18 апрелы уыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты æстæм сессийы фæндзæм рабадт. Рабадт уагътой РХИ-йы Парламенты Сæрдар Гасситы Петр æмæ Парламенты Сæрдары хæдивæг Тедеты Руслан.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты фæндонмæ гæсгæ сессийы рабадты уынаффæ цыд РХИ-йы Сæйраг Тæрхондоны Сæрдары хæдивæгæй Хацырты Виолеттæйы снысан кæныны, Чъыбылты Алан æмæ Плиты Аланы та РХИ-йы   Сæйраг Тæрхондоны тæрхонгæнджытæй снысан кæныны фарстатыл. Уымæй дарддæр парламентаритæ æркастысты Козаты Заринæйы Цхинвалы горæты тæрхондоны сæрдары бынатæй æмæ Собаты Григорийы та  Цхинвалы горæты тæрхонгæнæджы бынатæй ссæрибар кæныны  тыххæй паддзахады сæргълæууæджы раразмæгонд фарстатæм. Æркастæуыд æмæ горæт Цхинвалы тæрхондоны сæрдарæй фидар æрцыд Тыбылты Иналы кандидатурæ, Цхинвалы горæты тæрхонгæнджытæй та фидар æрцыдысты Мадинæ Брыкалова, Кокойты Оксанæ æмæ Сиукъаты Фатимæйы кандидатурæтæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Сæйраг Тæрхондоны Сæрдар Коцты Олеся куыд бамбарын кодта, афтæмæй профессионалон цæттæдзинады æмвæзадыл æмæ куысты стажыл куы дзурæм, уæд кæй кандидатурæтæ  æрбавдыстæуыд, уыдонæй алкæмæ дæр ис куысты æмбæлон фæлтæрддзинад. Уыдон рацыдысты квалификацион фæлварæн æмæ райстой хорз нысæнттæ.

Президент цы кандидатурæтæ æрбавдыста, уыдоныл æмхъæлæсæй сразы сты депутаттæ.

Сессийы рабадты уынаффæ цыд «Республикæ Хуссар Ирыстоны хыгъды фадыджы цæрæнуатон политикæйы æмæ цæрæнуат радтыны тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны закъоны проектмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны закъоны проектыл дæр.

Цхинвалы горæты администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг Джиоты Эндрикы ныхæстæм гæсгæ, ацы закъон æнæмæнгхъæуæг у уый тыххæй, цæмæй скъуыддзаг æрцæуа, 2008 азы хæстон архайдтыты рæстæджы кæй цæрæнуат ныппырх æмæ ногæй арæзт æрцыд, уыдоныл сæ  ныффыссыны проблемæ.

«Бирæуæладзыгон хæдзæрттæ ногæй арæзт куы æрцыдысты, уæд сæ фатерты фæзуат фæивта, уый фæстиуæгæн цæрæнуæтты хицæуттæн сæ бон нæу закъонмæ гæсгæ сæ фатертæ сæхиуыл ныффыссын, уымæн æмæ закъонмæ гæсгæ, цæрæнуаты хицауæн æрмæстдæр иу хатт у йæ бон йæ цæрæнуат сприватизаци кæнын, уый фæстиуæгæн цæрæнуаты хицау уыцы барæй раздæр кæй спайда кодта, уый тыххæй ацы закъонмæ бахæссын бахъуыд ивындзинæдтæ», – банысан кодта Джиоты Эндрик.

Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, закъон йæ тыхы куы бацæуа, уымæй 30 боны фæстæ цæрæнуаты хицæуттæн бар лæвæрд æрцæудзæн приватизацийы тыххæй. Ацы фарсты тыххæй сæ хъуыдытæ загътой Уалыты Розæ, Диакъонты Амиран, Джиоты Инал, Тадтаты Анатоли æмæ Харебаты Сергей.

Закъоны проект депутаттæ райстой æмхъæлæсæй.

Рабадты уынаффæ цыд «Республикæ Хуссар Ирыстоны чысыл амалиуæгады субъекттæн хатырон кредиттæ радтыны тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны закъоны проектыл, кæцыйы æрбавдыста Экономикæ, чысыл амалиуæгад æмæ хъæууон хæдзарады фæдыл парламентон комитет.

