ нæ домы æмæ йын нæ бахъæудзæн РХИ-йы паддзахадон бюджетæй æхцайы фæрæзтæ рахицæн кæнын. Лæвæрд æрцыд æппæт Парламенты комитеттæм, уыдон та сæ рады загътой сæ фиппаинæгтæ æмæ фæндæттæ. Æппæт уыдæдтæм æркæсгæйæ закъоны проект хаст æрцыд РХИ-йы Парламенты сессийы рабадтмæ», – загъта Джиоты Инал.

Ацы Закъоны проект лæмбынæгдæр бамбарын кæныны тыххæй раныхс кодта Юстицийы министр Лалыты Залинæ.

«Æнæзмæлгæ мулкы паддзахадон регистрации, уыимæ баст бадзырдтæ æмæ кадастрон хыгъды тыххæй» РХИ-йы закъоныл бакуыстой уæрæсейаг æмæ хуссарирыстойнаг специалисттæ иумæ, РХИ-йы æнæзмæлгæ мулкы кадастры системæ саразын æмæ бартæ регистраци кæныны системæ аразыны фæлгæтты. Закъоны архайды рæстæджы бæлвырд æрцыдысты цухдзинæдтæ, æмæ уымæ гæсгæ закъонмæ хъæуы ивындзинæдтæ бахæссын», – загъта Лалыты чызг.

Уый ма банысан кодта, 2016 азы 1 апрелы онг цы документаци ис техникон инвентаризаци æмæ техникон хыгъды органты, уыдон лæвæрд кæй хъуамæ æрцæуой хыгъды æмæ регистрацийы органмæ. Уыимæ хыгъды æмæ регистрацийы органæн уыцы бартæ лæвæрд не ‘рцыдысты.

«Цæмæй хыгъды æмæ регистарцийы иумæйаг системæ саразæм, уый тыххæй проекты нысан æрцыд, зæгъгæ, ацы органмæ техникон инвентаризаци æмæ хыгъды органы цы документаци ис, уыдон лæвæрд куы æрцæуой, уæд хыгъды æмæ регистрацийы органмæ ахиздзæни техникон инвентаризацийы хæс дæр»,- загъта Лалыты чызг.

Депутат Плиты Алыксандр бацымыдис кодта, ацы закъоны проект Республикæйы кадастр фæхуыздæр кæндзæн æви нæ, зæгъгæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæххытæ лæвæрд цыдысты арендæйы алыхуызон арæзтадтæн, бæрæг нæу кæмæн æмæ цавæр уавæртæм гæсгæ.

Лалыты Залинæ банысан кодта, уыцы хæстæ кæй хъуамæ æххæст кæной районты æмæ горæты администрацитæ. Уыдон æххæст кæнынц зæххыл контроль æмæ зæххытæ хицæн кæныны хъуыддаг. Юстицийы министрад та, Арæзтадон кодексмæ гæсгæ, æнæзмæлгæ мулкы бартæ регистраци кæны.

Банысан чындæуыд, зæхх рахицæн кæныны тыххæй æмбæстæгтæн кæнæ юридикон гоймæгтæн Закъонмæ гæсгæ, паддзахадон мулкъы управленийы орган арвиты хыгъды æмæ регистрацийы органмæ куырдиат, лæвæрд чи цæуы, уыцы зæххы бартæй паддзахадон регистраци саразыны тыххæй. РХИ-йы алы административон-территориалон иуæджы уагæвæрдмæ гæсгæ зæххытæ радтыны фарст æххæст кæны паддзахадон хицауады бынæттон хæдразамынд. Уымæ гæсгæ зæххытæ дæттыны бар лæвæрд кæмæн ис, уыцы бынæттон хæдразамындæн ма   хъуамæ уа паддзахадон регистарцийы бартæ дæр. Уымæ гæсгæ, ивындзинæдтæ хъæуы бахæссын 44 статья æмæ 31 статьямæ.

Сæ цæстæнгас ацы фарсты фæдыл равдыстой депутаттæ Гасситы Петр, Бесаты Зитæ, Дьякъонты Амиран, Тедеты Руслан æмæ æндæртæ.

Æруынаффæ йыл кæныны фæстæ депуттатæ райстой закъоны проект.

Сессийы рабадты куысты хайад райста РХИ-йы Хицауады æххæстбарджын минæвар РХИ-йы Парламенты Кокойты Зураб.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты информацион-аналитикон службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.