«Ацы закъон бацæттæгонд æрцыд 2016 азы кæрон, фæлæ йыл къухтæ æрфыстæуыд 2017 азы. Уый фæстæ Финансты министрад æмæ Юстицийы министрад ацы закъоны проекты фæдыл сæ фиппаинæгтæ кæй раразмæ кодтой, уый фæстиуæгæн арæзт æрцыд кусæгон къорд, кæцы ногæй бакуыста закъоны проектыл æмæ уый фæстæ æрцыдысты иу хатдзæгмæ, ома, ацы закъоны проекты хъæуы райсын, уымæн æмæ йæм æнхъæлмæ кæсынц адæм. Кредиттæ райсын кæй фæнды, уыдон тынг бирæ сты», – загъта Джиоты Инал.

Хъахъхъæнынады æмæ æдасдзинады фæдыл парламентон комитеты сæрдар Харебаты Сергей хъусдард аздæхта кредиттæ дæттыны æнæмбæрст æмæ вазыгджын схемæмæ.

«Цæмæн хъæуы адæймагæй исын æфтиæгты тыххæй бæрæггæнæнтæ, кæд æмæ кредит исыны рæстæджы уый ныууадзы йæ исад – хæдзар цъындыйы (залог). Йæ кредит куынæ бафида, уæд, закъонмæ гæсгæ, бангæн йæ бон у йæ хæдзар ын ауæй кæна æмæ уымæй бамбæрза йæ хæрдзтæ. О, фæлæ, цæмæдæр гæсгæ, кредит чи исы, уыцы адæймагæй бангтæ домынц уæлæмхас бæрæггæнæнтæ йе ‘фтиæгты тыххæй», – загъта Харебаты Сергей.

Депутат Плиты Александр дæр банысан кодта, зæгъгæ, кредиттæ дæттыны механизмыл рæстмæ нæ бакуыстæуыд. Уый ма йæ хъуыдытæ загъта закъоны проектмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй дæр, ома, цæмæн ист цæуы кредит дæттыны тыххæй закъон дæр, закъон æххæст куынæ цæуа, уæд.

Йæ рады Парламенты спикер  Гасситы Петр банысан кодта, зæгъгæ, кредиттæ лæвæрд хъуамæ цæуой фæхуымæтæгдæргонд схемæмæ гæсгæ.

«Кредиттæ чи райста, уыдон иууылдæр зонынц куыд зын у уыцы процедурæ, куыд зын ссарæн у бæрны бацæуæг (поручитель) адæймаг, – загъта спикер. – Мæнмæ гæсгæ, фæхуымæтæгдæр кæнын хъæуы амалиуæггæнджытæн хатырон кредиттæ дæттыны уавæртæ».

Уый фæндон бахаста, цæмæй закъон ист æрцæуа фыццаг бакасты фæстæ æмæ ногæй рахаст æрцæуа сессийы рабадтмæ.

Ацы фарсты тыххæй сæ хъуыдытæ загътой депутаттæ Коцты Жаннæ, Диакъонты Амиран æмæ Экономикон рæзты министры хæдивæг Козаты Роин.

Закъоны проект депутаттæ райстой фыццаг бакастæй.

Уыцы комитет ма уынаффæмæ рахаста «Æппæтиумиаг хъæууонхæдзарадон сфысты тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны закъоны проект.

«Ацы закъоны проект сарæзта Хуссар Ирыстоны Статистикон управлени йæ уæрæсейаг коллегæтимæ иумæ. Уынаффæ йыл цыд комитетты цымыдисгæнæг фæрсты хайадистæй. Йемæ ис æппæт хъæуæг документтæ дæр. Закъоны проект у æнæмæнгхъæуæг æмæ афойнадон æмæ йæ райсын хъæуы», – загъта Джиоты Инал.

Ацы закъон райсыны ахсджиагдзинад банысан кодта Хуссар Ирыстоны Статуправленийы сæргълæууæг Тыбылты Инал дæр.

«Аграрон паддзахад кæй стæм, уый тыххæй нæ хъæуы хъæууон хæдзарады райрæзын кæныны концепцийыл бакусын. Концепци бакусын тынг зын у æнæ ахæм информацийæ, кæцыйы райсæн ис хъæууонхæдзарадон сфысты æххуысæй», – загъта уый.

Закъоны проект  депутаттæ райстой æмхъæлæсæй.

Дарддæр профилон комитеты сæрдар Тедеты Нонна дæр уынаффæмæ æрбавдыста «Хосгæнæн препарат «Лирика» æмæ йæ аналогты, кæцыты сконды ис  «прегабалин», æнæзакъонæй республикæмæ æрбаласын, балхæнын, æфснайын, аразын, ласын æмæ сæ уæй кæнын, афтæ ма сæ æнæмедицинон æгъдауæй пайда кæныны фæстиуæгæн административон æмæ уголовон бæрндзинады тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны закъоны проект.

Уый куыд банысан кодта, афтæмæй закъоны проектыл бакуыстæуыд 2015 азы 10 июлы, Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламент цы закъон райста, уым нысанæрцæуæг архайд-тытæ саразыны тыххæй æфхæрд фæкарздæр кæныны фæлгæтты æмæ раразмæгонд æрцыд ног редакцийæ.

«Ацы закъоны проект здæхт у административонæй уголовонмæ – барадон фæзуатмæ хайгай рахизгæйæ  æфхæрд фæкарздæр кæнынмæ, уый фæахъаз уыдзæн конституцион нормæты реализацийæн, кæцытæ гаранти сты Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгты цард æмæ æнæниздзинад бахъахъхъæнынæн», – загъта Тедеты Нонна.

РХИ-йы Генералон прокурор Дзæгъиаты Уырызмæг  бахатыд парламентаритæм, цæ-мæй йæм ивындзинæдтæ хаст ма æрцæуой, æнæ медицинон нысанæн ацы препараттæ парахат кæныныл чи архайы, уыцы адæймæгты бафхæрд фæфæлмæндæр кæнæ фæлæмæгъдæр кæныны тыххæй», – загъта уый.

Депутат Гæбæраты Алан дызæрдыгдзинад равдыста закъоны проекты иуæй-иу пунктты тыххæй, кæцытæ, йæ хъуыдымæ гæсгæ, сты ацы препаратты парахатгæнджытæн сæхи сраст кæныны фæрæзтæ æмæ сæ, ома, уый фæстиуæгæн бынтондæр аппарын хъæуы.

РХИ-йы Парламенты Сæрдар Гасситы Петр  банысан кодта, зæгъгæ, препарат «Лирика»-йы æмæ йæ аналогты парахатгæнджытимæ барадхъахъхъæнæг органты кусджытæ арæхдæр фембæлынц скъолаты цур. Уыцы адæймæгтæ сæхи схъæздыг кæныны тыххæй куынæг кæнынц нæ сывæллæтты æмæ, зæгъгæ, æнæмæнгдæр æфхæрд фæкарздæр кæнын хъæуы, наркотиктæ чи уæй кæны, уыдоны ныхмæ, кæцытæ тох кæнынц паддзахады ныхмæ дæр, нæ сывæллæтты ныхмæ дæр æмæ æмбæстæгты ныхмæ дæр.

Ацы фарсты фæдыл сæ хъуыдытæ загътой  депутаттæ Харебаты Сергей, Къадзты Филипп, Плиты Агуындæ æмæ Сæйраг Тæрхондоны Сæрдар Коцты Олеся дæр. Уый фæстæ закъоны проект райст æрцыд æмхъæлæсæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны цæрджыты æмæ цæрæгойты æрранизæй бахизыны фæдыл 2015-2017 азтæн Паддзахадон комплексон нысанон программæйы тыххæй хыгъд уынаффæмæ рахаста Экономикæ, чысыл амалиуæгад æмæ хъæууон хæдзарады фæдыл парламентон комитеты сæрдар Джиоты Инал.

Ацы фарсты фæдыл депутаттæн информаци радта РХИ-йы фæлхасгæнджыты бартæ æмæ хæрзиуджытæ хъахъхъæныны къабазы хъусдарды фæдыл комитеты сæрдары хæдивæг Гаглойты Аннæ.

«Бирæ азты дæргъы Республикæ Хуссар Ирыстоны территорийыл æрранизы фæдыл эпидемиологон уавæр у мæгуырау. Уый та уымæй бæрæг у, æмæ фиппайдæуы, цæрæгойтæ кæуыл фæхæцынц, уыцы адæймæгты нымæц фылдæрæй фылдæр кæй кæны, уый. Программæйы нысан уыд æрранизы фæдыл эпидемиологон æмæ эпизоотикон уавæр фæхуыздæр кæнын, цæрæ-гойтæ кæуыл фæхæцыдысты æмæ медицинон æххуыс бакæныны тыххæй медицинон уагдæттæм чи бахатыдысты, уыдоны нымæц фæкъаддæр кæнын æмæ цæрæгойтæ кæуыл фæхæцыдысты, уыцы адæймæгтæн медицинон æххуысы гъæд фæхуыздæр кæнын», – загъта Гаглойты Аннæ.

Афтæ ма банысанчындæуыд, зæгъгæ, Программæйы реализацийы райдианæй нæ фæкъаддæр сты, цæрæгойтæ кæуыл фæ-хæцыдысты, йе ‘нæниздзинадæн кæмæн разианчындæуыд æмæ медицинон уагдæттæм чи бахатыдысты, уыцы адæймæгты нымæц. Уый та æвдисæн у  Программæйы реализацийы фæдыл æппæт бæрнон ведомствоты чысыл-эффективон куыстæн.

Уый ма депутатты базонгæ кодта дзæгъæл куыйты нымæц регуляцийы фæдыл архайдтыты фæстиуджытимæ, кæцы ауагътой горæт Цхинвалы  æмæ республикæйы районты администрацитæ. Иуæй-иу районтæ не ‘рбавдыстой куыйты марыны фæдыл сæххæстгонд куыстыты акттæ. Æрранизы ныхмæ куыйты æмæ гæдытæн профилактикон вакцинæтæ саразыны тыххæй хыгъдтæ æрбавдыстæуыд комитетмæ, фæлæ раст арæзт кæй не ‘рцыдысты, уымæ гæсгæ саразгæ вакцинæтæ хъæуы æнæэффективоныл банымайын. Програм-мæйы куысты райдианæй æрцыд æрмæстдæр дыууæ æвæрццаг ивындзинады: фæхуыздæр медицинон организациты иммунобиологон хосгæнæн препаратты ифтонгад æмæ фæ-бæрзонддæр ацы инфекцимæ ахасты цæр-джыты хъусдард», – бамбарын кодта Гаглойты Аннæ.

Ацы фарсты фæдыл раныхас кодтой депутаттæ Гасситы Петр, Цоциты Игорь, Уалыты Розæ, Бесаты Зитæ, Плиты Агуындæ, Къозонты Алан æмæ Диакъонты Амиран. Гасситы Петр фæндон  бахаста РХИ-йы Генералон прокуратурæйæн бахæс кæнын,   цæмæй сбæрæг кæна,  2015-2017 азтæн РХИ-йы цæрджыты æмæ цæрæгойты æрранизæй бахъахъхъæныны фæдыл Паддзахадон комплексон нысанон программæйæн рахицæнгонд нысанон финансон фæрæзтæ закъонмæ гæсгæ хардз æрцыдысты æви нæ, уый.

Парламентаритæ ацы Программæ сæххæст кæныны фæдыл куыст банымадтой æвзæрыл.

Национ политикæ, культурæ, ахуырад, зонад, дин æмæ дзыллон информацийы фæрæзты фæдыл парламентон комитеты сæрдар Гæбæраты Юри  депутатты размæ æркæсынмæ рахаста «Библиотекон хъуыддаджы тыххæй» РХИ-йы Закъоны проект. Уый куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ «Библиотекон хъуыддаджы тыххæй» Закъон ист æрцыд 2004 азы, фæлæ йæ райсыны рæстæгæй фæстæмæ æрцыд  ивындзинæдтæ, кæцытæ баст сты куыд библиотекæты архайды фадыг рауæрæхдæр кæнынимæ, афтæ къорд æндæр закъæтты райстимæ дæр. Уымæ гæсгæ, комитет бакуыста «Библиотекон хъуыддаджы тыххæй» ног закъон, кæцы йæ æркæндзæн фæстаг азты райсгæ закъæттæм гæсгæ. Аиуварс кæндзæн цухдзинæдтæ библиотекæйы архайд нормативон æгъдауæй бафидар кæныны æмæ  библиотекон хъуыддаджы цы уагæвæрд ис, уыдоны ‘хсæн. Закъоны проект ма карзæй регламент кæны сæ архайды нырыккон нымæцон технологитæй спайда кæныны фæдыл библиотекæты фадæттæн, цæмæй библиотекæты раз æрæвæргæ хæстæ  информаци æмæ культурон æргъадтæ иумиаг æнцонвадатдзинады уавæртæ аразыны рæстæджы исадон авторон барты хицæуттæн зиан æрхæссыны фадат ма уа. «Ацы проектыл уынаффæ цыд РХИ-йы Парламенты комитет æмæ Президиумы дæр. Проектимæ сты æппæт æнæмæнгхъæуæг экспертон хатдзæгтæ», – банысан кодта Гæбæраты Юри.

Закъоны проект депутаттæ райстой æмхъæлæсæй.

«Республикæ Хуссар Ирыстоны цæрæнуатон политикæйы хыгъды фадыджы æмæ цæрæнуат дæттыны тыххæй» РХИ-йы Закъоны 6-æм статьяйы 2-æм æмæ 5-æм хæйтты равзарыны тыххæй фарст уынаффæмæ рахаста Сæудæджерад, арæзтад, транспорт æмæ бастдзинады фæдыл парламентон комитеты сæрдар Тедеты Руслан. Йæ ныхæстæм гæсгæ «Республикæ Хуссар Ирыстоны цæрæнуатон политикæйы хыгъды фадыджы æмæ цæрджытæн цæрæнуат дæттыны тыххæй» РХИ-йы Закъоны 6-æм статьяйы 2-æм æмæ 5-æм хæйтты равзарыны æнæмæнгхъæуындзинад фæзынд, цæмæй барадон нормæтæй раст æмæ иугъуызонæй пайда цæуа. Цæрæнуаты хъуагдзинад æййафыны хуызы паддзахадон хицауиуæгады бынæттон органтæм хыгъды сæвæрыны куырдиæттимæ  чи бахаты, уыцы æмбæстæгты ‘рдыгæй фыдархайд ма æруадзыны нысæнттæн закъондæттæг бацамоны æмбæстаг йæ цæрæн бынаты регистраци кæй хъуамæ уа, уымæ. Уымæн æмæ ацы нормæ здæхт у цæрæнуат раст адих кæнын сифтонг кæнынмæ.

Ацы Закъоны 5-æм статьяйы 2-æм хаймæ гæсгæ, паддзахадон цæрæнуатон фондæй цæрæнуат райсыны бар ис РХИ-йы уыцы æмбæстæгтæн, кæцытæ цæрæнуаты хъуагдзинады хуызы хыгъды сæвæрыны тыххæй куырдиат бадæттыны размæ фæстаг фондз азы цæрынц Хуссар Ирыстоны æмæ уый фидаргонд хъуамæ уа æмбæстаджы цæрæн бынаты регистрацийæ. Ацы Закъоныл уынаффæ кæныны хайад райстой депутаттæ Бесаты Зитæ, Уалыты Розæ, Къацты Филипп, Тедеты Бахва æмæ Плиты Агуындæ   æмæ ист æрцыд депутатты фылдæр хъæлæстæй.

Парламенты рабадты куысты хайад райста Парламенты РХИ-йы Хицауады æххæстбарджын минæвар Кокойты Зураб.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.